Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 35. Нæ эрæйыл Чырыстийы ном цæмæн ис

Исты бæрæг цауæй, кæнæ исты хабар æрцæуыны бонæй рæстæг хынцын куы райдайынц, уæд фæдзурынц, зæгъгæ, райдыдта ног эрæ. Дзырдæн зæгъæм, чырыстон адæм нымайынц сæ эрæ «Чырыстийы райгуырды бонæй», пысылмон эрæ райдыдта, Мæхæмæт Меккæйæ Мединæмæ цы бон алыгъд, уыцы бонæй. Библийы нæй иу бæрæг эрæ: кæм нымайынц, дзуттæгты Египетæй цы бон фæсырдтой, уыцы бонæй, кæм та, Иерусалимы фыццаг аргъуан арæзт куы ’рцыд, уæдæй.

XVIII æнусы фæуды Францы фæуæлахиз буржуазон-демократон революци. Революцион хицауад скуынæг кодта бирæ зæронд æгъдæуттæ . Ивд æрцыд зæронд къæлиндар дæр. Революцион хицауад аппæрста чырыстон эрæ æмæ ногæй нымайын райдыдта, Францы паддзахы хицаудзинад цы бон скуынæг, уыцы бонæй. Уый уыди 1792 азы 22 сентябры. Францы республикæйы къæлиндары афæдзы райдайæныл нымад æрцыд 1 январь нæ, фæлæ 22 сентябрь. Мæйтæн дæр сæ нæмттæ раивтой, радтой сын азы афонтимæ баст чи у, ахæм нæмттæ:

фæззæг: вандемьер (сæнæфсиртонæн), брюмер (мигъы мæй), фример (сæлыны мæй)

зымæг: нивоз (миты мæй), плювиоз (къæвдайы мæй), вентоз (дымгæйы мæй)

уалдзæг: жерминаль (билцъкæныны мæй), флореаль (дидинæг æфтауыны мæй), прериаль (угæрдæнты мæй)

сæрд: мессидор (æфсиры мæй), термидор (тæвды мæй), фрюктидор (дыргъы мæй).

Революцион хицауад хъæрмудæй сæмбæлди ног къæлиндарыл. Йæ кадæн ын арæзтой карнавалтæ. Зæгъæм, Аррасы горæты иу ахæмы уынгтæм рацыдысты 20 мин адæймаджы. Æппæты разæй цыдысты 12 къорды фæйнæ 30 лæджы. Уый амыдта 12-мæйон афæдз, алы мæйы дæр 30 боны. Сæ фæстæ цыдысты фондз зæронд лæджы. Уыдон амыдтой,афæдзæй ма цы фондз боны баззади, уый. Æппæты фæстæ файтоны бадти, фистæгæй цæуын йæ бон кæмæн нал уыд, ахæм сæдæазыккон зæронд лæг. Уый та уыди даргъ азы фæстаг боны нысан. Зæрæдты фæстæ тыгуыртæ кодтой сабитæ. Рæстæг цæуы æмæ алцыдæр ивы, зæгъгæ.

Куыд уынæм, афтæмæй, эрæты райдайæн «уæларвæй» æрхаугæ хъуыддаг нæу. Алкæй дæр куыд фæндыди, афтæ нымадта эрæты райдайæн. Æдæппæт алыхуызон эрæтæ уыди 200-йæ фылдæр. Эрæйæн йæ райдайæны исты историон цау куы уа, мæнæ францаг къæлиндары куыд уыди афтæ, уæд ма уый зæрдæмæ цæуы, фæлæ хъыгаг уый у, æмæ ныртæккæ æппæт культурон бæстæтæ цы эрæйæ пайда кæнынц, уымæн йæ райдайæны ницы историон цау уыди. Цæвиттон, гъеныр у 1991 аз, æмæ йæ афтæ нымайынц, цыма 1991 азы размæ райгуырди Чырысти. Фæлæ Чырысти историон гоймаг нæ уыди, уый никуы царди зæххыл, никуы йæ ничи федта, хуыцауы куыд никуы ничи федта, афтæ. Чырысти у æрымысæггаг гоймаг, æмæ дины æндæр терминтæ куыд ницы удæгас уæвджытæ амонынц, афтæ уый дæр афтид дзырды йеддæмæ ницы у.

Æмæ нæ эрæ Чырыстийы ном цæмæн хæссы, кæд уый æцæг дæр историон гоймаг нæ уыди, уæд? Хъуыддаг æрцыди афтæ.

Хицæн паддзахæдты ’хсæн бастдзинад куы нæма уыди, уæд алы паддзахадæн дæр уыди йæхи эрæ. Эрæ-иу фылдæр хатт райдыдта, искæцы паддзах хицауиуæг кæнын цы бон байдыдта, уыцы бонæй. Фæлæ уыцы паддзах æнусмæ кæм цардаид, æмæ-иу йæ амæлæты фæстæ йæ бынатмæ чи бахызт, уый дæр та-иу райдыдта ног эрæ. Афтæмæй историон хъуыддæгтæм æркæсын æмæ уыдон раиртасын уыди тынг зын.

Ацы чиныджы арæх кæй кой ракæнæм, уыцы Птолемей сахуыр кодта бирæ историон документтæ æмæ уыцы документты бындурыл сарæзта «паддзæхты номхыгъд». Номхыгъды æппæты сæрæй сæвæрдта вавилонаг паддзах Набонассары. Афтæмæй Птолемей æрхъуыды кодта ног эрæ, кæцыйæн йæ райдайæн у, Набонассар паддзахиуæг кæнын куы байдыдта, уыцы азæй. Птолемейы номхыгъды цы паддзæхтæ уыд, уыдонæй уый алкæмæн дæр йæ ныхмæ æрфыста, паддзахиуæг дзы чи цал азы фæкодта, уый. Уыцы азтæ куы бахыгъта, уæд æм рауади 907 азы. Уæдæ Набонассар паддзахиуæг кæнын куы байдыдта, уæдæй Птолемейы дугмæ рацыди 907 азы. Набонассары эрæ æрфидар ис бирæ рæтты, айстой йæ ромаг историктæ дæр æмæ дзы пайда кодтой сæхи паддзæхты истори фысгæйæ. Набонассары эрæ рæзыди, уæдæ цы уыдаид. Эрæ райрæзти 1032 азы онг. Раст уыцы аз Халкедоны сакъадахыл ромы æфсад сæ сæргълæууæг Диоклетианы расидтысты империйы хицауæй. Уыцы аз та Набонассары эрæ ныууагътой æмæ райдыдтой нымайын ног эрæ — Диоклетианы эрæ. Уыцы эрæ райстой чырыстон адæм дæр, кæд Диоклетиан се ’фхæрæг уыди, уæддæр.

Чырыстон адæмы сæйраг бæрæгбон-куадзæн кæд уыдзæн, уый-иу рагагъоммæ рахынцын куы хъуыди, уæддæр-иу пайда кодтой Диоклетианы эрæйæ.

Астæуккаг æнусты сæвзæрди сæрмагонд наукæ, куадзæн кæцы аз цы бон æрцæудзæн, уый базоныны фæдыл, Уыцы наукæ (пасхали, зæгъгæ) тынг зын æмбарæн уыди. Дзæбæх æй чи зыдта, уыдон-иу цалдæр азæн рагацау рахынцыдтой куадзæны бæрæгбонтæ. Диоклетианы эрæйæн йæ 153 азæй 247 азмæ куадзæны бон кæд уыдзæн, уый бахыгъта александрийаг дины сæргълæууæг (патриарх) Кирилл. Æрлæууыд 248 аз. Хъуыди ногæй бахынцын, фидæны азты куадзæн кæцы бонты уыдзæн, уый. Уыцы куыст йæхимæ райста ромаг моладзан аббат Дионисий. Куадзæны бæрæгбонтæ нымайгæйæ, Дионисий хъуыды кодта афтæ. Диоклетиан уыди чырыстон адæмы знаг æмæ уыцы адæмы сæйраг бæрæгбон Диоклетианы эрæйæ нымад хъуамæ ма цæуа. Хуыздæр æмæ растдæр уаид, хъуыды кодта Дионисий, чырыстон адæм сæ истори нымайын куы райдаиккой Чырыстийы райгуырды бонæй. Æмæ куадзæны бонтæ рахынцгæйæ, Дионисий Диоклетианы эрæйæ 248 азы бæсты ныффыста Чырыстийы райгуырды 532 аз. Чырыстон адæм айстой Дионисийы æрымысгæ эрæ, сæ истори дзы нымайын байдыдтой æмæ ныр уыцы эрæ сæййæфта 1991 аз.

Цæмæй «базыдта» Дионисий, Чырысти кæд райгуырд, уый? Уый тыххæй Дионисий ницы ныффыста, стæй ныффыссын дæр йæ бон ницы уыд, уымæн æмæ йæ къухы ницы историон документ уыди. Ахъуыды-ма кæнут, цæмæй хъуамæ зыдтаид Дионисий, йæ дугæй 532 азы раздæр цы хъуыддаг æрцыди, уый, куы ницы историон документ æм уыдис, уæд. Алчидæр сразы уыдзæн, Чырыстийы райгуырды аз Дионисийы æрымысæггаг кæй у, ууыл.

Нæ эрæ Чырыстийы бæсты Дионисийы ном куы хæссид, уæд уый растдæр уаид, уымæн æмæ йæ Дионисий æрымысыд.

Чырыстон эрæ алы адæм уайтагъд нæ райстой. Фыццаджыдæр уый райстой чырыстон дины адæмтæ. Чи зоны æмæ уыцы эрæ чырыстон адæмы ’хсæн дæр не сфидар уыдаид-, куадзæны бæрæгбон уымæй нымад куы нæ уыдаид, уæд.

Астæуккаг æнусты бирæ алыхуызон эрæтæ фæзынди. Уыдонæй бирæтæн сæ райдайæн уыди «дунейы сæвзæрды бонæй».

XV æнусы кæрон Уæрæсейы афæдзы райдайæныл нымад уыди 1 мартъи. Афæдзтæ нымад цыдысты Чырыстийы райгуырдæй нæ, фæлæ «дуне цы бон сæвзæрди», уыцы бонæй. XV æнусы кæронæй 1700 азы онг Уæрæсейы къæлиндарон азы райдайæныл нымад уыди 1 сентябрь. 1700 азы Уæрæсейы Петр I фæндонæй ист æрцыд чырыстон эрæ, афæдзы райдайæныл та нымад æрцыд 1 январь.

Фæлæ уæддæр Дионисий цæмæн равзæрста нымæц 532? Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ 532 у 28 æмæ 19 бæрон 28X19=532. Цы миниуæг ис уыцы нымæцтæм? 28 азы фæстæ мæйы нымæцтæ æрцæудзысты, ацы аз цы бонты сты, уыцы бонты. Дзырдæн

зæгъæм, абон у æртыццæг, 1991 азы 9 январь. 1963 азы дæр 9 январы уыди æртыццæг æмæ та афтæ уыдзæни 2019 азы дæр. Ацы миниуæг хонынц «Хуры зылд».

19-мæ та уый миниуæг ис, æмæ 19 азы фæстæ мæйы фазæтæ æрцæудзысты, ацы аз цы нымæцты уыдысты, уыцы нымæцты. Зæгъæм, ацы аз (1991) мæйног цы нымæцты уа, уыцы нымæцты уыдзæн мæйног 2010 азы дæр. Юлийы къæлиндармæ гæсгæ куадзæн ацы аз цы нымæцы æрцыд, 532 азы размæ дæр уыди уыцы нымæцы.

Гъе, уымæ гæсгæ Дионисий равзæрста нымæц 532. Уый йеддæмæ Чырыстийы райгуырды бонæн Дионисий дæр махæй уæлдай ницы зыдта. «Дунейы сæвзæрыны бонæй» цы эрæтæ райдайынц, уыдон дæр æрымысгæ сты, уымæн æмæ уыцы эрæты автортæй иу дæр нæ зоны, дуне кæд равзæрдис, уый. Уырыссаг къæлиндармæ гæсгæ дунейы сæвзæрдæй Чырыстийы райгуырды онг рацыди 5509 азы. Дзуттæгты къæлиндармæ гæсгæ та дунейы сæвзæрдæй Чырыстийы райгуырды онг рацыди 3761 азы. Дзуттаг историк Иосиф Флавий зæгъы, зæгъгæ, дуне сæвзæрди Чырыстийы райгуырдæй 4163 азы раздæр. Ацы нымæцтæ се ’ппæт дæр мæнг сты, уымæн æмæ наукæ куыд бæлвырд кæны, афтæмæй зæххыл органикон цард куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ рацыд æппынкъадæр 3,5 миллиард азы.

Иу цалдæр ныхасы ирон къæлиндары тыххæй. Нæ фыдæлтæ суанг VI æнусæй фæстæмæ чырыстон диныл хæст уыдысты (Нæ рагон фыдæлтæ (скифтæ) Ромы империйы скæсæйнаг арæнтæм æввахс цардысты.). Уымæ гæсгæ ромаг къæлиндар æвæццæгæн сæ къухты раджы бафтыди. Фæлæ йæ кæд райстой, кæд базыдтой 12-мæйон афæдз, чырыстон эрæйы размæ сæм цавæр эрæ уыди, уыдæтты тыххæй нæм бæлвырдгæнæнтæ нæй.

Мæйтæн ромаг адæм цы нæмттæ радтой, уыдон æппæт дуне дæр айстой. Фæлæ уæддæр бирæ нацитæм баззадысты мæйты рагон нæмттæ. Уыцы нæмттæ æвдисынц нацийы царды уаг, йæ куысты афонтæ, йæ дины бæрæгбонтæ. Ирон адæм Январь хонынц Тъæнджы мæй, Февраль — Æртхъирæны мæй (Комахсæны мæй), Март — Мартъи (Комдарæны мæй), Апрель — Хуымгæнæны мæй, Май — Сыфтæры мæй (Зæрдæвæрæны мæй), Июнь — Хосгæрдæны мæй (Кæхцгæнæны мæй), Июль — Сусæны мæй (Хуымгæрдæны мæй), Август — Майрæмы мæй, Сентябрь — Ичъынайы мæй, Октябрь — Кæфты мæй, Ноябрь — Джеоргуыбайы мæй, Декабрь — Цыппурсы мæй (Нафы мæй). Мæйты нæмттæ цы амонынц, уый бæрæг у. Фæлæ дзы иуæй-иу дзырдтæ ныры дуджы арæх нал æмбæлынц. Январы уазалæй ихтæ къæс-къæс кæнынц, салд зæхх атоны æмæ дзы зæл айхъуысы. Фæдзурынц-иу зæхх тъæнг кæны. Афтæмæй Январы мæйыл Тъæнджы ном баззади. Æртхъирæны мæй куыд равзæрд, уый фæдыл ис иу легендæ. Кæддæр иу фыййау йæ зымæг аслам арвыста. Ницы хæрдзтæ йыл æрцыди. Зымæгмæ уæлæнгай цæстæй акасти, ницæмæ уал æй æрдардта. Февралæн уый хъыг уыди æмæ фыййаумæ бартхъирæн кодта. Мартъийæ æртæ боны æфстау ракуырдта, ахæм мит ныууарыди æмæ цъиу йæ чъылдымыл куы ’рхуыссыдаид, уæд йæ къæхтæ арвыл ныдзæвдаиккой. Фыййауыл стыр хæрдзтæ сбадти. Кæхцгæнæн мæйы сбуц кæнынц уыцы азы ноггуырд лæппуты. Сусæн амоны сæрды тæккæ тæвддæр рæстæг. Ичъынайы бæрæгбон фæаразынц, фос сæрдыгон хизæнтæй зымæгиуат кæнынмæ кæй раскъæрынц, уый фæдыл. Цæугæ дæтты кæф æппæтæй арæхдæр вæййы октябры. Цыппурс у Чырыстийы райгуырды бæрæгбон, арвитынц æй 25 декабры.

Афтæ у цыбырæй, мæйтыл цы нæмттæ баззади, уыдон мидис.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.