Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 34. Григорийы къæлиндар (ногнымад)

Юлийы къæлиндар афæдзы дæргъыл нымайы 365 боны æмæ 6 сахаты. Æцæгæй та тропикон афæдзы дæргъ у 365 боны 5 сахаты 48 минуты æмæ 46 секунды. Куыд уынæм, афтæмæй Юлийы къæлиндарон афæдз тропикон афæдзæй 11 минуты æмæ 14 секунды даргъдæр у. Цы расайы ахæм рæдыд? Дыууæ ахуыргæнинагæн иуæй дыууынмæ куы нымайын кæнæм, уæд нымæцтæ дзурынæн фылдæр рæстæг чи хардз кæна, ома дзырдтæ тынгдæр чи иваза, уый иннæмæй фæстæдæр баззайдзæн. Афтæ у Юлийы къæлиндары хъуыддаг дæр. Афæдзы дæргъ цы ’мбæлы, уымæй 11 минуты æмæ 14 секунды фылдæр райсгæйæ, уыцы къæлиндар 128 азы дæргъы фæстейы баззайы иу суткæ, 1280 азы та 10 суткæйы æмæ аф. д.

Юлийы къæлиндармæ гæсгæ абон исты бæрæгбон куы уа, уæд 1280 азы фæстæ уыцы бæрæгбон æрцæудзæн 10 боны фæстæдæр.

Чырыстон адæмы сæйраг бæрæгбон уыди куадзæн. Куадзæн уыди уалдзыгон бæрæгбон æмæ арæзт хъуамæ цыдаид уалдзæджы райдайæны. 325 азы чырыстон дины разамонджытæ æрæмбырд сты Никейы аргъуаны æмæ бауынаффæ кодтой, цæмæй куадзæны бæрæгбон арæзт цыдаид, уалдзæг фыццаг мæйзæронды хæдфæстæ цы хуыцаубон уыдаид, гъе уæд. Уыцы уынаффæйы растæджы уалдзæджы райдайæн æрцыди 21 мартъийы. 21 мартъийы фæстæ фыццаг хатт Мæй куы базæронд уыдаид, уæд уый фæстæ æввахсдæр хуыцаубоны хъуамæ уыдаид куадзæн. Ацы уынаффæ чи бакодта, уыдон афтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, уалдзыгон бонæмиасад (уалдзæджы райдайæн) алы хатт дæр 21 мартъийы цæудзæн. Уыдон уый нæ хъуыды кодтой Юлийы къæлиндары цы рæдыд ис (11 минуты æмæ 14 секунды), уый аххосæй къæлиндар фæстейы кæй зайдзæн. Дзырдæн зæгъæм, Юлийы къæлиндармæ гæсгæ ацы аз бонæмиасад æрцыд 21 мартъийы. 128 азы фæстæ бонæмиасад уыдзæн 20 мартъийы, мах та йæ уæддæр нымайдзыстæм 21 мартъийы.

256 азы фæстæ бонæмиасад уыдзæни 19 мартъийы, мах та йæ хондзыстæм 21 мартъийы. Афтæмæй алы 128 азы фæстæ бонæмиасад уыдзæн иу бон раздæр, 128 азы размæ цы бон уыди, уымæй. XVI æнусы уалдзыгон бонæмиасад рахæццæ ис 11 мартъимæ, Юлийы къæлиндармæ гæсгæ та йæ уæддæр нымадтой 21 мартъийы.

Афтæмæй XVI æнусы 20 мартъийы мæйзæронд куы ’рцыдаид, уæд уый фæстæ æввахсдæр хуыцаубоны хъуыди куадзæн аразын, уымæн æмæ уалдзæг æрлæууыди 11 мартъийы. Фæлæ дины кусджытæ афтæ нæ кодтой, уыдон æнæмæнг хъуыди, цæмæй мæйзæронд уыдаид 21 мартъийы фæстæ. Æмæ иугæр 20 мартъийы цы мæйзæронд уыди, уый ницæмæ æрдардтой, уæд иннæ мæйзæронд æрцыдаид æрмæст 18 апрелы. 18 апрелæй ма æввахсдæр хуыцаубонмæ дæр уыдаид ноджы иу-цалдæр боны. Афтæмæй-иу куадзæны бæрæгбон уалдзæджы бæсты арæзт æрцыд сæрды райдайæны.

Куадзæны бæрæгбон йæ афоныл арæзт кæй нæ дыди, уый стыр мæты бафтыдта чырыстон дины хицæутты,фæлæ исты сæрфат скæнын сæ къухты не ’фтыди. Аргъуаны хицæуттæ Никейы цы уынаффæ рахастой, уый аивын сæ бон нæ уыди. Уый бæсты дины хицæуттæ сфæнд кодтой къæлиндар фендæрхуызон кæнын.

Бæрæг уыди, Юлийы къæлиндар 10 боны фæраздæр кæнын кæй хъуыди, цæмæй та уалдзыгон бонæмиасад æрцыдаид 11 мартъийы нæ, фæлæ 21 мартъийы, ома 325 азы куыд уыди, афтæ. Дины хицæутты фæндыди ноджы, цæмæй фидæны ахæм рæдыд мауал æрцыдаид. Ацы дыууæ хъуыддаджы алыг кæныны тыххæй ромаг папæ Григорий XIII 1582 азы сæмбырд кодта сæрмагонд къамис. Къамисы уыдысты куыд дины кусджытæ, афтæ астрономтæ дæр. Къæлиндар фендæрхуызон кæнынæн къамисмæ цы бирæ проекттæ æрбацыд, уыдонæй æппæтæй хуыздæр разынд дохтыр Луиджи Лилиойы проект, æмæ къамис бауынаффæ кодта, цæмæй уыцы проектмæ гæсгæ Юлийы къæлиндар ивд æрцыдаид.

1582 азы Григорий XIII бардзырдмæ гæсгæ æппæт католикон бæстæтæ 4 октябры фæстæ æвиппайды ахызтысты 15 октябрмæ. Афтæмæй Юлийы къæлиндары уæды онг цы рæдыд уыди (10 боны), уый растгонд æрцыд æмæ къæлиндар фæраздæр ис 10 боны.

Цæмæй фидæны къæлиндар фæсте мауал баззадаид, уый тыххæй Лилиойы проект амыдта афтæ: 400 азы дæргъы Юлийы къæлиндар фæсте баззайы 3 суткæйы, æмæ уалдзыгон бонæмиасад æрцæуы 21 мартъийы нæ, фæлæ 18 мартъийы. Уымæ гæсгæ алы 400 азы дæр къæлиндар фæраздæр кæнын хъæуы 3 суткæйы. Юлийы къæлиндары алы цыппæрæм аз дæр нымад у даргъ азыл. Даргъ азтыл нымад сты сæдæйæм азтæ дæр. Лилиойы проект амыдта, цæмæй сæдæйæм азтæй даргъ азтыл нымад æрцыдаиккой, йæ сæдæты нымæц цыппарыл кæмæн дих кæны æнæбаззайæггагæй, æрмæстдæр уыдон. Дзырдæн зæгъæм, 1600 аз у даргъ азыл банымаинаг, уымæн æмæ дзы ис 16 сæдæйы, 16 та æнæбаззайæггагæй дих кæны цыппарыл. 1700 аз нæу даргъ азыл банымаинаг, уымæн æмæ йæ сæдæты нымæц цыппарыл нæ дих кæны.

Къæлиндары ног реформæ Григорий XIII бардзырдæй кæй райстой, уымæ гæсгæ ног къæлиндар схуыдтой Григорийы къæлиндар, æцæгæй та растдæр уыдаид Лилиойы къæлиндар æй куы схуыдтаиккой, уæд.

Ног къæлиндар алы бæстæтæ уайтагъд нæ райстой. Зæгъæм, Турчы паддзахад Григорийы къæлиндармæ рахызти æрмæст 1927 азы.

Паддзахы Уæрæсейы ног къæлиндармæ ахизыны фæндтæ бирæ уыди, фæлæ уыцы фæндтæ афтæмæй баззадысты. Цалдæр хатты æвзæрст æрцыдысты, ног къæлиндармæ ахизыны проект чи сарæзтаид, ахæм сæрмагонд къамистæ. Уыцы къамистæм æрбавдыстой бирæ дзæбæх проекттæ, Лилиойы проектæй ноджы хуыздæртæ, фæлæ дзы царды мидæг иу дæр уагъд не ’рцыд, уымæн æмæ дины хицæуттæ сæ бынатæй зын фенкъуысæн уыдысты, æнæ уыдон фæндонæй та паддзахы хицауад ницæуыл разы кодта.

Ног къæлиндармæ ахизыны сæрыл бирæ фæтох кодта стыр уырыссаг ахуыргонд Д. И. Менделеев (1834—1907). Стыр зонды хицау уыд Менделеев. Канд къæлиндар нæ, фæлæ йæ заманы Уæрæсейы цыдæриддæр прогрессивон хъуыддæгтæ рæзти, уыдон сæрыл Менделеев тох кодта æнувыдæй. Ног къæлиндармæ ахизыны хъуыддагæн дины хицæуттæ йæ разы æвæрдтой цæлхдурæ, нæ куадзæн, дам, «дзуттæгты куадзæнимæ иумæ куы ’рцæуа», уымæй тæрсгæйæ. Менделеев хорз æмбæрста, дины хицæуттæ ног къæлиндар кæй нæ райсдзысты, уый. Уымæ гæсгæ уый домдта, цæмæй ног къæлиндар райстаиккой адæмон цард æмæ наукон хъуыддæгтæ рæстмæ кæнынæн, дины хицæуттæ та сæ куыст кодтаиккой, цавæр сæ фæндыд, ахæм къæлиндармæ гæсгæ. Иу цыбыр дзырдæй, Менделеев домдта, цæмæй аргъуан паддзахадæй хицæнгонд æрцыдаид.

Ног къæлиндармæ ахизыныл бирæ фæтох кодтой стыр уырыссаг фыссæг Лев Толстой (1828—1910) æмæ номдзыд математик А. А. Марков (1856—1922).

Уæрæсейы наукæты Академийы, ног къæлиндармæ ахизыны проект саразыны тыххæй, 1899 азы цы къамис равзæрстой, уый «факуыста» 1917 азмæ, фæлæ аразгæ ницы скодта. 1907 азæй 1911 азмæ къамис иу хатт дæр никуы æрæмбырд ис. Уыцы рæстæгмæ Юлийы къæлиндар фæсте баззад 13 боны, уымæн æмæ 1700, 1800, 1900 азтæ Григорийы къæлиндары даргъ азтыл нымад нæ уыдысты, Уæрæсе та Юлийы къæлиндарæй кæй куыста, уымæ гæсгæ сæ банымадта даргъ азтыл. Афтæмæй 1582 азы онг цы 10 боны рæдыд æрæмбырд Юлийы къæлиндары, уыдонмæ ныр ноджы бафтыд 3 боны æмæ сæ рауад 13 боны. Афтæ ахаста хъуыддаг Октябры революцийы онг.

1918 азы 25 январы Ленины фæндонæй Советон Республикæ рахызт Григорийы къæлиндармæ. 31 январы фæстæ 1 февралы бæсты мах æвиппайды нымайын райдыдтам 14 февралæй. Гъе, уыцы бонæй фæстæмæ фæзындысты «ног» æмæ «зæронд» нымад.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.