Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай
— Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.
Сиукъаты Никъала
Дун-дуне нæ алфæмблай
§ 27. Хурон рæстæг
Стъалыты бæсты ныр та нæ цæст фæдарæм, Хуры центр арвыл куыд зилдух кæны, уымæ. Дзырдæн зæгъæм, абон Хур æмæ искæцы стъалы меридианыл ахызтысты иу рæстæджы, ома сæ дыууæ дæр сты уæллаг кульминацийы. Райсом та стъалы меридианыл куы фæцæйхиза (уæллаг кульминацийы та куы уа), уæд ма Хуры центр уыдзæни скæсæны ’рдыгæй. Стъалыйы кульминацийы моментæй 3 минуты æмæ 56 секунды куы ’рацæуа, уæд та Хуры центр дæр ахиздзæн меридианыл. Хуры центры иу уæллаг кульминацийæ иннæ уæллаг кульминацимæ цы рæстæг рацæуы, уый хонынц æцæг хурон суткæ. Афтæмæй æцæг хурон суткæ стъалыйон суткæйæ у 3 минуты æмæ 56 секунды. даргъдæр. Ацы фæзынд у Хуры афæдзон змæлды аххос. Арвы тымбылæг суткæйы дæргъы иу зылд æркæны йæ сæмæны алыварс скæсæнæй ныгуылæны ’рдæм.
Хур та зилы эклиптикæйыл ныгуылæнæй скæсæны ’рдæм æмæ алы суткæ дæр ацæуы рæстæмбис нымадæй иу градусы бæрц. Уымæ гæсгæ абон Хуримæ меридианыл цы стъалы рахызти, уый райсом меридианы куы уа, уæд ма Хуры хъæудзæни меридианмæ 1°. Уыцы 1° ацæуынæн Хуры бахъæудзæн 3 минуты æмæ 56 секунды.
Хъуыддаг афтæ куы уаид, æмæ Хур алы бон дæр меридианмæ 3 минуты æмæ 56 секунды куы ’рæджы кæнид, уæд æцæг хурон суткæ алы хатт дæр уаид æмдæргъæн, æмæ йæ равзариккам рæстæджы иуæгæн. Фæлæ Хур эклиптикæйыл æмбæрцонæй не змæлы, фæззæг æмæ зымæг уый тагъддæр змæлы, уалдзæг æмæ сæрд та сындæгдæр. Уый руаджы æцæг хурон суткæ алы хатт æмдæргъæн нæ вæййы: сæрд хуры дыууæ кульминацийы ’хсæн рацæуы цыбырдæр рæстæг, зымæг та фылдæр рæстæг. Æцæг хурон рæстæгмæ гæсгæ чи кусы, ахæм сахат нæй, уымæн æмæ уый алы хатт йæ цыды тагъдад ивгæ хъуамæ кæнид. Адæм сæ царды цы сахæттæй пайда кæнынц, уыдон кусынц хуры рæстæмбис змæлдмæ гæсгæ.
§ 28. Рæстæмбис хурон рæстæг
Æцæг хурон суткæ йæ дæргъ æдзухдæр ивгæ кæй кæны, уымæ гæсгæ рæстæджы иуæгæн нæ бæззы. Рæстæджы иуæг равзарынæн астрономтæ æрхъуыды кодтой «рæстæмбис хур». «Рæстæмбис хур» æцæгæй нæй арЬыл, уый æрымысыдысты рæстæджы хынцынад фенцондæр кæнынæн. Астроном алы хатт дæр æнхъæл у, цыма арвыл ис дыууæ хуры: æцæг Хур æмæ «рæстæмбис хур». Æцæг хур змæлы эклиптикæйыл æмæ йе змæлд у æнæмбæрцон. Рæстæмбис хур змæлы æрвон экваторыл, йæ тагъдад нæ ивгæйæ. Рæстæмбис хуры центры иу уæллаг кульминацийæ иннæ уæллаг кульминацимæ цы рæстæг рацæуы, уый хонынц рæстæмбис хурон суткæ.
Рæстæмбис хур меридианмæ алы бон дæр байрæджы кæны 3 минуты æмæ 56 секунды. Рæстæмбис хур меридианыл куы фæцæйхизы, уæд æцæг Хур та вæййы куы йæ разæй, куы та йæ фæстæ, азы афон кæцы уа, уымæ гæсгæ. Фæлæ уæддæр æцæг хурон рæстæг æмæ рæстæмбис хурон рæстæджы ’хсæн хъауджыдæрад 17 минутæй фылдæр никуы рауайы. Афæдз цыппар хатты: 15 апрелы, 14 июны, 1 сентябры æмæ 24 декабры рæстæмбис хур æмæ æцæг Хур меридианыл ахизынц иу рæстæджы.