Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§17. Стъалыты скаст æмæ аныгуылд

Цæгаты полюсмæ æввахс чи цæры, уыдонæн Полярон стъалы вæййы сæ горизонты сæрмæ бæрзонд. Зæххы экватормæ чи куыд æввахсдæр цæры, афтæ сæм Полярон стъалы ныллæгдæр зыны. Хуссар æрдæгтымбылæджы цæрджытæ Полярон стъалы æппындæр никуы фенынц.

Ис ахæм стъалытæ, ныгулгæ чи нæ кæны. Уыдон æппынæдзух вæййынц нæ горизонты сæрмæ. Уыцы стъалытæ æнцон базонæн сты. Рацæут-иу ирд æхсæв хибар ранмæ æмæ уал ссарут Полярон стъалы. Уый фæстæ. Полярон стъалыйæ цæгаты стъæлфмæ цы дарддзæг ис, уый райсут радиусæн æмæ дзы уæхинымæр Полярон стъалыйы алыварс зиллакк æрфыссут. Уыцы зиллаччы цы стъалытæ фæуа, уыдон æхсæв дæр æмæ бон дæр уыдзысты нæ горизонты сæрмæ. Фæлæ мах никуы фендзыстæм, дунейы хуссары полюсы алыварс цы стъалытæ ис, уыдон. Уыцы ’нæзынгæ стъалыты зиллакк дæр у, ныгуылгæ чи нæ кæны, уыцы стъалыты зиллаччы йас. Арвы хуссар æрдæгтымбылæджы стъалытæ махмæ кæнæ æппындæр нæ зынынц, кæннод та суткæйæн йæ фылдæр хай вæййынц нæ горизонты бын.

Горизонты бынæй цы стъалытæ скæсы æмæ аныгуылы, уыдонæн мах фенæм æрмæст сæ уæллаг кульминаци, сæ бинаг кульминаци вæййы горизонты бын.

Равзарæм æртæ цæстдарæджы æмæ сæ иуы бауромæм Зæххы цæгат полюсы, иннæйы экваторыл æмæ æртыккаджы та — полюсæй экваторы ’хсæн. Экваторыл цы цæстдарæг уа, уымæн Полярон стъалы (кæнæ растдæр — цæгаты дунейон полюс) уыдзæн тæккæ горизонты хаххыл, цæгаты стъæлфы, хуссары дунейон полюс дæр ын уыдзæн горизонты хаххы уæлæ, хуссары стъæлфы. Æрвон экватор цæудзæн цæстдарæгæн йæ тæккæ сæрты — зенитыл. Стъалыты суткæйон фæндæгтæ горизонтмæ уыдзысты æмуырдыг, горизонты хахх сæ лыг кæндзæн сæ тæккæ æмбисыл (22-æм ныв). Стъалытæ 12 сахаты вæййынц горизонты сæрмæ, 12 сахаты та горизонты бын. Экваторыл æхсæв æмæ бон кæддæриддæр æмиæстæ сты. Зæххы цæгаты полюсы цы цæстдарæг уа, уымæ ацы ныв фæзындзæни бынтон æндæрхуызон, уымæн цæгаты дунейон полюс уыдзæн йæ зенит.

Æрвон экватор уыдзæн йæ горизонты хахх. Стъалыты суткæйон фæндæгтæ уыдзысты горизонтмæ параллелон, уым стъалытæ никуы скæсынц æмæ никуы аныгуылынц, уыдон æдзухдæр вæййынц горизонты сæрмæ æмæ сæ бæрзæнд нæ ивынц (23-æм ныв). Хуссары æрдæгтымбылæджы цы стъалытæ ис, уыдон æм æппындæр никуы фæзынынц.

Цæгаты полюс æмæ экваторы ’хсæн цæрæм мах дæр. Куыд зынынц махмæ та стъалыты суткæйон фæндæгтæ? Æрвон экваторæн йæ иу хай вæййы нæ горизонты сæрмæ, фæлæ зениты бæрзæнды не ’ййафы. Махмæ стъалытæ ссæуынц арвыл къулаив, цыма хуссары ’рдæм цæуынц, афтæ. Ныгуылыны рæстæджы дæр стъалытæ ныххизынц горизонты бынмæ къулаив, цыма цæгаты ’рдæм тырнынц, афтæ (24-æм ныв). Ацы ныв æнцон фенæн у, зымæгон бон хурмæ кæсгæйæ.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.