Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай
— Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.
Сиукъаты Никъала
Дун-дуне нæ алфæмблай
Æртыккаг сæр. АРВЫ ТЫМБЫЛÆГ
§ 14. Горизонт. Арв
Райдзаст бон быдыры фæйнæрдæм фæлгæсгæйæ, махмæ афтæ фæзыны, цыма бæстæ у мусау тымбыл, æмæ мах та йæ астæу лæууæм. Дард кæмдæр та цыма арв æмæ Зæхх баиу сты. Бабæрæг кæнæм уыцы бынат. Куыд æнхъæлут, цы фениккам, уыцы бынатмæ куы ацæуиккам, уæд? Зæххы кæронмæ бахæццæ уаиккам? Нæ! Уым дæр та нæхи æнкъариккам зиллаччы астæу, арв æмæ Зæхх ныр та æндæр ран зыниккой иугондæй. Арв æмæ Зæхх кæрæдзиимæ цы хаххыл «иу кæнынц», уыцы хахх мах фæхонæм уынгæ горизонты хахх. Тыгъд быдыры æмæ денджызы уæвгæйæ, горизонты хахх зыны зиллаччы хуызæн. (19-æм ныв). Горизонт грекъаг дзырд у, иронау амоны арæн. Горизонты хаххмæ мах никуы бахæццæ уыдзыстæм, уымæн æмæ æцæгæй арв Зæххимæ никуы иу кæны.
Арвы кой мах арæх ракæнæм, фæлæ арв цы хонæм, уый тыххæй ам ницыма загътам. Раджы заманы адæм афтæ æнхъæлдтой, цыма арв конд у хъæбæр буарæй æмæ къусау дæлгоммæ фæлдæхт у Зæххыл.
Æцæгæй ахæм хъæбæр арв нæй. Боныгон цъæх-цъæхид кæхцы хуызы цы уынæм, уый у атмосферæ. Атмосферæ арæзы доны æртæхтæй æмæ алыхуызон газтæй. Бирæ фабрикæтæ æмæ заводтæ кæм ис, уым атмосферæмæ æфтынц рыг, фæздæг æмæ алыхуызон газтæ. Уымæ гæсгæ ахæм горæтты сæрмæ уæлдæф вæййы фæлурс.
Сымахæй алчидæр федтаид, фæскъæвда арв куыд цъæх-цъæхидæй ферттивы, уый. Уый уымæн афтæ у, æмæ уæлдæфы цы рыг æмæ бырон вæййы, уыдон къæвда æрыхсы æмæ ма баззайынц æрмæст сыгъдæг уæлдæфы хайыгтæ.
Рухсы тын конд у авд хицæн хуызæй: сырх, оранжхуыз, бур, кæрдæгхуыз, арвхуыз, копрадзхуыз æмæ фиолетон. Ацы авд хуызæй сыгъдæг уæлдæфы хæйттæ æхсæз баныхъуырынц, арвхуыз тынты та кæнынц пырх. Буар нæм кæддæриддæр фæзыны, цы тынтæ апырх кæны, уыдон хуызæн.
Алчидæр зоны, мигътæ доны лыстæг æртæхтæй конд кæй сты. Уыцы лыстæг æртæхтыл хуры тын куы сæмбæлы, уæд ын йæ авд хуызæй æхсæз баныхъуырынц, сырх тынты та апырх кæнынц, æмæ нæм уымæ гæсгæ горизонты сæрмæ мигътæ фæзынынц сырхид хуызы. Нæ алыварс атмосферæ куы нæ уаид, уæд арв зынид сау хъæдабæйы хуызæнæй æмæ стъалыты боныгон дæр уыниккам.
Æрвон буæрттæй нæм æввахс æмæ дард чи у, уый хуымæтæджы цæстæй нæ бон рахатын нæу æмæ уымæ гæсгæ сеппæты дæр æнхъæлæм æмхуызон дард. Афтæ нæм зыны, цыма Хур, Мæй æмæ стъалытæ фидаргонд сты арвы «мидæггаг къултыл».