Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Чиныджы цъæр

Мамсыраты Таймураз

ДÆ МÆСЫГ САМАЙ

БИНОНТÆ

Рагфыдæлтæ дзырдтой, нæлгоймаг, дам, хъуамæ сараза хæдзар, ныссадза бæлас æмæ схъомыл кæна фырт.

Ацы ныхæстæ раст кæй сты, ууыл хъуамæ мах демæ сразы уæм æмæ бацархайæм нæ хæс кадимæ сæххæст кæныныл.

*

Дæ ныййарджытыл сæ амарды фæстæ цæссыджы зæйтæ калынæй хуыздæр у сæ удæгасæй сæм мидбылты худын.

*

Зæрæдтæн аргъ кæм нæ кæнынц, стæй æрыгæтты кæм нæ уарзынц, уыцы æхсæнадтæ иухуызон сахъат сты.

*

Дæхи хиз, йæ ныййарджытыл чи нæ ауды, ахæм адæмæй, уымæн æмæ уыдон цыфæнды ардбахæрд дæр фехалдзысты, гадзрахатæй дыл рацæудзысты зындзинады рæстæг.

*

Ныййарджытæ арæхдæр вæййынц фæлмæнзæрдæ æмæ аудаг. Ахæм ныййарджытæй арфæйаг уæвын хæрз æнцон у, æмæ дæ хæс у аккаг кад æмæ сын цыт кæнын.

*

Ис, уæззау зæрдæйы уаг кæмæн ис, хъуырхъуыргæнаг æмæ къæмагур чи у, ахæм ныййарджытæ, куыдфæстæмæ та тæргайгæнагдæр свæййынц. Хатгай иннæтæн хъаст кæнынц, æбузн æмæ æвзæр фырт дæ, зæгъгæ. Фæлæ уæддæр дæ хæс у æрвылбон дæр лæгъз æмæ æнæмастæй дæ ныййарджытыл аудын, сæ фæстаг сулæфты онг сæ уарзын æмæ сын кад кæнын, уымæн æмæ дæ ницы дарынц, сæ уæззау зæрдæйы уаг та у дæ хуыздæр миниуджытæн фæлварæн. Дæ зæрдæ сыл худдзæн, Дунескæнæджы фæрсдзынæ, ахæм æнаххос æфхæрды аккаг цæмæн дæн, зæгъгæ. Дæ уды æмæ буары тыхтæ бынтон зын уавæрмæ æрцæудзысты. Фæлæ дæуæй цы аразгæ у, уый æнæ хъæр, æнæ хъуыр-хъуырæй кæн. Бацархай, цæмæй афтæ бакæной бинонтæ се ’ппæт дæр. Уæлдайдæр — дæ бинойнаг, кæд, фынгмæ хæларзæрдæйæ цы хæринаг æрбахæссы, уый зæхмæ фехсынц, уæддæр.

*

Цалынмæ дæ ныййарджытæ цардæгас сты, уæдмæ бастдзинад дар сæ хæлæрттимæ, сæ амæлæты фæстæ та — сæ цотимæ. Дæ ныййарджытæ кæй уарзтой, уыдонимæ фидардæр кæн хæлардзинады тæгтæ, дæ къух ма сис, хистæртæ цы хорз хæлардзинады бастдзинад сарæзтой, ууыл.

*

Бинонтæ сты дæ фыццаг Райгуырæн бæстæ. Уымæ гæсгæ сын зон аргъ кæнын, уарзын æмæ хи къона аразын — адæймагæн йæ зæххон царды æнæмæнгхъæугæ чи у, уыцы сæрибарады æмæ æфсармы, удыхъæды тыхты æнусон бындуры фыццаджы-фыццагдæр ахстон.

*

Сывæллæтты цур дæхи дарын зон. Сæ цуры ма дым, расыг ма у, ма ’вдис, æвзæр равг дæм кæй ис, уый.

*

Дæ зæрдыл дар, сывæллонæн æппæты æнаипдæр нæлгоймаг йæ фыд кæй у, уый.

*

Сабитæн сæ фыццаг æхсæнад сты бинонтæ. Мæргътæ сæ лæппынтæн хæринаг сæ бырынчъытæй дæттынц, фæлæ сæ тæхын ахуыр дæр кæнынц. Хæстæгдæр у дæ сабитæм. Сæ кар æмæ сын сæ зонындзинæдтæм гæсгæ семæ хъаз. Архай, цæмæй дæ коммæ кæсой нæмыны тасæй нæ, фæлæ дын аргъ кæнгæйæ. Тарсты бындурыл коммæгаст у рæстæгмæ æмæ тæссонд.

*

Бинонты ’хсæн йæхицæн кад кæнын гуырымыхъдзинад æмæ æгъатырдзинады, тызмæгдзинады, тых æмæ карз ныхæсты фæрцы чи домы, уый йæхи лæг ма хонæд.

*

Стыр бæрн æмæ хæс æвæрд дыл ис, дæ цард дын æвæджиауы рæсугъд чи кæны, фæлæ дын, чи зоны, дудгæ бонтæ æмæ хъыцъыдæттæ дæр чи бавзарын кæндзæн, уыцы сабиты цур. Дæу йеддæмæ сæ хорзыл дæр, æвзæрыл дæр ничи сараздзæн.

*

Дæ бинойнагмæ кæрæдзийæн æххуысы, æргомзæрдæ æмæ быхсондзинады ахаст дар, цæмæй дæ сабитæ хъомыл кæной уарзт, амонд æмæ буц уавæрты. Къайад бакæнын æнкъарæнты схæлбурцъæй ахсджиагдæр у.

*

Æцæг нæлгоймаг у алцæмæй æххæст мой, уый йæ бинойнагæн банкъарын кæны, тыхджын, зондджын æмæ бараг адæймаджы базыры бын кæй цæры, уый.

*

Стыр арæхстдзинад у ныййарджытæн аргъ кæнын æмæ дæ бинойнаджы мацæмæй батыхсын кæнын. Æнæмæнг уыцы хъуыддагмæ сарæхс.

*

Æппæты аллайагдæр хъуыддаг у, дæ бинойнагыл куы хъæр кæнай, куы йæ азымджын кæнай, стæй йæм тымбылкъухæй куы лæбурай. Кæй бауырндзæн, уымæй размæ дæ тымбылкъухтæ де знæгтыл, кæддæр дæ чи бафхæрдта, дæ цуры лæмæгъы чи дæлдзиныг кодта, уыдоныл се ’ппæтыл дæр æрцыдысты, зæгъгæ, уый? Кæй зæгъын æй хъæуы — никæй. Уæдæ уæд дæ бинойнагмæ дæ къух куыд систай? Лæгæн хæдзары мидæг йæхи афтæ дарын у стыр худинаджы хъуыддаг. Уый у фидиссаджы гакк.

*

Цæр дæ гæнæнтæм гæсгæ. Уæлдай хæрдзтæй дæхи хиз.

*

Кæд дæ хиуæттæ, уыимæ æфсымæртæ æмæ хотæ, уæззау уавæры бахаудысты, уæд æхца хардз кæн æнæ фæстæмæ фæкæсгæйæ. Уыимæ æнæ рахъуыды-бахъуыдыйæ цæттæ у лæгдзинад равдисынмæ баххуысы сæраппонд. Ахæм уынаффæ хæсгæйæ, цыфæнды гуырысхотæ æмæ дызæрдыгдзинæдтæ дæр уыдзысты, адæмæй кæй нæ бамбæхсдзынæ æмæ дæ кад дæ сывæллæтты цæсты дæр кæмæй æрхаудзæн, ахæм цъаммардзинад. Æлгъин — тæппуды дыккаг ном.

*

Дæхи цæттæ кæн уымæ, цæмæй дæ ныййарджытæн сæ зæронды бон канд ныфс ма уай, фæлæ ма дæ сæрыстыр дæр хъуамæ уой.

***

Дæ адæмы хуыздæр миниуджытæ сахуыр кæныны фæндагыл дæ размæ сæвзæрдзысты алыхуызон хи æмæ æхсæнадон уавæрты цæлхдуртæ. Уый уыдзæн дæ сыгъдæг фæндты æмæ бæллицты фæлварæн. Фæлæ дæ кæд æцæгæйдæр дæ адæмæн, дæ бинонтæн, дæхицæн хорздзинад скæнын фæнды, уæд æнæмæнг фæхæстæг уыдзынæ дæ нысанмæ.

Афтæмæй дæ бон бауыдзæн раст уынаффæтæ хæссын царды бирæвæрсыг къабæзты: бинонты ’хсæн æмæ стыр политикæйы, хъуыддаджы ахастдзинæдты æмæ хи уды æнкъарæнты.

Фæлæ, уæддæр, алкæмæн дæр ис æвзарыны бар: цæуон уыцы фæндагыл æви нæ.

Уырыссагау | Cæргæндтæм »»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.