Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Чиныджы цъæр

Мамсыраты Таймураз

ДÆ МÆСЫГ САМАЙ

ФÆЗМИНАГ МИНИУДЖЫТÆ

Иунæг кадджын Хуыцау адæмты сфæлдыста алыхуызæттæй уымæн, цæмæй иутæ зоной иннæты æмæ кæрæдзийæ сæрыстыр уой.

Фæлæ æцæг адæймаджы удыхъæд банкъарæн ис æрмæст йæ аккаг миниуджытæй, рæсугъд хъуыдытæ æмæ æвзыгъд ныфсæй...

*

Дæ цуры исчи куы фæхудинаг уа, йæ кад куы фæцуда — уайтагъд дæ ферох уæд уыцы хабар, цы федтай æмæ цы фехъуыстай, уый макуы макæмæн радзур.

*

Лæгдзинады æвдисæн сонт мæсты гæппытæ не сты, фæлæ хи уромын, масты фæдыл нæ цæуын.

*

Сыгъдæгзæрдæйæ кæнæ дын исчи йæ тыхстæй йæ сусæг хъуыдытæ куы радзура, уæд сæ дæ зæрдæйы дард къуымы бамбæхс. Цы зоныс, æппæт уыдон æнæмæнг дзургæ не сты. Сусæгдзинад хъахъхъæнын дзуры адæймаджы æвæджиауы миниуæг æмæ тыхыл.

*

Æнæрхъуыдыйæ дæ ныхмæ цъыфкалæнтæ чи кæны, дамтæ дыл чи мысы, уыдонæн бар. Дзæгъæлдзурджытæн дзуапп дæттыны æмæ хылтыл тых хардз кæныны бæсты фидар кæн дæ ныфс æмæ архайды фæнд. Æрцæудзæн рæстæг алкæмæн дæр дзуапп раттынæн, ныр та уал сын сæ къахæн митæ мацæмæ дар, æмæ сын удæнцой, æхсызгондзинад ма æрхæссай, смæсты йæ кодтам, зæгъгæ.

*

Адæмуарзондзинадмæ чи тырны, уый хъуамæ лæмæгъ ма уа. Хъуамæ йæ уæздандзинад бахъахъхъæна талынгдзинады, тыхми æмæ æнæрастдзинады раз. Фæлæ бахъуыды кæн: сау тыхтæ фидар тæгтæй баст сты кæрæдзиимæ. Уыдон алкæддæр иумæ вæййынц, уымæн æмæ иугæйттæй тихалæгау лæмæгъ, стæй тæппуд сты. Сæ цурты сæрыстырæй цу, цыма сæ уынгæ дæр нæ кæныс, уыйау. Ахæмтæ уæздан, сыгъдæгзæрдæ адæймаджы удыхъæд сæхи пайдайы ’рдæм аразынц.

*

Удвидар у. Мæнæ, зæгъгæ, дæ бон бынтондæр нал у, афтæ дæм кæсы, цыма æппæт дæр дæ ныхмæ сси уæддæр ма фæцуд, фидар фæлæуу, уымæн æмæ ахæм уавæрты фæзилы цард хуыздæрырдæм.

*

Дæ нысан дæ къухы бафтыд, уæд уыцы цауыл цин кæн хинымæр, хиуылхæцгæйæ.

*

Ис рæстæг уæлахиз уæвынæн, фæлæ æрцæуы, рæстæг састы бынаты нæ уæвынæн дæр. Лæмæгъ нæ, фæлæ тыхджын кæй дæ, уымæ гæсгæ искæй æвзыстытæ мурмæ дæр ма дар.

*

Дæ бон уæд къуыхцыйы ныхмæ фæлæууын. Алы адæймаг дæр хъуамæ цæттæ уа йæ фыццаг къуыхцыйæн бафæразынмæ. Уый хъизæмайраг хъуыддаг у, хатгай адæймагыл тас дæр бафтауы, йæ фæндтæ куыд хæлынц, уый уынгæйæ, йæ удвæллой, йæ къухы цы бафтыд, уыдон дзæгъæлы куы фæвæййынц, уæд. Фæлæ сарæхсын хъæуы уыцы къуыхцыйы нæ ныссæдзынмæ. Уый уыдзæн æнтыстдзинады хуыздæр скъола, аргъ кæмæн нæй, удыхъæды ахæм фæлтæрæн.

*

Чи зоны, цъаммар адæймæгтыл дæр-иу амбæлай, хуыздæр æрдхæрдтæ кæй хуыдтай, уыдон дыл гадзрахатæй цæуой, чидæртæ дыл гуымиры хахуыртæ кæндзысты. Суанг ма, дунемæ кæй рантыстæ, уый цæстыниз кæмæн у, ахæмтæ дæр разындзæн. Де ’нтыстдзинад бирæты дæ ныхмæ сараздзæн. Æппæт уыдæттæм цæттæ у, дæ зæрдæмæ сæ ма хæсс, уымæн æмæ дæ лæгдзинадæн, дæ уды хъæздыгдзинадæн фæлварæн ахæм уавæртæ сты.

*

Æцæг адæймаг кæддæриддæр æххæст у фæзминаг миниуджытæй. Суанг худгæ, хъазгæ куы кæна, уæддæр йæ фарсмæ лæууæг адæм сæхи æхсызгон уæгъдибарæй æнкъардзысты, фæлæ ронбæгъд уæвын ничи бауæнддзæн.

*

Зон коммæ кæсын. Ницæйаг уый нæу, бардзырд æгъдаумæ гæсгæ чи æххæст кæны, фæлæ йæ æвæндонæй чи кæны, уый.

*

Ис, иннæтæн зындзинад ракæнынæй йæхæдæг æхцондзинад чи исы, ахæм адæм. Зон сæ æвзарын, уымæн æмæ, кæд дæхæдæг дæхицæн знæгтæ нæма скодтай, уæд дæм уыдон «фæкæсдзысты».

*

Знæгтимæ тох кæн æдæрсгæйæ æмæ æнæ фыд-зæрдæйæ. Хæрамдзинады фæдыл ма ацу, фæлæ архай удыхъæды сыгъдæгдзинад бахъахъхъæныныл.

*

Æрыгонæй ахуыр кæн хидарыны фæзминагдæр миниуджытыл. Рæстæг куы фесафай, уæд суыдзынæ, мæнæ иуæй-иутæ æрмæст сæ азтæй куыд феппæлынц æмæ иннæтæн зонд куыд фæамонынц, ахæм. Уыдоны фæфæнды хистæр уæвын бинонты, стæй мыггаджы мидæг дæр. Ахæм адæймаг свæййы хъазæнхъул, худинаг кæны хистæры ном.

*

Куыд тыхджын лæг, афтæ де сæфт уын æгъатырдзинад, гуырымыхъ æмæ æнæхсæстдзинадæй.

*

Дæ нысанмæ цу æнæфæцудгæйæ, фæлæ цæлхдуртыл дæхи ма хой, сæ фæрсты-иу ацу.

*

Фыццаг æфхæрдмæ дæ хъус ма ’рдар, дыккаджы фæстæ æфхæрæгмæ сабыр, фæлæ фидар цæстæнгасæй бакæс, æртыккаг æфхæрдæн та аккаг ныхкъуырд ратт.

*

Уæлдай бартæ ма дом, стæй уый кæнын ма уадз иннæты дæр, уымæн æмæ уый аккаг чи у, уыдон сæ нæ фæдомынц, домгæ чи кæны, уыдонæн та сæ дæттæн нæй. Аккаг куы уай, уæд дæ адæм бафиппайдзысты.

*

Цы хъуыддаг райдыдтай, уый кæд цыфæнды хуымæтæг у, уæддæр æм иугæр бавнæлдтай, уæд æй афтæ сараз, æмæ йæм фау æрхæссæн куыд нæ уа.

*

Макæимæ тæрхæттæ кæн де ’фтиæгтæ æмæ дæ хæрдзты тыххæй. Йæ мæгуырдзинадæй чи хъаст кæны, уымæй ницæйагдæр нæлгоймаг нæй.

*

Цыфæнды æххормаг цæргæс дæр кæрчытимæ хоры нæмыг нæ уидздзæн.

*

Цыфæнды зын уавæрæй рацæуынæн дæр ис фадат — агур æй. Аккаг быхсондзинад æмæ бæстон агурыны фæрцы дæ уавæр æнæмæнг фæхуыздæр уыдзæн. Быхсондзинад æмæ фæллойæн кæддæриддæр аргъгонд æрцæудзæн.

Уырыссагау | Дарддæр »»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.