Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостолты хъуыддæгтæ. 9-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Савлы фембæлд Чырыстиимæ

1 Савлæн ныр дæр æнæуынон уыдысты Хицауы ахуыргæнинæгтæ, æртхъирæнтæ сæм кодта амарынæй. Бацыд алчермæ

2 Æмæ дзы ракуырдта фыстæджытæ Дамаскы синагогæтæм, цæмæй, Йесойы фæдыл цæуджытæй кæй ссара, уыдоны, лæгæй-усæй, æрцахса æмæ сæ æркæна Иерусалиммæ.

3 Фæндагыл ма куы уыд æмæ Дамаскмæ куы баввахс, уæд ыл уæларвæй æваст æртыхсти рухс.

4 Савл æрхауд зæххыл æмæ фехъуыста хъæлæс: «Савл, Савл, цæмæн Мæ æфхæрыс?»

5 Савл бафарста: «Чи дæ, Хицау?» Дзуапп ын рардæуыди: «Ды Кæй æфхæрыс, уыцы Йесо дæн. [Зын дын у цыргъ хъилы ныхмæ бырсын».

6 Савл тæрсгæ-ризгæйæ бафарста: «Хицау, цы саразын мын фæдзæхсыс?» Хицау ын загъта:] Сыст æмæ бацу сахармæ — уым дын загъд уыдзæни, цы гæнгæ дын у, уый».

7 Савлы æмбæлццæттæ лæууыдысты æндзыгæй; хъæлæс хъуыстой, фæлæ никæй уыдтой.

8 Савл сыстад зæххæй, йæ цæстытæ байгом сты, фæлæ ницы уыдта. Уæд ын ныххæцыдысты йæ къухыл æмæ йæ æркодтой Дамаскмæ.

9 Æртæ боны цæстæй нæ уыдта, хæрд æмæ доны хъæстæ нæ фæци.

10 Дамаскы уыдис иу ахуыргæнинаг, йæ ном — Анани. Хицау æм фæзынд æмæ йын загъта: «Анани!» Анани дзуапп радта: «Хъусын Дæм, Хицау».

11 Хицау ын загъта: «Бавдæл æмæ ацу, Æмраст чи хуыйны, уыцы уынгмæ, æмæ Иудæйы хæдзары бафæрс иу лæджы, йæ ном — Савл, у Тарсы сахарæй. Ныртæккæ кувгæ кæны

12 Æмæ йæ цæстылуайæны федта иу лæджы, йæ ном — Анани; Анани йæм бацыд æмæ йыл æрæвæрдта йæ къухтæ, цæмæй ракæса йæ цæстытæй».

13 Анани дзуапп радта: «Хицау, ацы адæймагæн йæхи тыххæй, стæй Дæ сыгъдæджытæн Иерусалимы цас фыдмитæ фæкодта, уый тыххæй бирæтæй фехъуыстон.

14 Ныр ам ис, æмæ йын алчертæй рардæуыд бар, цæмæй Дæ ном чвдæриддæр ары, уыдоны æрцахса».

15 Фæлæ йын Хицау загъта: «Ацу, Æз æй Мæхицæн кусæгæн сæвзæрстон, цæмæй Мæ ном фехъусын кæна муртаттæн, паддзæхтæн æмæ Израилы адæмæн.

16 Æз ын равдисдзынæн, Мæ номы сæраппонд цас тухæнтæ хъуамæ бавзара, уый».

17 Анани араст, бацыди хæдзармæ, Савлыл æрæвæрдта йæ къухтæ æмæ загъта: «Ме ’фсымæр Савл, ды фæндагыл куы уыдтæ, уæд дæм Йæхи Чи равдыста, уыцы Хицау Йесо рарвыста мæн, цæмæй ракæсай дæ цæстытæй æмæ схайджын уай Сыгъдæг Удæй».

18 Æмæ йын цыма уайтæккæ хæрв систæуыд йæ цæстытæй, афтæ æваст ракаст цæстæй, сыстад æмæ йыл саргъуыдæуыд.

Савл амоны Дамаскы

19 Уый фæстæ бахордта æмæ йæ хъару фæфидар. Савл иукъорд боны фæци, Дамаскы чи уыд, уыцы ахуыргæнинæгтимæ.

20 Синагогæты æвæстиатæй райдыдта амонын, Йесо Хуыцауы Фырт у, зæгъгæ.

21 Чи йæм хъуыста, уыдон дисы æфтыдысты æмæ фарстой: «Ай, Йесойы ном арджыты Иерусалимы чи æфхæрдта, уый нæу, æви? Ардæм дæр уыдоны æрцахсынмæ æмæ сæ алчертæм акæнынмæ не ’рцыд, æви?»

22 Савлæн йæ ныхас кодта тыхджынæй-тыхджындæр, æмæ-иу дамаскаг иудейтæ фæуыргъуыйау сты, Йесо Чырысти кæй у, уый тыххæй-иу сын куы дзырдта, уæд.

23 Рацыд дзæвгар рæстæг, æмæ иудейтæ скодтой Савлы амарыны фæнд.

24 Фæлæ сын Савл базыдта сæ сусæгъæнд. Йæ амарыны тыххæй æхсæвæй-бонæй хъалагъур хастой сахары кулдуары цур.

25 Фæлæ ахуыргæнинæгтæ Савлы æхсæвыгон тæсчъы æруагътой къулыл.

Савл Иерусалимы

26 Савл æрцыд Иерусалиммæ æмæ архайдта, ахуыргæнинæгтимæ цæмæй баиу уа, ууыл. Фæлæ дзы се ’ппæт дæр тарстысты — ахуыргæнинаг кæй у, уый сæ нæ уырныдта.

27 Уæд æй Варнавæ акодта апостолтæм, æмæ сын радзырдта, Савл фæндагыл куыд федта Хицауы, Хицау куыд дзырдта йемæ, Дамаскы Йесойы номыл ныфсджынæй адæмы куыд ахуыр кодта, æппазт уыдæттæ.

28 Савл иуцасдæр уыди семæ, сæрибарæй зылдис Иерусалимыл æмæ ныфсджынæй адæмы ахуыр кодта Хицауы номыл.

29 Ныхас æмæ быцæу кодта бердзенагау дзурæг дзуттæгтимæ дæр, æмæ сæм фæзынд йæ амарыны фæнд.

30 Æфсымæртæ уый куы базыдтой, уæд æй акодтой Кесаримæ æмæ йæ уырдыгæй арвыстой Тарсмæ.

31 Æппæт Иудейæйы, Галилейы æмæ Самарийы аргъуантæ хъыгдард нал æййæфтой, фидар кодтой, уыди сæ Хуыцауы тас, Сыгъдæг Уды æххуысæй æфтыд уырнджыты нымæцыл.

Эней сдзæбæх

32 Петр сахартыл куы зылди, уæд бабæрæг кодта Лиддæйы сахары цæрæг сыгъдæджыты.

33 Ам фембæлд иу лæгыл, йæ ном — Эней. Уый уыд уæнгмард аст азы дæргъы йæ хуыссæнæй нæ сыстад.

34 Петр ын загъта: «Эней, Йесо Чырысти дæ дзæбæх кæны. Рабад æмæ сис дæ хуыссæн». Эней уайтæккæ рабадт.

35 Лиддæ æмæ йæ Сароны цæрджытæ се ’ппæт дæр федтой æмæ раздæхтысты Хицаумæ.

Тавифæ райгас

36 Иоппийы уыдис иу уырнæг сылгоймаг, йæ ном — Тавифæ (ома, Сычъи). Æмхиц уыди хорз хъуыддæгтæм æмæ æххуыс кодта мæгуыртæн.

37 Уыцы рæстæг Тавифæ æрбарынчын æмæ амард. Цынадтой йæ æмæ йæ сæвæрдтой уæллаг уаты.

38 Лиддæ Иоппимæ хæстæг уыд. Æмæ ахуыргæнинæгтæ куы фехъуыстой, Петр уым ис, зæгъгæ, уæд æм арвыстой дыууæ адæймаджы зæгъынмæ: «Æрцу нæм æвæстиатæй».

39 Петр рараст семæ. Куы æрхæццæ, уæд æй бахуыдтой уæллаг уатмæ. Ам ыл æрæмбырд сты æппæт идæдз устытæ, куыдтой æмæ йæм æвдыстой, Сычъи семæ куы царди, уæд кæй хуыдта, уыцы хæдæттæ æмæ пæлæзтæ.

40 Петр се ’ппæты дæр рарвыста æддæмæ, æрзоныгыл æмæ бакуывта. Уый фæстæ разылди мардмæ æмæ загъта: «Тавифæ, рабад». Тавифæ байгом кодта йæ цæстытæ, федта Петры æмæ рабадт.

41 Петр æм бадардта йæ къух, схæцыд ыл æмæ Тавифæ йæ къæхтыл слæууыд. Стæй Петр фæдзырдта сыгъдæджытæм, идæдз сылгоймæгтæм æмæ сын æй удæгасæй æрлæууын кодта сæ разы.

42 Уый айхъуыст æгас Иоппийыл æмæ бирæтæ баууæндыдысты Хицауыл.

43 Æмæ ма Петр бирæ рæстæг фæци Иоппийы, цæрмгуыстгæнæг Симонмæ.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.