Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостолты хъуыддæгтæ. 27-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Павел цæуы Роммæ

1 Италимæ кæй цæудзыстæм, уыцы уынаффæ куы рахастæуыд, уæд Павелы æмæ ма æндæр ахæстыты радтой кесæры æфсæддон хайы сæдæйыхицау Юлийы къухмæ.

2 Мах сбадтыстæм адрамитаг науы, æмæ араст стæм. Нау йæ фæндагыл хъуамæ баздæхтаид Асийы наулæууæнтæм. Немæ уыдис македониагАристарх, Фессалоникæйы сахарæй.

3 Дыккаг бон бахæццæ стæм Сидонмæ. Юлий Павелмæ ракаст хорз цæстæй, радта йын йæ хæлæрттæм ацæуыны фадат, цæмæй йыл баузæлой.

4 Уырдыгæй араст стæм дарддæр; Кипры чъылдыммæ бамбæхстыстæм дымгæйæ, уымæн æмæ дымдта нæ ныхмæ.

5 Килики æмæ Памфилийы рæзты ахызтыстæм денджызыл, æмæ бахæццæ стæм ликиаг сахар Миртæмæ.

6 Уым сæдæйыхицау ссардта, Италимæ чи цыд, ахæм александриаг нау, æмæ нæ сбадын кодта ууыл.

7 Дзæвгар рæстæг цыдыстæм сындæг, æмæ тыххæйты бахæццæ стæм Книдмæ. Дымгæ нæ размæ цæуын кæй нæ уагъта, уымæ гæсгæ ахызтыстæм Салмоны рæзты æмæ, Криты чъылдыммæ дымгæйæ бамбæхсгæйæ, цыдыстæм дарддæр.

8 Зынтæй цыдыстæм былмæ æввахс, æмæ бацыдыстæм, Хорз Наулæууæнтæ чи хуыйны, уырдæм, Ласейы сахармæ хæстæг.

9 Уæдмæ рацыд бирæ рæстæг, ком дарыны афон дæр аивгъуыдта, æмæ науы цæуын сси тæссаг. Уымæ гæсгæ Павел дзырдта:

10 «Хорз адæм, æз уынын, фæндагыл нæ баййафдзæн бæллæх, æмæ стыр зиан æрцæудзæн æрмæст уæзæгтыл æмæ науыл нæ, фæлæ нæхиуыл дæр».

11 Фæлæ сæдæйыхицау, Павел цы дзырдта, уымæй наутæрæгыл æмæ науы хицауыл фылдæр æууæндыд.

12 Наулæууæн зымæгиуатæн кæй нæ бæззыд, уымæ гæсгæ сæ фылдæр фæндон хастой, цæмæй нау гæнæн æмæ амалæй бацæуа критаг наулæууæн Финикмæ, æмæ зымæг арвитæм уым. Уыцы наулæууæн кæсы хуссар-ныгуылæнмæ æмæ цæгат-ныгуылæнмæ.

13 Хуссайраг уадымс куы радымдта, уæд æнхъæлдтой æмæ сæ цы фæндыди, уый сæ баййæфта; систой науæнгуыр æмæ ацыдысты Криты былгæрæтты рæзты.

Уад

14 Фæлæ рæхджы сакъадахырдыгæй æрбадымдта тыхджын уад, «цæгат-скæсæйнаг» чи хуыйны, уый.

15 Уад æрцахста науы, æмæ нау йæ ныхмæ цæуын нал фæрæзта. Нæ бон базыдтам, æмæ нæ дымгæ хаста, кæдæм æй фæндыд, уырдæм.

16 Мах февзæрдыстæм, Кавда кæй хонынц, уыцы сакъадахы цур. Сакъадах нæ иуцасдæр бахызта дымгæйæ, æмæ нын тыххæйты бантыст науы бæлæгъ бахъахъхъæнын.

17 Куы йæ систой, уæд бæндæнтæй кæрæдзимæ балвæстой науы фæрстæ. Дымгæ науы цæмæй Сиртмæ ма ахæсса æмæ уым тæнæджы ма ныссæдза, уый тыххæй æруагътой наупæлæз, æмæ нæ дымгæ хаста, кæдæм æй фæндыд, уырдæм.

18 Уад нæ æгъатырæй кæй хоста, уымæ гæсгæ дыккаг бон райдыдтой денджызмæ уæзæгтæ калын.

19 Æртыккаг бон та сæхи къухтæй науы кусæнгæрзтæ ракалдтой.

20 Бирæ бонты дæргъы нæдæр хур, нæдæр стъалытæ кæй нæ зындысты, уад дæр кæй нал æнцад, уымæ гæсгæ фервæзыныл нæ зæрдæ нал дардтам.

21 Адæм хойраджы хъæстæ рагæй нæ уыдысты. Павел рацыд сæ размæ æмæ загъта: «Хорз адæм, хъуыди мæ коммæ бакæсын æмæ Криты баззайын. Уæд ацы бæллæх нæ бавзæрстаиккам æмæ ныл зиан не ’рцыдаид.

22 Ныр та уæм свдын, цæмæй уæ ныфс ма асæтта. Сымахæй иу адæймаг дæр нæ фесæфдзæн; æрмæстдæр нау фесæфдзæн.

23 Æз Кæй дæн æмæ Кæмæн кусын, уыцы Хуыцауы зæд мæм фæзынд дысон

24 Æмæ мын загъта: „Ма тæрс, Павел! Ды хъуамæ æрлæууай кесæры раз, æмæ дын Хуыцау балæвар кодта, демæ чи цæуы, уыдоны иууылдæр“.

25 Уæдæ ма тæрсут, хорз адæм, æз Хуыцауыл æууæндын: куыд мын загъдæуыд, афтæ уыдзæн.

26 Уад нæ хъуамæ раппара цавæрдæр сакъадахмæ».

27 Цыппæрдæсæм æхсæв нæ уылæнтæ Адриатикæйы денджызы куы хастой, уæд æмбисæхсæвмæ хæстæг наудзаутæ банкъардтой, зæхмæ кæй æввахс кæнæм, уый.

28 Куы сбарстой, уæд денджыз разынд ссæдз ивазны æрфæн; стæй та йæ чысыл дарддæр сбарстой, æмæ уыди фынддæс ивазны1 æрфæн.

29 Науы къæдзæхтæм куы бахæсса, уымæй тæссаг кæй уыд, уымæ гæсгæ фæстæрдыгæй æруагътой цыппар науæнгуыры, æмæ куывтой боны æрцыды тыххæй.

30 Наудзаутæ хъавыдысты науæй алвдзынмæ, æмæ разырдыгæй науæнгуыр æрæппарыны æфсонæй бæлæгъ æруагътой денджызмæ.

31 Уæд Павел сæдæйыхицауæн æмæ æфсæддонтæн загъта: «Уыдон науыл куы нæ баззайой, уæд уын фервæзæн нæй».

32 Уæд æфсæддонтæ акъуырдтой бæлæгъы бæттæнтæ, æмæ бæлæгъ ныххаудта денджызмæ.

33 Боныцъæхты размæ Павел се ’ппæтмæ дæр хатыд бахæрыны тыххæй: «Цыппæрдæсæм бон сымах стут ахæм зын уавæрты, æмæ хойраджы хъæстæ нæ фестут.

34 Уымæ гæсгæ уæм хатын, цæмæй бахæрат — уый ахъаз уыдзæн уæ фервæзынæн. Иу æрду дæр уæ никæй сæрæй фæхъæудзæн».

35 Уыцы ныхæсты фæстæ Павел райста дзул, се ’ппæты раз арфæ ракодта Хуыцауæн, асаста йæ æмæ райдыдта хæрын.

36 Уæд се ’ппæт дæр фæныфсджын сты æмæ бахордтой.

37 Науыл æдæппæтæй уыдыстæм дыууæсæдæ æвдай æхсæз адæймаджы.

38 Куы бафсæстысты, уæд нау фæрогдæр кæныны тыххæй мæнæу ракалдтой денджызмæ.

39 Куы сбон, уæд цы зæхх у, уый нæ базыдтой, фæлæ федтой змисбыл донбакæлæн. Бауынаффæ кодтой гæнæн æмæ амалæй нау уырдæм батæрын æмæ йæ змисы ныссадзын.

40 Акъуырдтой науæнгуыртæ æмæ сæ ныууагътой денджызы, суæгъд кодтой науыздахæнтæ, систой раззаг наупæлæз дымгæмæ æмæ сæ ных сарæзтой былмæ.

41 Фæлæ бахаудтой донбылмæ, æмæ нау ныссагъди тæнæджы. Йæ фындз аныгъуылд зæххы æмæ нал змæлыд, йæ гуыр та йын уылæнтæ дæрæн кодтой.

42 Æфсæддонтæм фæзынд ахæстыты амарыны фæнд, куыд мачи сæ аленк кæна æмæ алидза, афтæ.

43 Фæлæ сæдæйыхицауы фæндыди Павелы фервæзын кæнын, æмæ сæ нæ бауагъта. Бардзырд радта, цæмæй ленк кæнын чи зыдта, уыдон æппæты разæй ныггæпп ласой денджызмæ æмæ былмæ рахизой;

44 Иннæтæ та исты амæлттæ кæной — чи фæйнæгыл, чи науы гæбазыл. Афтæмæй неппæт дæр раирвæзтыстæм зæхмæ.


1 27:28 20 ивазны — 40 метры бæрц; 15 ивазны — 30 метры бæрц.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.