Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостолты хъуыддæгтæ. 20-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Павел Македони æмæ Бердзены

1 Змæст куы ахицæн, уæд Павел æрæмбырд кодта ахуыргæнинæгты, ныфс сæ бауагъта, загъта сын хæрзбон æмæ араст Македонимæ.

2 Йæ фæндагыл йæ ныхасæй ныфс лæвæрдта уырнджытæн. Афтæмæй бахæццæ Бердзенмæ.

3 Уым фæци æртæ мæйы. Уырдыгæй Сиримæ науы ацæуынмæ куы хъавыд, уæд иудейтæ йæ ныхмæ скодтой сусæгъæнд, æмæ йæм æрцыд Македонийыл аздæхыны хъуыды.

4 Павелимæ [Асимæ] цыдысты вериаг Сосипатр — Пирры фырт, фессалоникæгтæ Аристарх æмæ Секунд, дервиаг Гай æмæ Тимофей, стæй асиæгтæ Тихик æмæ Трофим.

5 Уыдон ацыдысты нæ разæй æмæ нæм æнхъæлмæ кастысты Троадæйы.

6 Мах та Донгонд дзулты бæрæгбоны фæстæ науы ацыдыстæм Филиппты сахарæй, фондз боны фæстæ семæ баиу стæм Троадæйы, æмæ дзы фестæм авд боны.

7 Къуырийы фыццаг бон куы æрæмбырд стæм дзулсастмæ, уæд Павел ныхас кодта ахуыргæнинæгтимæ. Дыккаг бон æм ацæуыны фæнд кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ ныхас æмбисæхсæвмæ дæр нæма фæци.

8 Кæм æрæмбырд стæм, уыцы уæллаг уаты сыгъди бирæ цырæгътæ.

9 Иу лæппу, йæ ном — Эвтих, бадти рудзынгыл. Павелы дæргъвæтин ныхасы рæстæг ыл хуыссæг фæтых, аци тарф фынæй æмæ ахауд æртыккаг уæладзыгæй. Куы йыл схæцыдысты, уæд разынди мард.

10 Павел æрхызти дæлæмæ, ныддæлгом ыл, ныхъхъæбыс ын кодта æмæ загъта: «Ма тыхсут, йæ уд йæ мидæг ис».

11 Уый фæстæ схызт уатмæ, асаста дзул, бахордта дзы, фæныхас ма кодта сæумæцъæхтæм, стæй ацыд.

12 Ныр лæппуйы та æрбахуыдтой удæгасæй, æмæ тынг фæцин кодтой.

13 Мах ацыдыстæм разæй, сбадтыстæм науы æмæ ацыдыстæм Ассмæ, уырдыгæй Павелы немæ ракæнынмæ. Уымæн æмæ нын йæхæдæг афтæ бафæдзæхста, йæ зæрды фистæгæй ацæуын кæй уыди, уый тыххæй.

14 Павел Ассы баиу немæ, сбадти нæ науы æмæ æрцыдыстæм Митилинæмæ.

15 Уырдыгæй араст стæм, æмæ иннæ бон фæцæйцыдыстæм Хиосы цурты; дыккаг бон бахæццæ стæм Самосмæ, [фестæм Трогиллийы] æмæ иннæ бон æрцыдыстæм Милетмæ.

16 Уымæн æмæ Павелы Эфесмæ бацæуын нæ фæндыди, цæмæй Асийы ма бафæстиат уа. Тагъд кодта, гæнæн æмæ амалæй, Хорысæры бæрæгбонмæ Иерусалиммæ куыд æрцæуа.

Фембæлд Эфесы аргъуаны хистæртимæ

17 Павел Милетæй Эфесмæ арвыста аргъуаны хистæрты æрхонынмæ.

18 Куы йæм æрцыдысты, уæд сын загъта: «Сымах зонут, æз Асимæ куы æрцыдтæн, уæдæй фæстæмæ уæм иудадзыг цы уагæй цардтæн, уый.

19 Æз коммæгæсæй æмæ цæссыгимæ куыстон Хицауæн, иудейты фыдвæндты аххосæй тухæнтæ æвзаргæйæ.

20 Сымах зонут, æз кæй ницы басусæг кодтон, ахъаз уын цы уыди, уымæй. Æппæт уыдæттæ уын амыдтон æмæ ахуыр кодтон адæмы раз æмæ хæдзаргай.

21 Иудейтæм дæр æмæ муртаттæм дæр сидтæн Хуыцауы раз сæ тæригъæдтыл æрфæсмон кæнынмæ æмæ нæ Хицау Йесойыл æууæндынмæ.

22 Ныр та мæ Сыгъдæг Уд кæны Иерусалиммæ, æмæ мыл уым цы æрцæудзæн, уый нæ зонын.

23 Æрмæст мын Сыгъдæг Уд алы сахары дæр фæзæгъы, мæнмæ кæй æнхъæлмæ кæсынц ахæстон æмæ хъизæмæрттæ.

24 Фæлæ мæм мæ цард ницы кæсы, æрмæст бæллын мæ фæндагыл кæронмæ ацæуынмæ, æмæ мын Хицау Йесо цы куыст бафæдзæхста, уый бакæнынмæ — Хуыцауы хорзæхы уац адæммæ фæхæссынмæ.

25 Æмæ ныр зонын, сымах иууылдæр, — кæй æхсæн цардтæн æмæ Хуыцауы Паддзахады тыххæй кæмæн дзырдтон, — мæн кæй нал фендзыстут, уый.

26 Уымæ гæсгæ уын æз абон зæгъын: исчи уæ куы бабын уа, уæд мæн аххос нæу.

27 Уымæн æмæ уæ æз ницы басусæг кодтон — Хуыцауы фæндон уын фехъусын кодтон æххæстæй.

28 Уæдæ кæсут уæхимæ æмæ æппæт дзугмæ. Уыцы дзугæн уæ Сыгъдæг Уд фыййæуттæй сæвæрдта Хуыцау Йæ Фырты Тугæй Йæхицæн кæй балхæдта, хизут уыцы Аргъуан.

29 Æз зонын, мæ ацыды фæстæ уæм кæй бацæудзысты, дзугыл чи нæ ауæрддзæн, ахæм тугдзых бирæгътæ.

30 Уæхи æхсæн дæр фæзындзæн, рæстдзинад чи зыгъуыммæ кæндзæн, ахæм лæгтæ, цæмæй ахуыргæнинæгты асайой сæ фæдыл.

31 Уымæ гæсгæ ут къæрцхъус, уæ зæрдыл дарут, æртæ азы дæргъы, æхсæвæй-бонæй, сымахæй алкæй дæр, цæссыг калгæйæ, кæй ахуыр кодтон, уый.

32 Ныр уæ фæдзæхсын Хуыцауыл æмæ Йæ хорзæхыл дзурæг ныхасыл. Хуыцау уыцы ныхасы фæрцы сымах скæндзæн удвидар æмæ уын ратдзæн хай æппæт сыгъдæджытимæ.

33 Æз нæ бабæллыдтæн нæдæр искæй æвзистмæ, нæдæр йæ сызгъæринмæ, нæдæр йæ дарæсмæ.

34 Уæхæдæг зонут, мæхи æмæ ме ’мбæлццæтты хъуæгтæн æз куыстон мæнæ мæ ацы къухтæй.

35 Æз уын алцæмæй дæр равдыстон, кæй хъæуы афтæ кусын, лæмæгътæн æххуыс кæнын æмæ Хицау Йесойы ныхæстæ зæрдыл дарын, уымæн æмæ Йæхæдæгзагъта: „Райсынæй раттын тæхудиагдæр хъуыддаг у“».

36 Уыцы ныхæсты фæстæ Павел æрзоныгыл æмæ бакуывта се ’ппæтимæ дæр.

37 Иууылдæр куыдтой, ныттыхстысты-иу ын йе ’фцæгыл æмæ йын батæ кодтой.

38 Афтæ кæй загъта, нал мæ фендзыстут, зæгъгæ, уæлдай хъыг та сын уый уыди. Уый фæстæ йæ афæндараст кодтой наумæ.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.