Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостолты хъуыддæгтæ. 12-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Æфхæрынц уырнджыты

1 Уыцы рæстæг паддзах Ирод райдыдта аргъуаны уæнгтæй иуæйиуты æфхæрын.

2 Кардæй амарын кодта Иоанны æфсымæр Иаковы.

ЗАцы хъуыддаг иудейтæн æхсызгон кæй у, уый куы федта, уæд æй бафæндыд Петры дæр æрцахсын. Уый уыди Донгонд дзулты бæрæгбоны рæстæг.

4 Æрцахсын кодта Петры, баппæрста йæ ахæстонмæ æмæ йæ хъахъхъæнын бафæдзæхста, фæйнæ цыппар æфсæддоны кæм уыд, ахæм цыппар къордæн. Иродмæ уыд Куадзæны фæстæ йын адæмы раз тæрхон кæныны фæнд.

Зæд суæгъд кодта Петры

5 Петры дардтой ахæстоны, аргъуан та уыцы рæстæг Петры тыххæй зæрдиагæй куывта Хуыцаумæ.

6 Ирод æй тæрхонмæ ракæнынмæ куы хъавыди, раст уыцы æхсæв Петр, дыууæ рæхысæй бастæй, фынæй кодта дыууæ æфсæддоны æхсæн; хъахъхъæнджытæ лæууыдысты дуармæ дæр æмæ хъахъхъæдтой ахæстон.

7 Æваст фæзынди Хуыцауы зæд æмæ ахæстоны уат ныррухс. Зæд басхуыста Петры фарс, райхъал æй кодта æмæ загъта: «Сыст рæвдздæр». Рæхыстæ æрхаудтой Петры цæнгтæй.

8 Зæд ын загъта: «Æрбабæтт дæ рон æмæ скæн дæ дзабыртæ». Петр æм байхъуыста. Зæд та йын загъта: «Скæн дæ пæлæз æмæ рацу мæ фæдыл».

9 Петр рахызт æмæ цыди зæды фæдыл, фæлæ не ’мбæрста, зæд цы аразы, уый æцæгдзинад кæй у — æнхъæл уыд, æмæ цы уыны, уый цæстылуайæн у.

10 Хъахъхъæнджыты фыццаг æмæ дыккаг къордты рæзты куы аивгъуыдтой, уæд бахæццæ сты, сахармæ кæуылты цыдысты, уыцы æфсæн кулдуармæ. Дуар сын йæхæдæг байгом, рахызтысты æддæмæ, æмæ иу уынг куы ауадысты, уæд зæд æваст æрбацыдæр.

11 Петр йæхи куы æрæмбæрста, уæд загъта: «Ныр æз æцæг зонын: Хуыцау рарвыста Йæ зæды æмæ мæ фервæзын кодта Ироды къухтæй, иудейаг адæм цæмæ æнхъæлмæ кастысты, æппæт уыдæттæй».

12 Петр уый куы бамбæрста, уæд араст, Марк кæй хуыдтой, уыцы Иоанны мад Мариайы хæдзармæ. Ам æрæмбырд бирæ адæм æмæ куывтой.

13 Петр кулдуар куы бахоста, уæд кулдуары цурмæ рацыди лæггадгæнæг сылгоймаг, йæ ном — Родæ.

14 Родæ Петры йæ хъæлæсæй базыдта, фæлæ фырцинæй кулдуар нæ байгом кодта, афтæмæй базгъордта æмæ радзырдта, Петр дуармæ лæууы, зæгъгæ.

15 Уыдон ын загътой: «Уый дæ зонд куы фæцыд». Фæлæ Родæ ныллæууыд, цы загъта, ууыл. Уыдон та дзырдтой: «Уый Петрæн йæ зæд у».

16 Петр та хоста æмæ хоста кулдуар. Кулдуар ын куы байгом кодтой, уæд æй федтой æмæ стыр дисы бафтыдысты.

17 Петр сын йæ къухæй бацамыдта, цæмæй банцайой, æмæ сын радзырдта, Хицау æй ахæстонæй куыд ракодта, уый тыххæй. Стæй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кæнут Иаковæн æмæ иннæ æфсымæртæн». Уый фæстæ рацыд уырдыгæй æмæ араст æндæр ранмæ.

18 Куы æрбабон, уæд æфсæддонтæ фæдис систой: Петр цы фæуыдаид?

19 Ирод фæцагуырдта Петры, æмæ йæ куы нæ ссардта, уæд æрфарста хъахъхъæнджыты æмæ радта сæ амарыны бардзырд. Уый фæстæ Иудейæйæ ацыди Кесаримæ æмæ дзы афæстиат.

Ироды мæлæт

20 Ирод мæсты уыди Тир æмæ Свдоны цæрджытæм. Уыдон та баныхас кодтой иумæ æмæ йæм æрцыдысты; балхæдтой паддзахы галуанæн уынаффæгæнæг Власты зæрдæ, æмæ куырдтой фидыд, уымæн æмæ сæ бæстæйæн хойраг паддзахы бæстæйæ истой.

21 Нысангонд бон Ирод паддзахы дарæсы сбадти къæлæтджыны æмæ дзырдта семæ.

22 Адæм та хъæр систой: «Уый адæймаг нæ, фæлæ хуыцау дзуры!»

23 Æмæ йæ уайтæккæ Хуыцауы зæд æрцавта, æцæг Хуыцауæн кад скæныны бæсты йæхи хуыцау схонын кæй бауагъта, уый тыххæй; къуыдыркæлмытæ йæ бахордтой æмæ йæ уд систа.

24 Ныридæгæн Хуыцауы ныхас хæлиу кодта парахатæй.

25 Варнавæйæн æмæ Савлæн фæдзæхст цы уыд, уый куы сарæзтой, уæд Иерусалимæй æрбаздæхтысты; семæ ракодтой, Марк кæй хуындæуыд, уыцы Иоанны.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.