Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Журнал «Мах дуг»-ы æндæр æмæ æндæр номыртæй

Анекдоттæ æмæ хъæлдзæг ныхæстæ

* * *

Гагрæ. Денджызы был ресторан. Фынджы уæлхъус нæлгоймаг æмæ сылгоймаг — æрыгæттæ. Бæрæг у, лæг æмæ ус кæй не сты, уый. Сæ фынджы цур æрлæууыди бынæттон лæппулæг, цыдæр æнæхсæст:

— Генацвале, — дзуры нæлгоймагмæ. — Бар мын ратт æмæ дын кафынмæ рахонон дæ дзæбæх æмбалы.

Нæлгоймаг гуырысхотæ кæны, уый бамбаргæйæ лæппулæг йæ ныхас адарддæр кодта:

— Дæ саурæсугъды... Дæ урс æхсинæджы... Дæ удыкъæртты... Дæ уæларвон зæды...

Сылгоймаг цыдæр зæгъынмæ хъавы, фæлæ йæ гуырдзиаг цæхгæр фæурæдта:

— Ды та, гацца, дæ дзыхыл хæц, джигиттæ куы фæныхас кæнынц, уæд!

* * *

Иу дзырддзæугæ сылгоймаг, кæд ын хицæутты цæсты кад уыд, уæддæр йæ сусæг уарзоны бынатмæ бакæнын нæ бафæрæзта: лæгмæ курдиаты мыггагæй ницы уыди. Гъемæ йæм уæд смой кодта. Сусæг уарзонæн бæззы, адæммæ равдисыны аккаг чи у, ахæм. Мойæн та чифæнды дæр бæззы.

* * *

Алцы бакæнынмæ дæр чи сарæхстаид, ахæм хæрамзæрдæ сылгоймагæй чидæр куы раппæлыд, уæд дын аббат Трюбле афтæ:

— Бæгуы, бæгуы! Марынвæнд дæ куы скæна, уæд дын мæргтæн сæ тæккæ дзæбæхдæр равзардзæни!

* * *

Графиня де Буффлер принц Контийæн афтæ загъта, ды, дам, тирантæн сæ тæккæ хуыздæр дæ.

Æхсин д’ Эпарбейы йæ хуыссæнуатмæ бакодта Людовик XV. Иуафон ын къарол уайдзæфгæнæгау афтæ:

— Мæ дæлбар адæмæй кæимæ нæ фæдæ, ахæм нал баззад.

— Охх, мæ паддзах...

— Герцог Шуазел дæ йæ мондæгтæ фæиста.

— Омæ дзырддзæугæ лæг у.

— Маршал Ришелье дæр.

— Омæ дзыхарæхст у.

— Ноджы Монвил.

— Цы хæрзконд къæхтæ йын и, уый куы зонис.

— Фæуæд афтæ! Фæлæ герцог д’ Омон та? Уымæ, кæй ранымадтай, уыцы миниуджытæй иу дæр куынæ ис.

— Охх, мæ паддзах, уый дыл ахæм æнувыд у, æмæ диссаг!

* * *

Иу сылгоймаг йæ зонгæ нæлгоймаджы тыххæй афтæ загъта:

— Хæрзæгъдау у, фæлæ фыддзæрин, стæй сæ зондджынтæй нæу. Мæнæ иуæй-иу кæсаг куы вæййы: куы йæ бахæрай, уæд дын дæ буарæн ницы зиан æрхæсдзæни, фæлæ дзы ад нæй, стæй стæгæй йемыдзаг у.

* * *

Иу чызг йæ тæригъæдтæ сыгъдæг кæнынмæ бацыд аргъуанмæ æмæ сауджыны раз басасти:

— Сыгъдæг фыд, иу æрыгон лæппуйæн тынг аргъ кодтон...

— Аргъ кодтай? Цал хатты? — бафарста йæ сауджын.

* * *

Вольтеры трагеди «Меропæ»-мæ гæсгæ арæзт спектаклы бирæтæ сæ цæссыг нæ урæдтой. Æрмæст дзы иу сылгоймаг не скуыдта. Йе ’мбæлттæ йæм дисгæнгæ куы бакастысты, уæд уый загъта:

— Æхсызгонæй бæргæ скæуин, фæлæ абон кадджын æхсæвæрмæ хуынд дæн.

* * *

Ус йæ лæгæн:

— Уыцы Софи Лоренмæ нæлгоймæгтæ диссагæй цы ссардтой, уымæн ницы ’мбарын. Йæ парик, йæ ахуырстытæ æмæ йын йе ’нæуаг гуыр сис — уæд ма дзы, цымæ, цы фендзынæ?

Лæг:

— Дæу.

* * *

Иу сылгоймаг аргъуанмæ бацыди. Хъаст кæны сауджынæн:

— Сыгъдæг фыд, мæ лæджы мемæ цæрын нал фæнды.

— Уæд цæуылнæ?

— Ахæм фыдындимæ, дам, мæ бон цæрын нæу.

Сауджын егъау чиныг райста, бирæ йæ фæрафæлдах-бафæлдах кодта, стæй йæ сæр хæрдмæ сдардта, сылгоймагмæ æдзынæг фæкаст æмæ дзуры:

— Дæ лæг раст зæгъы.

Цыбыр уацты æмбырдгондмæ


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.