Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ЗЫН. ÆНЦОН

Æнцонæй ницы ис.

Æнæ зынæй ницы ис.

Зын кæрдзын хæрын дæр у.

Къæцæлтыл артыл бæгæны нæ фыцы.

Калмы комы — цыкурайы фæрдыг.

Талынгмæ сæдæ фæндаджы ис, рухсмæ — иунæг.

Арс амарын зын нæу, фæлæ йæ фæцæф у зын.

Схъæл кардæн кæрддзæм къахын зын у.

Зынæй зындæртæ ис.

Зынцард куы кæнай, уæд дын уый æнусмæйы хъаймæт.

Зындоны арты судзын.

Уæлæуыл зындон фиды.

Адæм сæхæдæг зынтæ нывæндынц.

Æнцойдзинад æмæ зындзинад радæй ысты.

Мыд хæрын чидæриддæр зоны.

Хæрды бын уырдыг вæййы, уырдыджы бын та — хæрд.

Хæрды цæуын дæ куынæ хъæуы, миййаг!

Хæрдмæ цæуын кæм хъæуы, уым уырдыгмæ цæуын дæр бахъæудзæн.

Хæрд кæм уа, уым уырдыгæн дæр æнæуæвгæ нæй.

Зынæй æнцон кæнын хъæуы.

Зыи куынæ фенай, уæд æнцон дæр нæ фендзынæ.

Де ’ргъом дæхæдæг хæсс.

Зынтæн лæг хъæуы.

Лæг зынтæн конд у.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.