Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ЗОНД ÆМÆ ФÆНД

Зонд — хай, бæстæ — хай.

Зонд — хай, бæстæ — хай, æмæ бæстæ зонды баци.

Зонд дуне йæхи бакодта.

Зонд — дунейы дарæг хæзна.

Зонд æппæты дарæг у.

Æппæтæй тыхджындæр — зонд.

Стыр зонды стыр тых и.

Зонд мæсыг у, хъару — гæнах.

Зонд тыхæн æмбал нæу.

Тыхджын тыхæй нæу, фæлæ зондæй.

Лæг тыхæй æнцон абырсæн у, фæлæ зондæй абырсын зын у.

Зондджын сæрæй архайы, æдылы та — тыхæй.

Лæгдыхæй ницы бакæндзынæ, фæлæ зондæй сархай.

Æхсарæй нæ, фæлæ зондæй.

Зондæй хæзнадæр ницы ис.

Зонд хурæй рухсдæр у.

Зонд алцæмæн дæр ахъаз у.

Зонд алкæддæр хъæуы.

Зонд лæггæнæг у.

Зонд æмæ амонд лæг йæ мады гуыбынæй рахæссы.

Зонддæттæг хуыцау у.

Садзгæ зондæй зонд нæй.

Искæй зондæй цæрæн нæй.

Искæй зондæй мæсыг амайæн нæй.

Искæй зонд нæ кадæн бæззы, нæ — радæн.

Лæг балхæндзынæ, фæлæ зондæн балхæнæн нæй.

Зондыл амонд уæлахиз у.

Лæг цас фылдæр æмбара, уыйас æнамонддæр у.

Зондджынæй амондджын хуыздæр у.

Зонд — фæндаг, амонд — хæссаг.

Зонд амондæн — лæгъстæйаг.

Зонд амондæн — йæ хъузон.

Зонд — хæссаг, амонд — дæттаг.

Зонды фæндаг — амондæн фæдзæхст.

Зонды фæндаг — æнæцудгæ.

Зонд цæстæй дарддæрмæ уыны.

Зонд лæгæн фæндагамонæг у, зæрдæ та йын æхсар дæтты.

Зонд кæй у, мулк дæр — уый.

Зонды фыдæй хæдзар сæфы.

Къахæй сæр — бæрзонддæр.

Сæрæй хистæр дунейыл ницы ис.

Сæр кадимæ даринаг у.

Зондджын сæр сæдæйы хæссы, æдылы та йæхи дæр нæ хæссы.

Къух — æвналынæн, сæр — æмбарынæн.


КАЛМЫ СÆР ÆМÆ ЙÆ КЪÆДЗИЛ

Калмы сæр æмæ йæ къæдзил быцæу кодтой, разæй сæ кæуыл æмбæлы цæуын, зæгъгæ. Сæр загъта къæдзилæн: «Ды разæй цæуынæн ницы бакæндзынæ, уымæн æмæ дыл нæ цæст ис, нæ хъус»

Къæдзил загъта: «Кæд мыл цæстытæ ’мæ хъустæ нæй, уæддæр мæм ис тых, æмæ цæудзынæн. Фæлæ ды та æнæ мæн иу къахдзæф дæр нæ бафæраздзынæ.»

Сæ ныхас кæрæдзиуыл нал бадт æмæ ахицæн ысты. Къæдзил сæрæй куы фæхицæн, уæд ма иудзæвгар ауад, ыстæй зæххы скъуыдмæ бафтыд æмæ уым ныххауд.


Дæ сæр дæ кæдæм нæ уадза, уырдæм ма цу.

Мæ сæр мын ку’ акъуырай, уæд ма мæ къæхтæ кæдæм фæцæудзысты?

Зонд æмæ хъару домгæйæ не сты.

Зонд таугæйæ у.

Зонд агургæ ’мæ ссаргæ у.

Хор куы фесæфы, уæд æй быдыры агурынц; зонд куы фесæфы, уæд æй хохы агурынц.

Адæймаг зонд фенгæйæ ’мæ фехъусгæйæ ссары.

Зонд зонынæн бирæ хъæуы.

Зонд зонды фæрцы.

Зонд куыст у.

Ахуыры бон бирæ у.

Ахуырæн кæрон нæй.

Цард ахуырты у.

Æнахуыргонд лæг й’ аууонæй дæр тæрсгæ кæны.

Æнахуыры цæст куырм у.

Иæхи фесафыны фаг чиныджы зоны.

Иу сауджын, дам, йæхи чиныджы йедтæмæ никæй чиныджы зыдта.

Скъолайæ æдылы лидзы.

Æртæ фæндаджы ис зонды ’гъдаумæ: хъуыды кæныны фæндаг — сегасæй уæздандæр, фæзмыны фæндаг — сегасæй æнцондæр, бавзарыны фæндаг — сегасæй зындæр.

Маст чи нæ бахордта, уый адджын куыд равзардзæн?

Куырм афтæ загъта: «Адджын ме ’взагæй хатын, уæззау — мæ къухæй».

Адджын ме ’взаг хаты, фæлмæн та — мæ уырз. (Рагон куырм лæджы ныхæстæ).

Куыдзæн йæ быны дон куы бацæуы, ленк кæнын уæд базоны.

Фæрсæг никуы рæдийы — искæй дзырдæй дæр ыспайда кæны, йæхи дзырдæй дæр.

Фæрсæг сонт у.

Бафæрсын аипп ма уæд.

Бафæрсын аипп нæу.

Бафæрсын худинаг нæу.

Бафæрс æмæ базонай.

Фæрсгæ-фæрсгæ ма лæг аргъæутты бæстæ дæр ыссары.

Æлдары хъæу ма фæрсгæйæ ссардæуыд.

«Кæдæм цæуыс» бафæрсын худинаг у, зондæй бафæрсын худинаг нæу.

Зондæй дæ фæрсæг куы уа, уæд дæ зонд ма бавгъау кæн.

Зонд хистæрæй кæстæры сæрыл нæу.

Сывæллоны зондæй ничи фæфæрсы.

Сывæллоны зондæй ничи фæцæры.

Бирæ чи фæцарди, уый ма бафæрс; бирæ чи федта, уый бафæрс.

Бирæ цæрынæй бирæ фенын хуыздæр.

Уый, бирæ таутæ чи ахордта, ахæмы каст кæны.

Уый, бирæ кæрдæджытæ чи ахордта, ахæмы каст кæны.

Уый, чи ахатти, бирæ таутæ чи бахордта, ахæм лæг у.

Сывæллоны дидитæй кæй фæсайай, ахæм лæг нæу.

Фæлтæрд цуанон дардыл зилы.

Дардмæ хъавæг хæстæгмæ дæр фембæлы.

Дардмæ чи хъусы, уый дардмæ дæр уыны.

Дардмæ хъусæг хæстæгмæ уыны.

Чи цы фены, уый фæдзуры.

Чи цас фены, уыйас зоны.

Уынгæ цас фæкодтай, зонгæ дæр уыйас кæндзынæ.

«Фехъуыстон» ницы у, «федтон» исты у.

Фенæг — зондджындæр.

Ницыфенæджы каст кæны.

Ницыфенæджы ныхæстæ кæны.

Чи ницы федта, уый ницы зоны.

Иу чидæр сахат ыссардта. Рауын-бауын æй кæны ’мæ цы дзаума у, уымæн ницы ’взары. Рауын-бауынгæнгæйæ йын йæ къæрцц-къæрцц фехъуыста. Йæ хъусмæ йæ бадардта ’мæ — о, мæнæ диссæгтæ — алы ’взагæй уасы. Ай хæйрæджыты хæдзар куы ссардтон, зæгъгæ, сахат зæххыл ныццавта. Æмæ уæддæр куыи’ асаст, уæд æй дурæй дурмæ лыстæг мур ныккодта: «Гъеныр цæуæд дæ дзæкк-дзæкк!».

Мæгуыр дæ бон, ницыфенæг!

Ницыфенæгыл æрчъитæ скæн æмæ сæ исты хона.

Ницыфенæгимæ хæстæг макуы бакæ.

Каей зонай, уымæй искæй мауал фæрс.

Нарты адæмæн курдиат уыд.

Нарты сæ зонд нæ сæфта.

Зонд — зондагурæг.

Æмæ ды зондагур куы уыдтæ, уæд æз та хуыртæ ’хсæдынмæ уыдтæн?

Ды зондагур куы уыдтæ, уæд æз дæр хуыртæ не ’хсæстон.

Ды зондагур куы фæцæйцыдтæ, уæд æз та уырдыгæй æрыздæхтæн.

Æдылы зондагур нæ цæуы.

Зонд зондагур нæ фæцæуы.

Зондджын йæ зондæй æфсæст у.

Зондджын уый у ’мæ зонд чи агуры.

Кæддæр, дам, Санаты Сем дæр зондагур уыд.

Санаты Семы зондыл ничи фæкæлдзæн.

Зондæй — Санаты Сем.

Зонды къуыбар.

Зонды къуыбылой.

Зонды къуым.

Ай цы у, уымæй зонды къуым у.

Уый фырæмбаргæйæ афтæ дæлæмæдзыд фæци.

Тебеччы фыртæн дæр йæ сæр голладжы нæй.

Уымæн дæр йæ сæр голладжы нæй.

Санаты Семы ныхæстæ кæныс.

Санаты Семау чи зоны, уый нæ фæрæдидзæн.

Санаты Сем, цы ’рцæудзæн, уый развæлгъау зыдта.

Санаты Сем афтæ загъта: «Ахæм дуне скæндзæн, æмæ зонд мады гуыбынæй хæсдзысты.»

Авд Гæналы — гæныстон, æстæм Гæнал — ривæддон. (Семы ныхæстæй).

Санаты Сем нын басгуыхти.

Семтæ, æз сымахырдæм нæ дзурын!

Уый халонау йе уæны кæсы.

Къодах йæ фыццаг цæфæй бæрæг у.

Зондджын лæджы дзырдæй ничи ’фсæды.

Лæг йæ зондæн æвдисæн лæууы.

Зондæн йе ’вдисæн — æвзаг.

Дзыхæмбис ис, фæлæ сæрæмбис нæй.

Гуыбынæмбистæ ис, фæлæ сæрæмбис нæй.

Цас зонай, уыйбæрц ма дзур.

Зондджын лæг дзурынмæ тагъд нæ кæны.

Зондджын зæгъыныл нæ тагъд кæны.

Зондджын лæг фылдæр хъусгæ кæны, къаддæр — дзургæ.

Зондджын лæг йæ ныхас дыууæ хатты нæ кæны.

Зондджынæн йе ’взаг — й’ аразæг, æдылыйæн — йæ сафæг.

Зондджын ныхас сæрæй къæхты бынмæ хъары.

Сырдоны йæ цыргъ зонд арæзта.

Нарт Сырдоны сæ зонды чиныг хуыдтой.

Зондджын лæг алкæй дæр йæ сæрмæ хæссы.

Истымбарæг фау никæмæ хæссы.

Зондджын лæгмæ маст нæ хъары.

Уымæн арвæй зæххы ’хсæн æмбæхст ницы ис.

Сатанайæн арвæй зæххы ’хсæн æнæзынд ницы уыд.

Сырдон дæлдзæхмæ дæр зыдта, уæлдзæхмæ дæр зыдта.

Уый йын йæ тъымы-тъыма дæр ма зоны.

Дзауы дын Диамбег цы зæгъа, уый дын æз ам дæр зæгъдзынæн.

Æз, уымæн йæ хуылфы цал тъанджы ис, уый дæр ма зонын.

Гуыбыны цал тъанджы ис, уый куы зоныс, уæд цæуыл кæуыс?

Дæхи зонд зонд у, дыууæ зонды — фылдæр.

Иу зондæй дыууæйы зонд — фылдæр.

Иу зонд иу у, бирæйы зонд — бирæ.

Иу зондæй бирæйы зонд — хуыздæр.

Иу зоид — дæсæн, дæсы зонд — иуæн.

Иуы цæстæй сæдæйы цæст уынагдæр у.

Иу чи зоны, уый дыууæ дæр базоны.

Лæгæй лæгмæ хицæн зонд ис.

«Циу» æмæ «цы кæны»-йæн хæйрæг дæр хос нæ ары.

Хæйрæг чи уыд, чи йæ зыдта?

Фæрæдийынæн бирæ нæ хъæуы.

Рæдыд кæуыл не ’рцæуы!

Рæдыд алкæуыл дæр æрцæуы.

Рæдигæ чи нæ кæны, ахæм нæй.

Рæдийагыл æрдиаг фæкæнынц.

Иу рæдыд баринаг у.

Рæдийын адæмæн фæтк у.

Зондджын лæг куы фæрæдийы, уæд æй йæхæдæг базоны.

Лæгæи йæхи бахъахъхъæнын йе хæс у.

Дæ сæр бахиз.

Иæхи чи хизы, хуыцау дæр уый хизы.

Уд бавæрынæн зондджын лæг хъæуы.

Зонд удæн — йæ дарæг, цардæн — йæ барæг.

Мæнæн мæ дарæг — мæ сæр æмæ мæ къухтæ.

Лæг зондæй архайы.

Зондæй чи архайы, уымæн æмбал нæй.

Дæ масты фæндагыл дæ зонд ма аздах.

Лæг æппæт базонынмæ бæллы, фæлæ сын æвиппайды базонæн нæй.

Æвиппайды цы ’рхъуыды кæнай, уый сонтæй ма бакæ.

Абоны зонд — дæу, райсомы зонд — мæн.

Д’ абоны зонд — дæхи, дæ сомбоны зонд та — мæн.

Биасланты ’лдæрттæ-иу афтæ дзырдтой: «Иронæн йæ фыццаг зонд сындзарты басудз, йæ фæстаг зонд та йын дæ хæдонæй балхæ.»

Гуырдзы, дам, афтæ фæзæгъынц: «Ирон лæгæн йæ фыццаг зонд йæхи уæд, йæ фæстаг зонд та — мах.»

Ирон лæгæн мæ йæ фыццаг зонды бæсты йæ фæстаг зонд ку’ уаид!

Æрæджиауы зонагæй зонæг нæй.

Хорз зонд адæмæн æхсæны у.

Уый зондæн зонд уыди, кондæн — конд.

Йæ зонд — хурау рухс, й’ амонд донау цæуæд!

Зондджынæй зондджындæр бирæ ис.

Зонд зондыл — тыхдæр, лæг лæгæй — хуыздæр.

Йæ зонд цъитийау салд у.

Зондджын маст цы куыстыл кæны, ууыл æдылы та худгæ кæны.

Зондджын æдылыйы зæрдæмæ нæ цæуы.

Зондджын лæг æдылыйæн ызнаг у.

Зондджыны фарс хуыцау у, æдылыйы фарс та — фыдбылыз.

Фыдбылызæй мыл цы ’рцæуы, уый мыл фылдæр æнæрхъуыдыйæ ’рцæуы.

Æдылы йе ’дылы не ’мбары.

Æдылы йе ’дылыйæ мæгуыр вæййы.

Æдылыйы хæдзар — доны был.

ÆДЫЛЫ

Иу лæг бон-изæрмæ йæ хæдзармæ не ’рбацыд. Изæры куы фæзынд, уæд æй ус фæрсы: «Гъы, лæгай, кæм уыдтæ абонсарæй?»

Лæг ын афтæ: «Дæлæ ныхасы ’фсады хабæрттæм хъуыстон.»

«Æмæ дзы цы фехъуыстай?»

Уый йын загъта: «Дардгомау лæууыдтæн æмæ дзы ницы бамбæрстон».


Иу лæг, дам, йæ бæндæныл ыссад сур кодта.

Кокайтæ — бæндæныл хуртуангæнджытæ.

Чидæр иу хъæуæй иннæ хъæумæ сасиргур цыди.

Чидæр й’ арынджы фæстæ йæ сасир дæр куыд фехста, уыйау.

Цъæмæлты фæстæ сыхырна дæр фехста.

Кæмæндæр йæ куырой фезгъæлдта ’мæ йæ сасир дæр фехста.

Чидæр куырæйттæ марзта, иннæ та йæ фæдыл ыссадгур ызгъордта.

Иу сыдæй мард, иннæ та йын йæ роны кæрдзынтæ агуырдта.

Чидæр марды роны кæрдзынтæ ку’ агуырдта, уыйау.

Чидæр йæ уæлцæхх цæхх ку’ агуырдта, уыйау.

Рагон лæг йæ фыстæ лæсчъы радта, йæхæдæг та лæскъ райста.

Кæмæндæр йæ бæндæн иу дагъæй не ’ххæсти ’мæ йæ дыдагъ кодта.

Бæндæн иу дагъæй не ’ххæссыд æмæ йæ дыдагъ чынди.

Чидæр йæ зæронд бæхы сирын ахуыр кодта.

Чидæр, дам, бæхыл бадт æмæ йæ дзæкъул та йе ’ккой хаста.

Чидæр Чъребамæ цыд æмæ йе ’хсæв та Гудисыл хаста.

Чидæр сау хохыл сæнæфсир агуырдта.

Чидæр ихы сæрыл æрыскъæфтæ агуырдта.

Чидæр ногбоны ’хсæвы ’рыскъæфтæ агуырдта.

Иу лæг хъæуæй хъæдмæ сугтæ ласта.

Иу лæгæи хъæды йæ сæмæн асаст æмæ сæхимæ тæргай алыгъд.

Æдылы хъæдмæ дыууæ цыды кæны.

Чидæр фиййæуттæм къуымæл ку’ агуырдта, уыйау.

Бирæгъ фыры хъæппытæм æрхауынæнхъæлмæ куыд каст, уыйау.

Чидæр м<æймæ ’рхауынæнхъæлмæ каст.

Чидæр арсæн йæхи уыдта ’мæ ма йын йæ фæд агуырдта.

Чидæр иу хатт арс федта ’мæ алы бон дæр «арс, арс» кодта.

Арсы ’мбисонд мыл æрцыд.

Кæмæндæр йæ сис кæлддзаг уыди ’мæ йæм быцæуæн йæ фæсонтæ сарæзта.

Чидæр хохыл куы хæцыд, уыйау.

Хæц ыл рагон хохылхæцæгау.

Чидæр æнæбын къæртайы дон хаста.

Рагон лæг Терчы судзин агуырдта.

Куыдзæн фиуæй æрчъитæгæнæгау.

Чидæр бирæгъы чъылдымыл фæхсын баста.

Бирæгъы ’фцæджы руд бафтыдтам.

Чидæр бирæгъы мардыл кæугæ кодта.

Чидæр бирæгъы мард æгас кодта.

Чидæр рувасы кæркгæс урæдта.

Рувасы чъылдымыл, дам, фых карк фæчындæуыд æмæ афтæ: «Арв мæ ныццавта!»

Чидæр йæ мады мард дон-дон куыд агуырдта, уыйау.

Чидæр йæ мады мард дон-дон уæлæмæ хаста.

Чидæр йæ фыды мард тугмæ лæвæрдта.

Чидæр Сау хохæй Урс хохмæ хъабахъ æхста.

Чидæр Сау денджызæй Цъæх денджызмæ. хъæр кодта.

Чидæр иу дуры бын уæрцц амардта ’мæ алыбон дæр уырдæм цыд.

Чидæр зæронд æрхы дон агуырдта.

Кæм дон æмæ кæм дæ фæдджитæ сысчъил кодтай?

Кæм дон æмæ кæм нæ гæрстæ ласæм?

Кæм дон æмæ кæм — ме ’рчъитæ!

Чидæр гæрстæхсджытæм йæ къæрит феппæрста.

Чидæр гæрстæхсджытæм йæ кæрц фелвæста.

Чидæр гæрстæхсджытæм йæ кæрц æхсынмæ радта.

Чидæр тынуæрдджытæм йæ кæрц куыд баппæрста, уыйау.

Чидæр йæ кæрц сапонæй æхсадта.

Чидæр йæ сау фысы донæй урс кодта.

Рагон лæг тъæнджы мæйы хуры цæст федта ’мæ йæ кæрц ауæй кодта.

Йæ фос бирæгъджыны цы фиййау хизы, уый фæсмонгонд кæны.

Каемæндæр йæ топп хæстæгмæ нæ хауд æмæ йæ дардмæ ’хста.

Хуырычъи афтæ фæзæгъы: «Дзуг иууылдæр мæ хуызæттæ ку’ уаиккой, уæд мæм хъусиккой».

Цасфæнды дæр «Сем-Сем» куы фæкæнай, уæддæр Санаты Сем нæ фестдзынæ.

Æгомыг фосæй дæр ис æмæ — адæмæй дæр.

Мадзурайæн исты ’нхъæл уыдысты.

Чысыл зонаг — бирæ дзураг.

Йæ хæдзары — дзæгъæлдзых, искуы та — фæндгæнæг.

Уый зондæй арсау у, арсау.

Зонд ыстыр сæрæй нæу.

Сæры стыр зондджыны бæрæггæнæн нæу.

Стыр сæр хæрæгыл дæр ис.

Хæрæг йæ хъусты йас куы хъусид, уæд уымæй зоидджындæр нæ уаид.

Каркау ыл дыууæ къахы ис.

Къæхтæ ’мæ сæр каркыл дæр ис.

Æнæсæр карчы митæ кæны.

Карк йæ цъиутæй куы фæдзæгъæл уа, уыйау.

Сæр дзæгъæл куы кæна, уæд къæхтæ та фæлмæцгæ кæнынц.

Æнæзонд сæр къæхты мæстæй мары.

Æдылы сæр — къæхтæн фыдæбон.

Æхсынцъысæр.

Уымæн йæ куысыфтæджы ницы ис, ницы.

Уымæн йæ уæллаг нæ кусы.

«Д’ ахсæн та сæ куыд кусы, д’ ахсæн?» — «М’ ахсæн куыд кусы, дæ сæр дæр афтæ куы кусид!»

Афтид сарайæн йæ сæр не ’мбæрзтæуы.

Дæ сæр голладжы ис?

БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ

Бирæгъ куыдзæн афтæ загъта: «Æз дын сыллынк-сыллынк бацамондзынæи, ды та мын фæдысмудын бацамок.»

«Хорз,—зæгъгæ, загъта куыдз.— Фыццаг уал мыи дыбацамон, стæй та æз — дæуæн».

Бирæгъ асыллынк-сыллынк кодта ’мæ йæ куыдз уайтагъд базыдта.

«Кæс-ма мæм,—дзуры куыдз бирæгъмæ,— базыдтон дæ сыллынк-сыллынк æви нæ?»

Асыллынк-сыллынк кодта куыдз æмæ йæ хæдзармæ ныффардæг!.. Уырдыгæй фæстæмæ, дам, бирæгъ æмæ куыдз ызнæгтæй баззадысты.


БИРÆГЪ ÆМÆ ЗЫГЪАРÆГ

«Æгас æрцуай, цъæх бирæгъ!»

«Хорз цæрай, зыгъарæг!»

«Дысон-бонмæ кæм уыдтæ?»

«Дæу агурæг фæзылдтæн!»

«Æмæ мæнæй та цы кæныс?»

«Ныртæккæ дæ хæрдзынæн!»

«Уæ, бын бауай, цъæх бирæгъ —

Дæ фыды хæрд нæ зоиыс!..»

«Æрбайсæфай, зыгъарæг!

Мæ фыд та-иу куыд хордта?..»

«Уый-иу зыгъарæг куы ’рцахста —

Иу æхст-иу ын — уæлвæндаг,

Иннæ ’хст-иу ын — дæлвæндаг.

Афтæмæй-иу куы срæгъæд —

Хордта-иу æй адджынæн...»

«Уæ, бын бауай, зыгъарæг!

Æмæ уый æз нæ зоныи?..

Ацы ’ппæрст дын — уæлвæндаг,

Ацы зыввытт — дæлвæндаг!..»

Хуынкъмæ зыгъарæг ныллыгъдис

Æмæ дзуры уырдыгæй:

«Хæрз æнæсæр цъæх бирæгъ,

Мæ фыд дæр-иу дæ фыдæй

Афтæ кодта хынджылæг!..» (Зыгъуытаты куырм Бибойы ’мбисæндтæй).


Ахæм сæр ракæн æмæ йæ куйтæн аппар.

Хæрæг, дам, уарæг уыди ’мæ йæхи ’нæхай фæкодта.

Æдылы уарæг у: иу фарсæй рафтауы ’мæ йæ иннæуыл бафтауы.

Кæмæндæр йæхицæн бынат нæ уыд, афтæмæй йæ фæдыл къодæхтæ ласта.

Йæ сæрæн бынат кæмæн нæ уыд, уый йæ къæхтæн бынат агуырдта.

Сартæн йæхицæн бынат нæ уыд æмæ йæ фæдыл мысалгъ ласта.

Иу гæды, йæ сæр кæм нæ цыд, уым лæсти.

Мыст йæ хуынчъы нæ цыд, æмæ ма йæ фæдыл картоф ласта.

Кæмæдæр иунæг абази уыд æмæ уый дæр голладжы комы цæппæрста.

Мæлдзыгæн йæхицæн бынат нæ уыд, æмæ ма йæ фæдыл къодæхтæ ласта.

Иу куыдз, дам, Бызæй Уæлладжырмæ сдæрынмæ цыди.

Гуымыдза сыкъатæгур ацыд æмæ йæ хъустæ дæр ахаудтой.

Хæрæг, дам, сыкъатæ агурæг фæцыд æмæ йæ дыууæ хъусы дæр нал æрхаста.

Дирб æнæ донæй донмарæн къахтой.

Иу ус, дам, мæрдджыны хæдзарм,æ бацыд. Æхсæв-бонмæ фæкуыдта, стæй бафарста: «Чи амарди, чи?»

Æдылыйы фæндаггаг раздæр хордæуы.

Æдылы чындзæхсæвæй лыгъди.

Хъазын æдылымæ хъыг кæсы.

Æдылы хивæнд у.

Адæм — коммæ, æдылы та — донмæ.

Адæм — размæ, уый — фæстæмæ.

Гæнæн цæмæн нæ уа, ууыл архайын æдылы хъуыддаг у.

Хæрæг ныхъхъæр кодта: «Уæлæ гал ратулы.»

Уæд æй бафарстой:

«Ратулæд! Дæуыл та дзы цы цæуы?»

«Йæ хæссын мæнмæ кæсы»,— загъта хæрæг.

Æдылыйы хорзыл ку’ ардауай, уæддæр æвзæрырдæм хæцы.

Æдылы туджджынимæ зыи бафидауæн у.

Æдылыйæн авд-авды зонд фæцамон, уæддæр — æдылы; зондджынæн иу амынд бакæн, æмæ йæ зондыл бафтдзæн.

Æдылыйæн барын хъæуы.

Æдылыйæн туджджын дæр хатыр кæны.

Æдылы дзуары бын дæр над æййафы.

Æдылы лæг йæ хъæрæй бæрæг у.

Æдылы лæг æдылы хъæртæ кæны.

Æдылы хъусгæ къаддæр кæны, дзургæ — фылдæр.

Æдылымæ чи хъуса, уый æдылы кæны.

Æдылыйæн бирæ гæнæнтæ ис.

Æдылыйы бон бирæ у.

Æдылы ныфсхаст у.

Æдылы дзурæгмæ дæсны хъусæг хъæуы.

Æдылы дзурæгмæ зондджын хъусæг хъæуы.

Арахъхъæй расыг ыссæуы, фæлæ æдылыйæ расыг нæ цæуы.

Æнæсæр адæймагæй дæхи бахиз.

Йæ сæр ыстыр кæмæ нæ кæсы, йæ къах чысыл чи нæ хоны!

Адæмы хъæр не ’мбары.

Æрыхъусæггаг дзырд фисынмæ ’мбары.

Къухцæджы цыд цы кæныс?

Фындзы хуынкъ ын нæй, фындзы хуынкъ!

Мæ фындзы хъæлыл мын æй куы ’рцауындзай, уæддæр æй нæ базондзынæн.

Цалынмæ йын йæ хъусыл гакк ыскæнай, уæдмæ нæ бамбардзæн.

Тæрхъус йæ лæппыны афтæ фарста: «Аз дæ схæссон æви æртæ боны?».

Уымæ ’ртæ боны фылдæр фæкастысты ’мæ йын загъта: «Æртæ боны».

Ныр, дам, тæрхъус йæ лæппыны ’рмæст æртæ боны хæссы йе ’хсырæй.

Хъустæ хъусынæн ысты.

Дæ хъусты къæрмæджытæ ис?

Дæ хъустæ хизынмæ уыдысты?

«Къуыри авд боны.»—«Цы загъта?»—«Къуыри, дам, авд боны!»

Дæ хъусы ма дын саджил акæнон?

Кæд ма йын йæ хъусы гукк ныккæнон?

Къуырмайæн фидиуæг дыккаг хъæр нæ кæны.

Къуырмайæн аргъуан дыууæ хатты нæ цæгъды.

Иу къуырма ’гас дунейы дæр къуырма хуыдта.

Цæстытæ уырыйыл дæр ис, фæлæ нæ уыны.

Дæ цæстытæ хизынмæ уыдысты?

Йæ фындзæй дарддæр нæ уыны.

Йæ фындзы бын цы ис, уый дæр нæ уыны.

Рагон æмбисонд мыл æрцыд: хохы уыдтæн æмæ дзы дуртæ нæ федтон.

Куырмæй уæлдай нæу.

Куырм галау талынг ыскъæты скуыси.

Куырм гал цъыфдзасты куы скуыси уа, уыйау.

Куырм гал цъыфдзасты куы смидæг уа, уыйау.

Куырм гал хуыдымы куы смидæг уа, уыйау.

Куырм куырмæн фæндаг амыдта.

Куырм гал куырм галы куы фæхоны, уæд дыууæ дæр цъыфы хауынц.

Куырм куырмæн фæтæг куы ныллæууа, уæд дыууæ дæр уæрмы ныххаудзысты.

Куырм хъабахъы бын нæ бады.

Куырм йæхи топпæхсæг нæ кæны.

Рагон хæрæг куыдзы хосæй хыгъта, куыдз та йæ — дзидзайæ ’мæ дыууæ дæр æххормагæй баззадысты.

Æнæмбаргæ лæгæн амынд фыддæры бæсты цæуы.

Чи нæ ’мбары, уымæн фæнды дзур, фæнды — ма.

«Хорз-хорз»-гæнæг — æнæмбаргæ.

Лæг фыццаджы фыццаг хъуамæ йæхи бамбара.

Хъусæг дæм куы уа, уæд ын цы зæгъинаг дæ, уый зæгъ.

Хъусæг дæм куынæ уа, уæд дæ з.æгъинаг ма зæгъ.

Дæ хъуыддаг «æмбаргæ лæгæн радзур.

Æиæмбаргæ лæгимæ дæ ныхас ма фæуæд.

Хъусгæ дæм чи бакæндзæн, дæ ныхæстæ уымæн ракæ.

Дæ сызгъæрин доны ма кал.

Æмбаргæ лæг дын дæ ныхас уайтагъддæр бамбардзæн.

Æмбаргæ лæг зынгæй йæхи тавгæ кæны, æдылы та дзы йæхи судзы.

Фæрсæг сонт у.

Уæларвмæ цом, зæгъгæ, йын зæгъ æмæ демæ фæраст уыдзæн, фæлæ фæндаг кæуылты у, уымæй дæ нæ бафæрсдзæн.

Цалынмæ дæ бæх мизы, уалынмæ мын дæ ехс авæр.

Сæгъыл бадгæйæ дугъ уадзын.

Арс нæма амард, афтæмæй йын йæ царм бастыгътой.

Рог-роджы йæ систой.

Афтæ рæуæг у ’мæ цæхæры бахаудзæн.

Сырдоны кæфойау — рог.

Сырдоны кæфой фестади.

Æнæкъæдзил галау кæм фæмидæг уа, уымæн ницы зоны.

Нырма никуы ехсы къæрцц, никуы бæхы хуыррытт, афтæмæй бæстæ йæ сæрыл систа.

Рог дур тулаг у.

Тæлтæг бæх æмæ рæуæг барæг гуыргъахъхъы хауынц.

Рæуæг галы найгæнгæйæ æддейы ифтындзынц.

Уасджытæй раздæр чи суасы, хъæрццыгъа уый хæссы.

Æиæ хъуыддаг базонгæ фæдисы дзæнгæрæг ма цæгъд.

Рог лæгæй рог куыдзæй хъауджыдæр нæй.

Рог лæгæй рог куыдз хуыздæр у.

Лæджы рогæй куыдзы рог хуыздæр у.

Куыдзы рæуæг бæхы йаргъ, лæджы . рæуæг — куыдзы йаргъ.

Сонт æрра у.

Цъиуты сайд.

Цъиуыл саргъæвæрджытæ!

Фат — къулыл!

Иуæй — симгæ, дыууæйæ — ’мдзæгъд.

Æррайæн — æмдзæгъд!

Æррайæн æмдзæгъд кæн, æмæ кафа!

Æдылыйæн гогона кæн, æмæ кафа!

Æррайæн æмдзæгъд ма кæн.

Æдылыйæн æмдзæгъд нæ хъæуы: доны хъæрмæ дæр кафы.

Доны хъæрмæ кафæгау.

Йе сæфты ’рра сси.

Афтæ сæрра ’мæ йын молло дæр хос нал ыскæндзæн.

Мæнæ бæттинаг æрра!

Æррайæн ма сыкъатæ вæййы!

Æрра куитæн иумæйаг тæгæна — хылы хос.

Æррайы дзырд хъыг кæмæ кæсы, уый йæхæдæг æрра у.

Æррайæ алчи йæхи хизы.

Рагон лæг йæ къух калмы дзыхы цавта.

Сæнтдзæфы къух — калмахсæн.

Æрра барæг — дон ысгарæг.

Æдылы бæх — ысгарæн.

Кæд дæ ’рра адæм фауой, уæд сыл худ, уымæн æмæ де ’мбæлттæ сты; кæд дыл зондджынтæ худой æмæ фаутæ ’вæрой, уæд та дæхиуыл ку, уымæн æмæ раст ысты.

Фæрæтæй донмæ лæбурæгау.

Сырд дæр ма ’хситмæ фæлæууы.

Сонт рæдиаг у.

Сонт мæгуыр у.

Сонт зондмæ хъусæг у.

Сонт фæрсаг у.

Æррайы фарстæн дзуапп нæй.

Æдылыйы фарстæн дзуапп нæй.

Галиу фыд-зонд у.

Сохъхъыр фыд-зонд у.

Ууыл фисыимæ базыртæ ис.

Зыгъуыммæ зонд.

Фæлдурæджджынæй æррайæ уæлдай нæй.

Къусбын бахордтай?

Кæндыс бахордтай?

Æрра дæ æви сонт?

Бæндæныл кафæгау йе ’рра митæ.

Хæфсы гæпп — æмæ калмы дзых.

Куырис сыгъди ’мæ йыл йæ бæттæн худти.

Халон йæхи доны надта ’мæ дойныйæ мард.

Кæмæндæр йæ сæр лыг кодтой æмæ, дам, афтæ хъæр кодта: «Мæ сынкъ мын ма фæцагайут!»

Кæмæндæр йæ хъама байстæуыд, уый та йæ кæрддзæмыл куыдта.

Æвзæры фæндаггон арвит, æмæ былæй ахаудзæн.

Бæмбæгæнхъæл йæхи мигъмæ аппæрста.

Гули сæхи мигъмæ акалдтой.

Теуайау йе ’нæзондæй фесæфт.

Æнæзонд хæрæг былæй хауы.

Æнæзонд лæгæй æфтауаг карк хуыздæр.

Дæ фыдгулы хъуыддаг æдылы лæгимæ фæуæд.

Æнæзонд зондджынмæ ’ххуырсты цæуы.

Хатт зондджын ныхасæй æдылы ныхас хуыздæр вæййы.

Хатт æдылыйæ дæр зондджын ныхас ысхауы.

Фæнд — зондæн фæндаг.

Нарт-иу фæндæн кæддæриддæр Сырдоны сæвзæрстой, тухæнæн та — Сосланы.

Уæззау хъуыддаг дыл æрцыдн, уæд рæуæг митæй дæхи хиз.

Уæззау хъуыддагыл рог фæндтæ ма кæн.

Тарф хъуыды кæн æмæ ма фæрæдийай.

Афтæ фæзæгъынц: асагъæс кæн, æмæ афтæмæй зæгъ; фæстæмæ ракæс, æмæ афтæмæй ысбад.

Адæймаджы хъуыдытæ — тæхгæ маргъ.

Раздæр — хъуыды, стæй — кæнгæ.

Цы кæнай, уый — фæндæй.

Гæдыйы фæндæй куынæ фæнæмай, уæд тонгæ кæны.

Гæдыйы фæндæй ахсын хъæуы.

Арсы фæрсыс, фæлæ æрсгæсы нæ фæрсыс.

Арс æмæ æрсгæсы дзырд иу нæ вæййы.

Арс цы зæгъы ’мæ æрсгæс цы зæгъа, уыдон иу не сты.

Арс æмæ æрсгæс иу фæнд нæ кæнынц.

Зæрдæйы фæндыл хъуамæ сæрымагъз тых кæна.

Æхсæвы митæ райсом хурмæ рахæсс æмæ сыл фæку.

Лæджы фæндтыл рувас æртæ футты кæны.

Тæрсгæ Дзывгъисæн чындæуыд, хæсгæ та Гулийы фæчынди.

Ницыфенæджы фæндтæ бæрæг вæййынц.

Йæ цæрæнбонты фиййæутты кæрдзын дæр никуы адих кодта, афтæмæй æхсæны куывды йæхи уарæг ыскодта.

Искæй уынаффæйæ цард нæй.

Гуырмыхъхъ хъаруйæ мадзалы хъару хуыздæр у.

Цард у сæрфатæй, зондæн йæ фатæй.

Фæнд æмæ хъуыддаг иу не сты.

Æнæ хъыпп, æнæ сыппæй хъуыддаг сарæзтой.

Искæй уынаффæйæ хæдзар хæлы.

Хæдзар уынаффæйæ цæры.

Æнæ уынаффæ хæдзар — ривæддон.

Арс иуырдæм кафыди, йæ лæппынтæ — иннæрдæм.

Райсомы куыстæн уынаффæ хъæуы.

Бæлæттæ ’мвæндæй цæрынц.

Æмвæндæй цæрын хорз у.

Æмвæнд Гаджитæ.

Æмбалвæнд хорз у.

Æрæмбырд ысты ’мæ фæнд æмæ фæнды сæртæ кодтой.

Сæдæ фæнды скæн, æмæ сæ хуыздæр чи уа, уый равзар.

Хицауад фæндæй рæзы.

Куыстæй фæнд хуыздæр у.

Хорз куыстæй хорз фæнд хуыздæр у.

Куыстæн сæрфат хъæуы.

Куыст — хай, уынаффæ — хай.

Фæнды фыдæй хъæу сæфы.

Зонды фыдæй хæдзар сæфы, фæнды фыдæй — хъæу.

Æрхъуыды зын у.

Æрхъуыдыйæн сæр хъæуы.

Æрхъуыдыйæ зындæр ницы и.

Æрхъуыды зын у, скæнын æнцон у.

Аразынæй æрхъуыды зындæр у.

Æрхъуыды тыхæй хуыздæр у.

Нарт æрхъуыдымæ дæсны уыдысты.

Нарт се ’взæрты зондæй нæ фарстой.

Нарты ныхас лæгты ныхас уыд.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.