Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ЗÆРОНД. ÆВЗОНГ

Урс æрду зæронды нысан у.

Урс хил — зæронды нысан.

Хæрæг бырынкъæй урс кæны.

Уалдзыгон цъæх кæрдæг æмæ фæззыгон фæсал куы сæмхæццæ уой, уыйхуызæн — дæ зачъе.

Зæронд хæдзарыл иузæрдыг у.

Мæ зæронд сæр уын куынæ уа, уæд уæ халон й’ ахстонмæ фæхæсдзæн.

Мæ фыдгулы хæдзары ма зæронд ма уа!

Зæронд галы ауæдзы фæифтындзынц.

Зæронд бæхæн ауæдзы цæуын æнцондæр у.

Зæронд гал хуымы цæуаг у.

Зæронд гал ауæдз нæ халы.

Зæронд гал хахх нæ халы.

Зæронд галæн сæрбос нæ хъæуы.

Зæронд гал мæйдары дæр йе скъæт ыссары.

Зæронд гал æмæ зæронд бæх сæ уæрдон былæй не ’ппарынц.

Зæронд галы сæр хуыммæ хастæуы.

Зæронд галы сыкъа хъæбæр у.

Зæронды хъис хъæбæр у.

Зæронды царм фидар у.

Зæронды рагъыл — галдзарм баст.

Зæронд бæласыл ног фæрæт цъула кæны.

Зæронд лæг гæды ныхас нæ зæгъдзæн.

Зæронд галтæ ’фсондзы бын кæрæдзийы нæ сайынц.

Зæронд бирæгъ фыд нæ хæры?

Зæронд бирæгъæн фыд хæр.ын амонын нæ хъæуы.

Мæ сау сæрæй — мæ урс сæрмæ.

Цæрынæй — хæрынмæ.

Æвзонджы бонты дæхиуыл бацауæрд, æмæ æрæгмæ базæронд уай.

Нарты Уырызмæгæй дзурынц, авд зæронды, дам, баци ’мæ авд нодж.ы сси.

Зæронд лæг й’ азтыл нал фæсæтты.

Мæ урсытæ ссау ысты.

Сау фыс загъта: «Нырма не сурс дæн, нырма уæрыкк дæн». Афтæмæй йæ дзыхы дæндаг дæр нал уыд.

Æнусмæ — гыкъыдзи.

Зæронд куыдзæн — хъæвдын хъустæ.

Гуымыдза донмæ куы ныккæсы, уæд ма йæхи уæрыкк фæхоны. ~

Йу сæгъыл, дам, сыкъатæ нæ зад æмæ йæхи сæныкк хуыдта.

Мæлæтæй ма тæрс, зæрондæй тæрс.

Æвзæр тагъд зæронд кæны.

Зæронд ма баком.

Зæронды бон дыл ма ’ркæнæд!

Æнду ’мæ Госæзийы кармæ фæцæр!


— Цал азы дыл цæуы, цал, Чендзе?»

— Æмæ ма йæ цæмæй з.онын, мæ хуртæ, цæмæй? Ме ’мбай хъæды бæлас куынæуал ис, хохы — дур. (Абайты Чендзейы ныхæстæй. Куыд дзурынц, афтæмæй Чендзе фæцард фарастыссæдз азы,- кæнæ та уымæ’ввахс. Амард 1907 азы).


Зæрон ус —зæронд цардæн.æвдисæн.

Бирæ чи фæцард, уыи бирæ фены.

Фылдæр чи фæцарди, уый фылдæр федта.

Зæрондæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс.

УÆРЫЧЧЫТÆ

Хъæдрæбын фысты: дзуг хызти. Дзугæй дыууæ уæрыччы фæиппæрд ысты ’мæ хибарæй хизынц. Зæронд фыс сæм дзуры:

«Фыдуаг ма ут, уæркотæ! Дзугæй дард ма цæут кæннод уæм исты замана кæсы».

Ныр сæм бирæгъ дæр йæ цæст дары къудзийы рæбынæй æмæ сæм дзыхыуаг æруагъта:

«Æгонгæй, уæрыччытæ! Уыцы зæрондмæ ма хъусут, уый уæм хæлæг кæны.. Йæхæдæг базæронд, æмæ уæ уымæн нæ уадзы хицæнæй хизын. Ма йæм хъусут. Згъорут бархийæ быдырты!»

Нал байхъуыстой уæрыччытæ зæронд фысмæ ’мæ хизгæ-хизгæ адард ысты дзугæй. Бирæгъ сæм уæд рагæпп ласта къудзийы рæбынæй æмæ сæ ахаста.


Зæронд куыдзы лæппын бирæгъ нæ сайы.

Зæронд цъиуы зыгуымы муртæй нæ фæсайдзынæ.

Зæронд лæгæн йæ зонд — нæрв.

Зæронды зонд — тæрæзтыл барæн (ома, зæронд куы зондджын ныхас фæзæгъы, куы— æдылы).

Зæронд дзураг у.

Зæрондæн йæ зонд цас цыбырдæр кæны, йæ ныхас уыйас даргъдæр кæны.

Изæрырдæм зондæй æнæ фæчиугæ нæй.

Зæрондмæ йæ лæппуйы зонд æрцæуы.

Зæрондмæ йæ сывæллоны зонд æрцæуы.

Зæрондæн йæ зонд фæцæуы.

Зæронд алцыдæр йæхимæ ’мбары.

Зæронд хъуыр-хъуыргæнаг у.

Зæронд зындарæн у.

Зæронд маст æмæ ’фхæрдхæссæг у.

Зæрондæй кæй ратонай, уый фарсыл хæцы.

Зæрондæй кæй ратонай, уый — сыхæгтæй æрдавæгау.

Зæронды растау, æмæ ноджы райс.

Цæргæс куы базæронд вæййы, уæд хæфсытæ фæахсы.

Дугъоны фæстаг — уæргъхæссæн.

Фæдисы цæуын чи нал фæразы, уымæн йæ цард нал бæззы.

Ме ’зæр мын халæттæ дæр ма базыдтой.

Базæронд ыстæм: нæ цард цард нал у, нæ кад — кад.

Зæронд мыл ысхæцыд, ме стæг фæхырыз.

Зæрондæн йе стæг фæхырыз вæййы.

Зæронды буар æмпылаг у, йæ тых та — сæттаг.

Зæронды царм æмпылаг у.

Зæрондмæ лæппуйы тых нал вæййы.

Зæронды тых ахадæн нал вæййы.

Зæронд ус судзины бын куынæуал фæуыны, уæд дзы фæдзæл дары.

Зæронд бæлас талайау нал фæтасы.

Зæронд бæласыл зокъотæ зайы.

Зæрондæн йæ лæдзæг — йæ удæмбал.

Цудтытæ-мудтытæ зæрондыл дæр нæ фидауы.

ЗÆронд йæ бызычъитæн хос нал фæкæны.

Зæрондæн йæ гуыбын — йæ уæлмæрд.

Лæгæй ахæм лæг кæм уыд? Ныр йæ зæронд тæсчъы хæссинаг фæци.

Йæ зæронд тæсчъы хæссинаг фæци.

Ныхасы дæ ныхæстæ хуыцауы сæрты куы ’мбæлдысты, уæд ныр фæндыры хæрæгау куы ныкъкъæдз дæ!

Фæндыры хæрæгау ныкъкъæдз и.

Куыройуат фæдæн.

Хæрæджы ’фтаугæйы хуызæн ныцци.

Ичъынайы калмау уæлæуыл баззад.

Адæмæй дæр, хуыцауæй дæр рауæлдай.

«Хуыцауæй дæр æмæ адæмæй дæр ферох дæн»,—хъаст кодта иу зæронд.

Ахæм рæстæг уыд, æмæ Нарт сæ зæрæдты нал нымадтой.

Ацы дуджы зæронд кадджын нал у.

Зæронд бæхы мардæй цæфхæдты йедтæмæ ницы пайда ис.

Уæрдон суг куынæуал ласа, уæд йæхæдæг суг у.

Кауы зæронд — æртдзыхы хос.

Зæронд æмæ мæгуыр кæрæдзийы ссардтой.

Дæлæмæ ’рхауæд зæрондæрхъуыдыгæнæг!

Зæрондæй дæ ус амæлæд, дард фæндагыл — дæ бæх!

Зæронд — æвæгæсæг, сидзæрæй мæгуырдæр.

Зæронды ничи уарзы, сывæллоны алчидæр уарзы.

Зæрондыл худæн нæй. :

Зæрондыл ма бахуд — дæхи сæр дæр æй баййафдзæн.

«оыд æмæ шырт

Иу лæппу быдта тæскъ. Уæд æй йæ фыд фæрсы:

«Лæппу, уыцы тæскъ цæмæн бийыс, тæскъхъуаг куынæ стæм?»

«Ацы тæскъ æз бийын дæуæн. Æмæ йæ куы сбийон, уæд дæ уым цæвæрдзынæн æмæ дæ къулæй ратулдзынæн.»

«Хорз, мæ хур, хорз. Фæлæ-иу æй бавæр. Уымæн æмæ ды куы базæронд уай, уæд дæ фырты дæр бахъæудзæн»,— загъта зæронд.

Лæппу ахъуыды кодта уыцы ныхасыл æмæ йæ тæскъ бийын ныууагъта.

Зæрондæй чи хъазы, уымæн йæ зæронд хъазинаг фæвæййы.

Сидзæр æмæ зæронд æвæринаг ысты.

Зæронд æвæринаг у, ’взонг — хъахъхъæнинаг.

Зæронд фæсал нæуæг: æрчъйимæ ’рдхæрдтæ сты.

Зæронд зæппæдз ног мардæн — фæсагæн.

Зæронды фæдзæхст лæппуйæн хæс у.

Ссæдз азмæ саби лæг к&ны, лæг та — зæронд.

Лæппуйæ цардагур фæзил, æмæ зæрондæй сыдæй амæлай.

Лæппуйæ цы байтауай, уый зæрондæй æркæрддзынæ.

Дунейыл зæронд цы нæ кæны, ахæм нæй.

Зæронд дур дæр кæны.

Зæронд хъæд æмæ дур дæр кæнынц.

Сызгъæрин зæронд нæ кæны.

Зæронд адзалы бæрæггæнæн у.

Азтæ адæймаджы адзалмæ кæнынц.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.