Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ЗАЙÆГОЙТÆ

Зайæгхал мæгуыр у.

Бæлас йæ къалиутæй фидауы.

Къабузджын бæлас — дымгæуромæн.

Къабузджын бæласæн дымгæ — знаг.

Маргъ кæуыл н’ абада, ахæм бæлас нæй.

Æнгуз бæлас йæ уидагæй хуыскъ кæны.

Бæласы цъупп тагъд хус кæны.

Бæлас йæ цъуппæй хуыскъ кæны.

Хуыскъ бæлас аууон нæ дары.

Хуыскъ бæлас — арты æртдзыхæн.

Сæлæфы зæй цы бæлас ыстона, уымæн йæ уидаг нæ сæфы.

Дыргъбæлас калæгыл тæригъæд хæцы.

Тала бæлас рæхснæг кæны.

Тала таладоиы фидауы.

Хъæд йæ цъуппæй фадын хъæуы.

Уисхъæд бæрцытæн хорз у.

Æхсæр сатæгæй ызгъæлы.

Залгъæд кæм байтауай, уым йæ мыггаг нал сæфы.

Цы хор зайа, уый кæнынц.

Хуым хурыскæсæнæй раптау.

Хор хылы-мылыйæ зайы.

Хор дæр хуссары хъарм уарзы.

Нартхор куы ссæуа, уæд хъуамæ дывæр похциласт æрцæуа.

Хъуыдыды фесты хортæ: уыйбæрц тас сын нал у хурæй.

Мæнæу тугыл аскъуыд: завад ыскодта, алы нæмыг дæр армыдзаг зæнг ысуагъта.

Хортæ тугыл аскъуыдысты.

Нопхоры бæркад нæй.

Цъæмæлæй хор — кæрчыты холлаг.

Картоф хоры ’мбис у.

Булкпь йе смагæй бæрæг у.

Астыгæрдæг æмæ къуылдымуис.

Астымгæрдæг къуыстымхал арæх кæм и.

Тæгуызгæрдæг сырдтæн Æфсатийы лæвар у.

Тæгуызгæрдæг — хохы дзæбидыртæн сæ минас.

Кæрдæджы фидауц — дидинæг.

Дидинæгæн йæ фендæй йæ тæф æхсызгондæр у.

Хъугомаг хъæмп цæгатаг хосæй хуыздæр у.

Цъалагом — абырæгыстон.

Лæджирттæг адджын у.

Саунæмыг дæр халсар у.

Цъун æмæ мыртгæ мæстад кæнынц, фæлæ пайдайæ пайда сты.

Хохы мæнæргъы аддж.ын у.

Уæд Саггаты хæйрæг загъта: «Уалдзыгон давон авд низы хæссы, фæззыгон давон авд низы суры.»

Давон авд низы суры.

Давоны хæрд сусæг нæ кæны.

Хуыскъæл æнæ мæкæрæз нæ зайы.

Хъæндæл хæрæджы былтæ нæ судзы.

Сындз — хæрæджы холлаг.

Пысырайы тæппал дудаг у.

Пысыра хæрынц цæххимæ.

Дуне ’хгæд чырынæй уæлдай нæу.

Дуне нырма сусæг у.

Æрдзы фарн — хуыцауы фариæй тыхджындæр.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.