Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ХЫГЪД. НЫМÆЦ

Иу æлгъыст у.

Иу æлгъыст у, дыууæ — арфæ.

Иу — æлгъыст, дыууæ — фæлдыст, æртæ куывд у.

Иу — æлгъыст, дыууæ — фæлдыст, æртæ — хуыцауæн кувинаг.

Æртæйæ хуыцауæн кувынц.

Æртæ зæрдæйæн адджын у.

Нартæм æртæ фæткæн баззад: царды, хъуыддаджы, куысты ’мæ фынгыл дæр.

Фынг дæр æртæ къахыл лæууы.

Агла, догла... (хъазæн хыгъд, дæсы онг).

Астæн фараст æмбал нæу — къæйттæ не сты.

Ирон нымады ссæдзтæ хицæнæй хынцын хъæуы.

Нымæцы фыд — дыууадæс.

БИРÆ. ЧЫСЫЛ

Бирæйæн кæрон нæй.

Хосæн йæ уавæр — йæ бирæ.

Бирæ бындзытæ кæм и, бирæ мыд дæр уым и.

Ныккæнæн сын нæй, афтæ бирæ сты.

Уыдон бирæ сты: хъæды хих æмæ кæрдæджы ’лгъдзæг цæйбæрц ысты, уыйбæрц.

Базмæлæн нал уыди адæмæй — арвæй æхсидав куы ’рхаудаид, уæд зæххыл нæ сæмбæлдаид.

Арвæй дур куы ’рхаудаид, уæд зæхмæ не ’рхæццæ уыдаид, уыйас адæм дзы уыд.

Бæстæ сæ уæзæй æмдзеллау, æмæнкъуыст кодта.

Бирæ ’мæ ’взæр.

Бирæ ’взæр хæрджытæй иу бæх хуыздæр.

Бирæ Хъæриуы цъиахтæ дæр ысты, фæлæ иу зымы йаргъ не сты.

Къора—къордæй, Цымыти—фондзæй, уæддæр Цымыти тыхджындæр.

Цæйнæфæлтау бирæ ’мæ ’взæр, фæлтау гыццыл æмæ хорз.

Стыр ницыйы бæсты чысыл исты хуыздæр.

Мысты хуымы йас.

Цъус уæд æмæ дзæбæх.

Сызгъæринæй бирæ нæй.

Цæст йæхæдæг чысыл у, фæлæ ’гас дуне уыны.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.