Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ХОРЗ ÆМÆ ФЫД

Лæгæн хорздзинад йæхицæй цæуы.

Лæгæн хорздзинад йæхицæй кæнгæ у.

Цы байтауай, уый æркæрддзынæ.

Хъуамæ адæмæн ахæм хæрзты бацæуай, æмæ дæ сæ зæрдæйæ рох куыннæуал кæной.

Лæг хъуамæ хорздзинадæй сараза исты уæлæуыл, æвзæрдзинад алы уысммæ дæр ис саразæн.

Хорз ракæ ’мæ уæд адæмы дæ.

Йæ уд, йæ дзæцц — искæмæн исты хорз ракæнын.

Сой у уыцы адæймаг.

Хорздзинадыл æндæр искæй ма дом, дæхæдæг уал ын исты хорз фæу.

Искуы дæхицæн удыбæстæ скодтай?

Удыбæстæ кæмæн ыскæнай, уый дæ ’мбардзæн.

Удыбæстæ агургæйæ у.

Удыбæстæ хæрзиуæг у.

Дзæнæтм,æ цæуын хатгæйæ нæу.

Дзæнæты бон мæрдтыл хахуыр нæ зоньь

Иутæн дзæнæты дуар у гом, иннæтæн та — зындоны дуар.

Зæрдæйы хорзæхæй хуыздæр ницы ис.

Хуыцау хæрзгæнæг у.

Нартæн хуыцау хæрзгæнæг уыди.

Даредзантæн хуыцау хæрзгæнæг уыди.

Хуыцау дын хорз ракæнæд!

Гъемæ, хуыцау дын хорз ракæна, æфсымæртæ иу хъæумæ бахæццæ сты. (Хуыцау дын хорз ракæна... Таурæгъгæнæг арæх фæкæны йæ ныхасы ацы дзырдтæ).

Хуыцауæй арфæгонд у!

Махæй йын — бар, хуыцауæй — лæвар.

Дæ фыдæх мæ уæд, æмæ хуыцауы хорзæх!

Хорзæх фарн у.

Хуыцауæн — табу.

Хуыцау, мах — де уазæг!

Хуыцау, мах дæр де сконд, де сфæлдыст ыстæм. Æмæ хуыздæр арфæ кæмæн ракодтай, мах дæр уый æмбал фæкæ. (Кувæджы ныхæстæ).

Хуыздæр фадатагурæг чи ацыд нæ хæхтæй, хуыздæр амондыл чи фæхæст, уыдон æмбал нæ мæгуыр адæмы дæр фæкæн! (Кувæджы ныхæстæ).

Æдылы — кувæг, Рæстæ — уацхæссæг.

Рæстæбараджджын, н’ алы хъуыддаг нын рæстмæ кæн.

Дзæбæхæй-иу нæм æрцу ’мæ-иу нæ хъæлдзæгæй ныууадз. (Кувæджы ныхæстæй).

Рæстæбараджджын! Хуыцаумæ цæуæг дæ, нæ хъуыддæгтæ нын рæстмæ сараз! (Кувæджы ныхæстæй).

Бур æртхурон! Уæларвмæ цæуыс —нæ хорзы хабар нын фæхæсс, хорз æмæ нæм дзæбæхтæ ’рхæсс! (Кувæджы ныхæстæй).

Табу, табу — цы зæд, цы дауæг дæ, рæстмæ нæм ракæс! (Кувæджы ныхæстæй).

Бирæ куывдæй бирæ хорз хуыздæр.

Хуыцау, уæдæ бирæ куывдæй бирæ хæрзтæ хуыздæр ысты ’мæ нын бирæ хæрзтæ ракæн. (Кувæджы ныхæстæй).

Хуыцауæн фæнды дзыхъхъы кув, фæнды — къуыппыл.

Рæстæмбæлæг дæ хуыцау фæкæнæд!

Æвзæр æмбæлæгæй дæхи хъахъхъæн.

Уастырджи дæр хæрзæмбæлæгæй уæлдай ницы у.

Йæ къах мын æнæнизы хос фæци.

Æ, джауыр, саджы уæлдай дæ хай! Рæстмæ ныл .уас (фæзæгъынц, халон куы фæуасы, уæд).

Мæ разæй дыл хорз æрцæуæд!

Хорзæй хуыздæр хæрзтæ дыл æрцæуæд!

Хæрзгæнæджы адæм уарзынц.

Хæрзгæнæджы коммæ бакæс.

Æнæхъуаджы мысты хъыджы дæр ма бацу.

Хуыцауæй дæм тæригъæд нæ кæсы?

Афтæ ма бакæ: хуыцауæй тæригъæд у.

Хуыцауы зæрдæ дыл ма фæхудæд!

Йæ тæригъæдæй зæрдæйы тугтæ кæлынц.

Йæ тæригъæд дæ фæхæссæд!

Дæ тæригъæдæй нæм мацы ’рхауæд!

Фыдæхæй хорз хуыздæр у.

Асхойын — æнцон, барæвдауын — зын.

Ичъына дæр ма зымæджы калм бахъахъхъæдта.

Мæ цæхх цæххы ад нæ кæны (ома, мæ дзæбæх ницы давы).

Къæрмæгон адæмы мæрдтыл куыдта, йæхи мардыл ын иу ыскæуæг нæ уыди.

Мæхи сыл сойау куы байсæрдон, уæддæр сын бæсты нæ цæуы.

Æвзæрæн хорз бæсты нæ цæуы.

Хæрзгæнæг хорз нæ ары.

Хорз кæн, æмæ фыд арай.

Хорз ма ракæ ’мæ фыд ма ссарай.

Хæрзгæнæг хорз никуы ссардта.

Хæрзгæнæг хорз кæм ыссардта, уырдæм мæ фæкæ.

Хæрзгæнæджы дуармæ — ахст.

Хæрзгæнæджы артыл — доны къус.

Æппæтæн хæдзаргæнæг æнæ хæдзарæй баззад.

Хæдзаргæнæджы мард — фæсдуар.

Къæсæргæнæгæн дзы раздæр йæхи сæр сæтты.

Комы сæрыл дзурæг комы фæхъхъау кæны.

Сæрылхæцæг — сæрыл хаст.

Сæрылхæцæг æфсымæр у.

Адæймагæн фыдгæнæг куыд ис, хæрзгæнæг дæр ын афтæ ис.

Фыдæхы охыл кæд дæ, уæд мæм фæлæуу. Кæд — хорзы охыл, уæд мидæмæ рахиз.

Армы хъарм — зæрдæйæн æвдисæн.

Бирæгътæ фæндзгæйттæ зайынц, фæлæ уæддæр нæ зынынц, фыс та иу ныззайы ’мæ уæддæр бæрæг у.

Искæй хорздзинад фæзминаг у.

Лæг хъуамæ йæ хæрзгæнæджы зона.

Хорзы дын чи бацæуа, уымæн æй хорзæй бафид.

Зæронд хорз зæрдыл нал фæлæууы.

Хорз мысæг у (ома, хорз ма рох кæн).

Куыдз дæр ма хорздзинад нæ рох кæны.

Хорздзинад сырдæй дæр нæ рох кæны.

ДОМБАЙ ÆМÆ МЫСТ

Мыст домбайы хъæбысы бахауд. Домбай йæ рацахста ’мæ йæ хæрынмæ куыд хъавыд, афтæ йæм мыст дзуры: «Домбай, ма мæ бахæр, æмæ дын æз дæр дæ дзæбæх нæ ферох кæндзынæн». Домбаймæ дис фæкаст мысты ныхас æмæ йæм дзуры: «Куыд дæм кæсын, афтæмæй худæджы мыст цыдæр дæ, уыййедтæмæ ды та мæнæн цæмæй баххуыс уыдзынæ?» — Æмæ йæ ауагъта.

Уыйфæстæ цуанон домбайæн ахсæнхыз цæвæрдта.

Домбай хызы мидæг ыстыхсти ’мæ ныббогътæ кодта. Мыст уый куы фехъуыста, уæд æм æрбазгъордта. Бахсыдта хызæн йæ синæгтæ ’мæ фервæзын кодта домбайы мæлæтæй. Дзæбæхдзинад нæ рох кæны.


Уый йæ хæрзгæнæджы дæр нæ зоны.

Уый йæ фыдгæнæджы дæр нæ зоны ’мæ йæ хæрзгæнæджы дæр.

Нæ йæ хæрзгæнæджы зоны, нæ — йæ фыдгæнæджы.

Хорзракæнд фыдæй нæ фыстæуы.

Ирон лæгæн хорз ма фæу: тагъд дын æй ферох кæндзæн, фæлæ йæ чысыл фæхъыгдардтай, зæгъгæ,— нал дын æй ферох кæндзæн.

Дæ дзæбæхтæ доны ма кал.

Æз дын цал хорзы фæдæн, уал тъæппы фæхау!

Хæрам дын фод мæ дзæбæх!

Сæгъ загъта: «Æз цы бæласмæ не ’ххæссон, уый бахуыскъ уæд». Бæлас та афтæ загъта сæгъæн: «Ды мæ бузныг нæ дæ — куы бахуыскъ уон, уæд хуыздæр».

Сæгъ йæ къæхтæй хъаст кодта, фæлæ йæ ирвæзынгæнæг разындысты.

Фыдæй дæр дын ницы ракодта ’мæ хорзæй дæр.

Æвзæрæй дæр дын ницы ракодтон æмæ хорзæй дæр, кæй загъдæуы.

Хорз лæг йæ хорз ракондыл фæсмон нæ кæны.

Хорз куы фæуай, уæд æй тайын бауадз.

Цыфæнды хорз куы фæуай искæмæн, уæддæр ын æй макуы зæгъ: йæхæдæг æй æмбардзæн.

Хæрзæджы хорзыл дуне цин кæны.

Хорз кæм и, уым фыд дæр и.

Хур дæр адæмы се ’ппæты ’мхуызон нæ тавы.

Фыд — емынæйы фыдф|æлдисæг.

Йæ хуыцау ыл рахатт.

Хуыцауы ’лгъыст.

Хуыцау йæ бæллæх кæуыл сæвæрдта!

Хуыцауы гæрах.

Æ, хуыцау кæмæн нæй!

Йæ хæйрæджы хай йыл фæуæлахиз.

Бынылзад хæйрæг.

Хæйрæджыты паддзах.

Фæхтыл бадæг куырысдзау.

Хæйрæджыты амæттаг фæу!

Тутыры æртгоймаг — хæйрæджытæн æртдзæгъдæн.

Хæйрæджджынæн дзуары кой рæхуыст у.

Хуытæ сæ фыдфынтæ фосмæ ардыдтой.

Нар сæ бирæгъы Захъамæ арвыстой.

Ай дын замана ’мæ кæнды фыд.

Знæт фыс — дзугæн фыдбылыз.

Сырдон — Нарты фыдбылыз.

Сырдон фыдбылыз дæр уыди ’мæ пайда дæр.

Сырдон-иу фыд кæм сарæзта, уым-иу хорз дæр ракодта.

Кæм Нарт — Сырдонæн, кæм Сырдон — Нартæн.

Фыдлæг — фыдбылызхæссæг.

Сынтхъæргæнæг æмæ халонуасæг.

Уый йæхæдæг куыд у, искæмæн дæр афтæ ’нхъæл у.

Сырды каст кæны.

Цæст хæрам æмæ хæлмаг у.

Цæст хæрамтауæг у.

Цæстыл авд дауæджы бады.

Æмæ йыл цы зæд, цы дауæг атахти?

Фыд чи баййафы, уый — фæрæтджын.

Фыд кæуыл æрцæуы, уый — фæрæтджын.

Фыд кæуыл æрцæуы, уый æхсарджын кæны.

Фыдлæг — фæрæтджын.

Фыдлæджы цæфæй хъæдгом æрæгмæ ’ндидзы.

Фыдлæгæн бæх æмæ ус бирæ нæ цæрыиц.

Цъиусур цъиутæн тæригъæд нæ зоны.

Й’ ас чысыл у, фæлæ йæ фыдбылыз — бирæ.

Цалхмæ не ’ххæссыд æмæ сæмæны къубал ыстыдта.

Фыдусы кæлмæрзæн — æнæхау.

Фыдусы ’лгъыст къæсæрмæ хæссы.

Калмы сæрыл цæхх кæны.

Калм афтæ бакæны: мæнæн мæ хъулон æддæмæ у, адæмæн та — мидæмæ.

Калмæн йæ хъулæттæ ’ддæрдæм ысты, лæгæн та — мидæджырдæм.

Хахуыр лæджы зæрдæ калмæй хъулондæр у.

Калмы дзыхы йæ къух чи тъыссы!

Калмы дзыхы дæ къух ма кæн.

Калмæй алчи дардмæ лидзы.

Тибиты рын!

Сырд сырды фыдыл дæр н’ ауæрды.

Йе ссыр æруагъта.

Лæг амарын æм гæнгæлыйы хих акъуырынæй уæлдай нæ кæсы.

Удхæссæгæн — минæвар.

Иæхи чи мары, уый хæйрæгæй æлгъыст у.

Фæнды дæхи амар, фæнды искæй — уæлдай нæу.

Æрыдоныдонау алырдæм æфхæры.

Донмæ нæ скъæры ’мæ нæ æнæ донæй ыздахы.

Кæфхъуындарау доны ныббадти.

Къуымых кардæй мæ аргæвста.

Куыдзы зæрдæ.

Куыдзы кой ыскæн, æмæ дæ лæдзæг цæттæ дар.

Куыдзы хъæхъхъаг фидауы, лæджы хъæхъхъаг нæ фидауы.

Уымæн йæ зæрдæйæ марг ысчындæуыдзæн.

Бирæгъау сыллынк-сыллынк кæны.

Бирæгъæн йæ сыллынкыл дзырд бачынди ’мæ лиуырдгæпп райста.

Лидзæг дæр æмæ сурæг дæр хуыцаумæ кувынц.

Æрсытæй алыгъд æмæ бирæгътæм бафтыд.

Бирæгъы лæппынæй хъæбулгæнæн нæй.

Бирæгъы лæппын — рувасæн æмбæхсæн.

Чидæр, дам, бирæгъы мæрдгæс ыскодта.

Бирæгъ — мæрдгæс.

Бирæгъы мæрдгæс ничи кæны.

Бирæгъы фосгæс ничи кæны.

Бирæгъы ’фцæджы руд ничи ’фтауы.

Бирæгъы хъуыры — фыды хай.

Бирæгъ, бахæра — нæ бахæра, уæддæр бахордта.

Мардыл маст чындæуы, фæлæ бирæгъы мардыл ничи кæуы.

Фыд тæразæй нæ барстæуы.

Бирæгъы гакк — сау гакк.

Бирæгътæ иууылдæр — къуыбырхъустæ.

Фыдæлтæй фæткæн баззад: æвзæр æмæ фыдæх лæг хъæугæрон фæцæрынц.

Фыддзæрин цуйраг нæ уадзы.

Мард дзы рухсаг нæ фæуыдзæн.

Хæрамзæрдæ лæг хæлæггæнаг у.

Бирæгъæй зыддæр, куыдзæй хæцагдæр, рувасæй хиндæр.

Кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та — рæхуыст.

Мастæн ма — рæхуыст.

Дзауахет сыгъди ’м,æ, дам, ма йыл ноджы ’хсидæвтæ

’вæрдтой.

Чи цы бакодта — хорзæй дæр, æвзæрæй дæр — уыдон сом рабæрæг уыдзысты.

Чи цы кæны, уый йæхицæн кæны.

Цы дыл цæуа — дæхи тыххæй.

Дæхицæы цы нæ кæнай, уый дын ничи бакæндзæн.

Лæг хорз дæр æмæ ’взæр дæр йæхæдæг йæхицæн кæны.

Хæрзгæнæг дæр йæхицæн æмæ ’взæргæнæг дæр.

Æвзæргæнæг дæр — йæхицæн, хæрзгæнæг дæр — йæхицæн.

Ц’ агурай, уый ыссардзынæ.

Чи ц’ агура, уый ыссары.

Искæмæн уæрм чи къахы, уый дзы йæхæдæг хауы.

Уæрм чи къахы, уый дзы йæхæдæг хауы.

Уæрм чи къахы, уый дзы тагъддæр ныххауы.

Уæрмкъахæгыл дур хауы.

Чидæр бирæгъыл цъысым æвæрдта ’мæ йын йæхи ’рцахста.

Кæмæн куыд фæуай, афтæ дын фæуыдзæн.

Чи дæм цы цæстæй кæса, ды дæр æм уыцы цæстæй кæс.

Чи дæ куыд уына, афтæ йæ фен.

Искæмæн дæ цы фæнда, уый дæхицæн фендзынæ.

Лæдзæгæн дыууæ кæроыы ис.

Фæдын дыууæрдæм у.

Сæгъ тыры мылыйæн цы ракодта, тыры мылы та уый сæгъы цармæн ракодта.

Мæ чындмæ чынд бакодтон.

Мæ чындмæ — чынд.

Чындмæ чынд нæ чындæуы.

Адæмæн дæ цы фæнда, уый дæхи сæрыл цæуы.

Фыдæхдзинад чи хæсса, уый йæ йæхи сæрæй бафиды.

Бирæгъ йæ хæс йæ цармæй фиды.

Дзæргъы цæстысыгтæ бирæгъыл æртыхсдзысты.

Æгæнон хъуыддаг нæ тайы.

Æвзæрдзинад никæмæн тайы.

Æвзæргæнæгæн йе ’взæр йæхиуыл цæуы.

Æвзæргæнæгæн йе ’взæр йæхиуыл тыхсы.

Йæ тæригъæдтæ йыл æртыхстысты.

Тæригъæд бирæ фæлтæрты ’ййафы.

Тæригъæдæй тæрсын хъæуы.

Ныр фæззæджы Тутыр у, уæ зымæджы Тутыр уыл хуыцау мæ тæригъæдæй кæугæйæ ’руадзæд!

Цы не ’мбæла, уый дын нæ батайдзæн.

Фыдгæнæгыл ничи ауæрды.

Хуыцау дæ ралгъитæд!

Хуыцауы фыдæх дæ баййафæд!

Хуыцау ын æй ма ныххатыр кæнæд!

Уарæхсджы хорз дын хуыцау авæрæд!

Хуыцау алкæй дæр уыны.

Хуыцау бирæ бараг у.

Уæлæрвтæм маст куы бахъары, сæ тæрхон тызмæг æмæ карз уæд вæййы.

Хуыцауы ныхмæ чи рацæуа, уый хуыцауы фыдæхæй фесæфдзæн.

Уæллаг дæ ныццæвæд!

Хуыцау ныл йæ цæхæр калы.

Хуыцауы фыдæх иу бон у, адæмы фыдæх — алы бон.

Туг ныл ныууарыд.

Фыдусæн хъæбæр над мæкæрæз хæрæгау у.

Дæ фыдгул дæр уымæ куы бакæсид!

Дæ балгъитæгыл æндæр хорз ма ’рцæуæд!

Йæ хъал бон бакалдта.

Йæ хæйрæджы хай йæ бахордта.

Æвзæргæнæг æвзæр мардæй мæлы.

Тæригъæдджын лæг зынудисæн кæны.

Фыдлæг мæлгæйæ зынудисæн кæны.

Фыдус мæлгæйæ утæхсæн кæны.

Бирæгъы цардæй фæцарди ’мæ бирæгъы мардæй ныммарди.

Хуыцауы ’фхæрд — хуыцауы сой.

Арвы гæрахæн топпы гæрах — йæ дзуапп.

Топпы гæрахæн — арвы гæрах.

Æрвдзæфы нæмыг — хæйрæгæн ыстъæлфæн.

Арвы цæхæр — хæйрæгæн дæлдзæхы хос.

Сампал — къæпп, фæлæ топп не схæцыд.

Топпы ’ркъæпмæ цы знаг нæ лæууа, уый — фыдлæг.

Бирæгъæй ма тæрс, фыдлæгæй тæрс.

Налат лæгæй тæрс, фæлæ хъæхъхъаг куыдзæй ма тæрс.

Фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц.

Фыдбон, фыддуг æмæ фыдызнаг бирæ нæ хæссынц.

Бирæгъы фарнæй фосы фарн фылдæр у.

Бирæгъы фарнæй дзуджы фарн хуыздæр у.

Хъæухор бирæгъæй хъæуы фарн тыхджындæр у.

Хъæухор бирæгъ бирæ нæ хæссы.

Хъæу чи хаста, уыцы бирæгъ фесæфт; хъæу баззадысты.

Кæмæн фыддæр — хъæбæрдæр!

Фыдæй фыдхъæдгом хуыздæр у.

Нартмæ фыдвæд цас уыди, хæрзвæд сæм сæдæ ахæмы уыд.

Кадæн — кады сæр, фыдæн — фыдæй фыддæр!

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.