Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ХИОН. ХÆСТÆГ. МЫГГАГ

Æфсымæр æфсымæрæй байуæрста, фæлæ уæддæр æфсымæртæй баззадысты.

Æнæ ныфс, æнæ хион лæгæн цæрæн нæй.

Дæхионы зон.

Куыдз дæр ма йæхионы зоны.

Хионы агурын хъæуы.

Рæгъауы дæр алчи йæхионы агуры.

Хион лæджы тыхсты бои бахъæуы.

Алчи йæхионыл мæлы.

Хионмæ уазæджы номæй нæ дзырдæуы.

Дæхионы цы хонай, адæм дæр æй уый хондзысты.

Хионы искæй хæдзары стыр хайæ ма хынц.

Чидæр йæхионæй дардмæ лыгъди.

Дон фæцæуы, дур йæ бынаты баззайы.

Чи кæмæй уа, уымæй бавæййы.

Кæрцæй хæдон — хæстæгдæр.

Кæрцæй хæдоны ’хсæн дæ къух ма кæн.

Æнæ тугхæстæг æфсымæр нæй.

Дзæбæх хæстæг зæрдæ у.

Хæстæджы хæдзары дыууæ басы цымдæуы.

Хæстæг сæрнизæн æххуыс нæу.

Хæстæг дæндагнизæн æххуыс нæу.

Хæстæг хуымы нæ зайы.

Хæстæг никуы сæфы.

Мæ туг, ме стæг.

Хæрæфырт адджын у.

Хæрæфырт барджын у.

Хæрæфырт тыхджын у.

Хæрæфырт домбай у.

Хæрæфырт тугисæг у.

Хæрæфырт астæуыккаг цæджындз у.

Хæрæфырты сидзæр мадырвадмæ цæуы.

Уый йæ мадырвадæлтæй йæ сины сæрыл хæцы.

Мады хойæ мады ад цæуы.

Æнайы хæстæг — рæбинаг.

Минас дæ куы фæнда, уæд дæ мады хомæ бауай, маст дæ куы фæнда, уæд — дæ фыды хомæ.

Арс дыууæ ’мхæрæфыртæй тæрсы.

Дыууæ ’мхæрæфыртæй арс хъæдмæ лидзы.

Дыууæ ’мхæрæфыртæй арс хуынкъмæ лидзы, дыууæ ’мсиахсæй та хæрæг хуымæй дæр не здæхы.

Æмхæрæфырт æфсымæры туг исынæн бæззы.

Чидæр йæ мады мард йе ’мхæрæфыртæн ныгæнын кодта.

Æфсымæры лæппу æфсымæр нæ комы.

Æфсымæры цот цот нæ комынц.

Кæд дæ минас хъæуы, уæд дæ усы хомæ бауай, кæд дæ маст хъæуы, уæд та дæ фыды хомæ.

Дæ мадæй дæ маст куы уа, уæд дæ усы мадмæ бауай.

Усы хæстæг — удылхæцæг, мады хæстæг — хурхылхæцæг.

Усы хæстæг — рæбинаг, фыды хæстæг — фæсдуайраг.

Стæгхæстæг мын иæу, нывæраæнырдыгæй хæстæг мын у.

Тæрхъусы басы бас.

Дыууæ хæстæджы туджджын æмæ тугагур ысты.

Æнæзонгæ хæстæг ызнаг у.

Ног хæстæг къоппы доны ад кæны.

Сиахс каистæн адджын у.

Сиахс каистæн хъæбул у.

Сиахсæй хъæбулæй хъауджыдæр нæй.

Сиахс хæдзайраг у.

Сиахс фæсдуар лæууынæй буц кæны.

Сиахс каистæн — лæггадгæнæг.

Сиахсы куыст фарсыл хæцы.

Сиахсы куыст хæдзарыл хæцы.

Сиахс, дам, æлдар у.

Æмсиæхстæ кæрæдзи уарзынц.

Хæстæджы ныфс зæрдæйæн цæджындз у.

Æнæ хæстæг цæрæн нæй.

Мыггаг фыды номæй исгæ у.

Бæлас уидагæй фидар лæууы.

Уæ мыггаг сыскъуийæд!

Уæ мыггаг сихсийæд!

Æрвадæлты ’хсæн адджын цард хорз у.

Мыггагæй лæг у.

Мыггаджы иу лæг сегасы йаргъ у.

Хорз лæг цы мыггаджы уа, уыцы мыггаг — уæздан.

Иу лæг мыггаджы ном хæссы, иу лæг мыггаджы ном сафы.

Æвзæр мыггаджы худинаггæнæг у.

Æнæ барц, æнæ дымæг.

«Мæн у» зæгъæг дзы нæй.

Йæ фæстæ цъиухъæргæнæг дæр нæ рацыд.

Куыдз ысрæйæг дæр ыл нæй.

Æнæзонгæ ’рвад ызнаг у.

Фыдæрвад фыдызнаг у.

Фыдызнагæй фыдæрвад фыддæр.

Фыдæрвады кæрц кæнгæйæ къуындæг у.

Фыдæрвад — бабынæнхъæл, фыдкаис — бахæрынæнхъæл.

Бафтынæнхъæл — фыдæрвад, бахæрынæнхъæл — фыдкаис.

Афтæ фæзæгъынц: адджын хæларæй фыдæрвад хуыздæр.

Хорз лымæнæй ызнаг æрвад хуыздæр.

Хорз æрдхордæй æвзæр æрвад хуыздæр.

Хорз хæстæгæй фыдæрвад хуыздæр.

Æрвад фæдисон у, фæлæ маст дæр у.

Æрвад туг нæ исы.

Æрвад тугыл мæлы.

Зæгъæн бон дзы мыггаг куынæ уа, уæд дæ ис— ницы.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.