Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ХИН ÆМÆ КÆЛÆН

Рувас хин у, лæг — кæлæн.

Сырдон — арвы хин æмæ зæххы кæлæн.

Арвы хин æмæ зæххы кæлæн.

Хин æмæ кæлæн.

Йæ цæстæнгас — арсы, йæ хин митæ — рувасы.

Цыма ницы уыди, уый бадт ыскодта.

Цыма йæ былы бынæй уддзæф не схаудзæн.

Йæхи нæхъусæг ыскодта.

Хуы къæрцмæ куы ныхъхъус уа, уый хъус ныцци.

Хуы цъыфдзасты куы ныхъхъус уа, уый хъус ныцци.

Дæ хъусты кæрмæджытæ ис?

Йæхи кæлæхы галау ауагъта.

Йæхи æдзæлæг, æмæлæг акæны.

Дæлгоммæгæсæг.

Лалым, дæумæ дзурын, гæбæт, ды йæ бамбар.

Къæсса-мæсса, дæумæ дзурын; дзæкъул-мæкъул, ды йæ бамбар.

Æнцад малы хæйрæг бады.

Мæнгард лæг æргом нæ цæуы, сусæгæй архайы.

Хины барæг фæсвæдты цæуы.

Ахæм хин адæймаг у ’мæ йын æвæд миты йæ фæд ничи ссардзæн.

Ногуард митыл ын йæ фæд ничи ссардзæн.

Уый й’ астæумæ миты куы бацæуа, уæддæр ын лæг йæ фæд не ссардзæн.

Хины сырдæн миты дæр йæ фæд нæ фæзындзæн.

Уымæн йæ фæд хæйрæг дæр не ссардзæн.

Уымæн йæ хуымгæнд зæххы бын ис.

Уымæн йæ хуымгæнд дæлдзæхы ис.

Уымæн йæ хуымгæнд авд дæлдзæхы бын ис.

Зæххыбынтыдзæуæг.

Й’ айк — иу ран, йæ хъуыдатт — иннæ ран.

Йæ хосгæрст — иу ран, йæ хуымгæнд — иннæ ран.

Йæ фат фехста, йе ’рдын бамбæхста.

Йæ фат сæлвасы, йе ’рдын бамбæхсы.

Кæсгон къах æм фæкодта.

Разæй худгæ кæны, фæстейы та счъилы нуæрттæм хъавы.

Разæй дæм худгæ кæны, фæстейы та счъилы нуæрттæ лыг кæны.

Разæй худгæ кæны, фæстейы та счъилы нуæрттæ цæгъды.

Фыдгулæй худгæ-хæрам фидардæр у.

Æнцондзурæн æмæ зынцæуæн Джебета.

Лæгъзæвзаг æмæ сындз-зæрдæ.

Йæ дзыхмæ — комдзаг, йæ цæстмæ — ’хсидав.

Козбау уæрыкк дыууæ мады бададта.

Йæхи сойæ йын йæ былтæ айсæрста.

Арсæи йæхи фыдæй — кæрдих.

Хæйрæг йæ фæстаг къахæй æрцахстам.

Кæсыс æмæ — мæнæ хæйрæг!

Аргъуаны хæйрæг.

Хæйрæглæг гæркъайы хуынчъы дæр абырдзæн.

Йæ сайæнгæрзтæ йæхимæ не сты.

Хуыцау мын иу саинаг æрхаста.

Саинаг ыссардтой ,æмæ йын цæхджын сайд фæкодтой.

Саггатæ, дам, хæйрæджы дæр фæсайдтой.

Саггаты хæйрæджы сайд.

Цæуылнæ худай — дæ тын дæ къух ыссардта! (Сырдоны ныхæстæй).

Сырдоны дæндаг йæхион ыссардта.

Нарты Сырдоны сайд мæ фæкодта.

Цæхджын сайд мын акодта.

Сауджын мархойы сайгæ кæны.

Сабыргай-сабыргай ныл хæрæджы уаргъ сæвæрдтой.

Хæйрæджы сайдæн хос æрцæудзæн, фæлæ коса лæг кæй фæсайа, уымæн хос нал и.

Хæйрæг кæй фæсайа, уымæн — молломæ хос, фæлæ молло кæй фæсайа, уымæн хос нал и.

Фады хинау.

Хæйрæг кæй нæ сайы!

Сайд кæуыл не ’рцæудзæн, ахæм нæй.

Сайд хуры чызгыл дæр цæуы.

Сайды фæуын амæлæтмæ дудаг у.

Нæртон лæгыл сайд куы ’рцæуы, уæд нал фæхæцы.

Дæ мад та кæй чызг у?

Ды кæй асайай, ам дæр дзы ахæм (лæппу, чызг, лæг, ус) нæй.

РУВАС ÆМÆ ЙÆ ЛÆППЫН

Карцайы рагъыл иу рувас йæ лæппынимæ хъазыд.

Æвиппайды рувас йæ фæстæгтыл абадт, йæ раззаг къæхтæ та хæрдмæ ивазы.

— Уый куыд бадыс, нана? — лæппын æм дзуры.

— Куыд бадын куы зæгъай, уæд далæ Арыхъхъы рагъыл арт судзы ’мæ йæм мæхи тавын.

Лæппынæн æвиппайды йæ хъыллист фæцыд æмæ йæ къæхтæ мæлæгау тилы. Йæ мад æм кæсы ’мæ йæ фæрсы:

— Цы кæныс, нанайы карк, цы тилыс дæ къæхтæ?

— Куыннæ тилон, нана, мæ къæхтæ? Уыцы артæй мæм ыстъæлфæн æрбахаудта ’мæ мын сæ басыгъта.

— Ды та мæнæй гæдыдæр, быдырæй хохмæ зынджы стъæлфæн кæй судзы, — загъта лæппынæн йæ мад.

Мæнг нæ бакæнынц: кæд ды рувас дæ, уæд æз та — дæ къæдзил.


Рувас иу хохæй иннæ хохмæ йæхи тавта.

Хиигæнæгæй хиндæртæ вæййы.

Хинæн кæлæнтæ зоны.

Гæды фæлывдæн сайын нæ комы.

Фæливæгæн фæлитой митæ хъæуы.

Мусы лæгъзы дын цы сайд фæкодтон! (Аргъауы ныхæстæй).

Хинæн кæлæн — йæ хос.

Хинæн — кæлæн.

Хингæнæгыл йæ хин æртыхсы.

Кæлæнгæнæг йæхи кæлæнæй тыхсы.

Хингæнæгæн йæ хин йæхиуыл тыхсы.

Хингæнæгæн йæ хин авд хатты йæхи у.

Хингæнæгæн й’ авд хины йæхи фæвæййынц.

Хæйрæджы фарстой:

«Чи дæ фæнадта?»

Уый сын загъта:

«Мæхи-мæхæдæг!»

Хин ма кæ ’мæ кæлæн ма ссарай.

Кæлæнгæнæг ус хуыцауæй æлгъыст у.

Кæлæнгæнæг йæхи кæлæнæй сæфы.

Сайды фæдыл аходæн бахæрдзынæ, фæлæ дзы сихор нал бахæрдзьшæ.

Расайдæй радавдæй уæлдай нæй.

Зæрдæхудтæй куы тæрсай, уæд сайгæ ма кæн.

Хинæй цæрæн нæй.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.