Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ТАГЪД. СЫНДÆГ

Бон ыл уылынг æфтыд, æхсæв — дисны. (Аргъауы ныхæстæй).

Сындзытыл бадæгау бадын.

Тотийы куыройау йæхицæн бынат нал ары.

Æниу мæ бæтгæ куы бакодтаид исчи, уæддæр фæлæууин!

Уыцы тагъдæй дæ мады гуыбыны куыд лæууыдтæ?

Цъил фестад.

Цъилау зилы.

Суаддзалх и.

Талф-тулф.

Тæх-топп хæстæг нæ зоны.

Уымæн йæ фæдыл тæвд къодæхтæ баст и.

Бындзæй тагъддæр у.

Дыууæрдæм тыннывæндæгау кæны.

Сындзыцъиуы рауай-бауай цы кæныс?

Йæ фезмæлдыл цæст нæ хæцы.

Кæд бадгæ кæны — лæугæ скæнæд, кæд лæугæ кæны — мауал æрбадæд, фæлæ мæм хæццæ кæнæд!

Æхсæв-бон ма бахынц.

Цалынмæ царæй зæхмæ тæдзынæг хæццæ кæна, уæдмæ зындзынæн.

Цыди ’мæ дæргъ уæрхмæ ’ргæвста.

Зымы уад кæны.

Къæхтæ йыл базад.

Базыртæ йыл базад.

Бындзы тахт акодта.

Фатау атахти.

Дурыл — дыууæ базыры.

Цæст ыл нал хæцы.

Йæ дымгæ дæр ын нал ауыдта.

Йæ дымгæ дæр ын нал аййæфта.

Æййафæг æй нал æййæфта.

Мамыкъайы бæхау хæдихорзæй уайы.

Ахæм цæф фæкæн бæхæн, æмæ д’ армы тъæпæнæй чъылбыс куыд ысхауа, й’ агъды фарсæй—уафсхор. (Аргъауы ныхæстæй).

Бæх уадæмуад æмæ мигъæмдзу кæнын байдыдта.

Цыппæрвадыгæй æнтъæры.

Хъæргæнæджы ’нтъæрд кæны йæ бæхы.

Фæдисы ’нтъæрæгау æнтъæры.

Афтæ фæзæгъынц: уайаг бæхæн йæ къæхтæ йе сæфтæн ысты, тæрхъус та йæ къæхты фæрцы ирвæзы.

Хъуыддаг фæцырдæй у.

Чи фæцырди, уый дыууæ бахордта, иннæ — иу дæр нæ.

Фæцырдæн бирæ нæ хъæуы.

Марæгæй æвзидæг раздæр фæци.

Хъавæгæй лæбурæг тагъддæр у.

Хъавæгæй лæбурæг фæраздæр.

Хъавæгæй æвзидæг фæраздæр вæййы.

Разыбадæгæй хъавæг фæтагъддæр вæййы.

Хъуыддаг дæргъвæтин кæнын нæ хъæуы.

Йæ боны кæй нæ бакæнай, уый сæдæ боны нæ комы.

Иу бон кæй нæ бакæнай, уый оæдæ боны дæр нæ бакæндзынæ.

Лыстыты арт цырддæр судзы.

Лыстыты артæй аг тагъддæр рафыцы.

Уæлæмæ цы фехсай, уый дæлæмæ дыууæ хатты тагъддæрæй æрцæуы.

Зынг цалынмæ не ’сцырын, уалынмæ йæ рагацау ахуыссын кæн.

Цы боны хорзмæ ма ’нхъæлмæ кæсут?

Тагъддæр размæл, уаллоны хылд цы кæныс?

Кæдæм тагъд кæныс — дæ дзаджджынтæ куынæ уазал кæнынц!

Абад нæм — сасиргур, миййаг, не ’рбауадтæ!

Цы тагъд кæныс — де ссивинаг хус кæны?

Тагъд ма кæн — де ссинæгтæ нæ баззадысты.

Нырма никуы — бæхы хуыррытт, никуы — ехсы къæрцц.

Бонтæ мыстытæ нæ бахордтой.

Агуыры ’фсæдты дæр ма хæрыны бон фæци.

Уанцон тагъд нæу: Гакъайы топхос дын куынæ у!

Дугъон бæхы дæр ма мизыны бон фæвæййы!

Дзуар дæр ма ’мгъуыдмæ фæлæууы.

Ирон лæг сæдæ азы фæстæ райста йæ маст, уæддæр афтæ: «Цымæ цы тагъд кодтон?»

Сургæйæ цард нæй.

Тагъд æмæ тæнæг.

Тагъдыл тагъд нæ хъæуы.

Тагъд хъуыддаг цыбыр рæстæгмæ нæ рæзы.

Тагъд хъуыддагæн дæсны хъæуы.

Тагъдгæнæгæй бæстонгæнæгæн хуыздæр æнтысы.

Хъæдмæ — тагъд æмæ хъæумæ — ’рæджиау.

Уаллоны бырд æмæ калмы селф.

Уызыны балц.ы фæцыд.

Уызынау ын цæуын не ’нтысы.

Уалдзæг уызын.ы галтæрæн уистæм рарвыстой æмæ фæззæджы мæкъуылафон æрыздæхт.


УЫЗЫН

Уызын хуымгæнæнты галтæрæн уистæм фæцыди хъæдмæ. Найгæнæнты фæстæмæ ’рыздæхт, мусы сагойыл фæкалди ’мæ мæстыйæ дзуры: «Мæ тæригъæд дæ уæд! Уд куыд тагъддæр тындза, афтæ ноджы фæстиатдæр кæны!»


Лæг цас тагъддæр кæна, уьйас ыл къуылымпы ’фты.

Лæг куыд тагъддæр кæна, афтæ фæстиатдæр кæны.

Цас тагъддæр кйнай, уыйбæрц—æрæгмæдæр.

Уый цалынмæ йæ иу къах иса, уæдмæ йын иннæ куыдз бахйврдзаен. .

Цалынмæ Пъауле уади, уалынмæ Бетърейы царм айтыгътой.

Сым-сымы Джиранка цас кæныс?

Кæсæгæн сæ бæхрæгъау куы фæтардæуыд, уæд ма сын сæ фаджысыл цагъд ыскодтой.

Мæргъæн сæ бæхрæгъау куы фæтардæуыд, сындзджын цагъд уæд ыскодтой-.

Нартæн сæ бæкрæгъау куы фæтардæуыд, сындзджын цагъд уæд-ыскодтой.

Нартæн сæ бæхрæгъау ку’ атардтой, уæд сын сæ фаджысыл гæрæн ыскодтой.

Нартæн сæ рæгъау куы фæтарди, рæгъаугæс уæд баххуырстой. :

Æргæн сæ бæхрæгъау куы фæтардæуыд, уæд сьгнсæ фаджысыл цагъд ыскодтой.

Туркæн сæ рæгъау куы фæтардæуыд, рæгъаугæс уæд баххуырстой.

Æрæджиауы хорзæх дæ уæд!

«Кæд уыдзæн?» — «Мæрдтæн къуырисæр куы кæной уæд».

Зæрваттыччысæфт куы фæкодтай!

Уæйгуыты хонæгау фæци.

Куадзæн куы уыдаис, уæд дæм сывæллæтты цæстытæ ныуурс уыдаиккой.

Æнхъæлмæ кæсынæй йæм мæ цæстытæ ныуурс ысты.

Бон дæр мыл нал кæны.

Чъыбылы къæртайы сагъд дзы ныккодта.

Карк нæмыггай уидзы, фæлæ йæхи бафсады.

Бахъуыды бон хæрзæууылд æмæ тыхныхъуырд хъæуы.

Æмбаргæ лæг зын хъуыддаджы тагъд нæ кæны.

Лæджы хуызæн лæг тагъд нæ кæны, тагъд сылгоймаг кæны.

Сæппæй дугъ нæй.

Гæппæй дугъ нæй.

Иу гæппæй асины сæрмæ ничи хауы.

Радыгай хиз асины къæпхæнтыл æмæ дын бирæ бантыса.

Цалх дæндаггай зилы.

Цалх — дæндаггай, хæрд — комдзаггай.

Цалх — дæндаггай, хæрд — комдзаггай, хæст — гæбигай.

Доны ’ртахæй сындæггай дур хуынкъ кæны.

Хæххон тулдз сындæггай рæзы, фæлæ цæргæ та ’нустæм кæны.

Тагъд дон фурды не ’ййафы.

Тагъд дон Терчы не ’ййафы.

Тагъд дон фурды нæ сæфы.

Тагъд чи кодта, уый фæстейы баззад.

Тагъдгæнæджы фæстаг сындæгмæ цæуы.

Тагъдгæнæгæн йæ зæнг оæтты.

Тагъдгæнæг йæ сæр ахæры.

Тагъд-тагъд кодта ’мæ йæ сæр бахордта.

Раздæр цы карк ныууаса, хъæрццыгъа дæр уый хæссы.

Тагъд фæдисон тагъд мард кæны.

Æвзæр тагъдæй хорз сындæг хуыздæр у.

Фæстаджы хай амондджындæр вæййы.

Фæстаджы бæх уайаг у.

Фæстаджы бæх — -æййафаг.

Æвзонджы хосдзау дæр хосдзау у.

Æрæджиауы хосдзау дæр хосдзау у.

Æвзонджы хосдзау дæр мадыууæ мæкъуылы ныккæрды.

Æппын никуы сæмбæлдæй æрæгмæ сæмбæлд хуыздæр.

Хуыцау тагъд нæ кæны.

Хуыцау тæразæй бары.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.