Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

РЫНЧЫН. ÆГÆССАД

Адæймаг низ æмæ мæлæтæй нæ ирвæзы.

Низ адæймаджы ’васт ныццæвы.

Мæ лыстæг артæнтæ мын фæхордæуы.

Мæ сæр тъæппытæ хауы.

Ме уæнгтæ сисын нал фæразын.

Зæхх мæ йæхимæ ласы.

Хор ын хоры ад нал кæны, дон — доны ад.

Низ дæ куы фæнда, уæд æй ыссардзынæ.

Тыххæстæй йыл талæу фæзынди.

Мит чи бахæра, уый гуыбын фæрисдзæн.

Их чи хæры, кæлмгуыбын дæр уый кæны.

Гуыбынниз дæ бахæрæд!

Гуыб-ынниз дæ адавæд!

Уæнгæлы хай фæу!

Тыппыр <æмæ дæнгæл æмхуызон риссынц.

Сусæгрыстæй хъæдгомрыст хуыздæр у.

Фæрск куы н’ асæтта, уæд фыд нæ риссы.

Стæг куы н’ асæтта, уæд фыд нæ риссы.

Стæг ма асæттæд — фыд æрзайгæйæ у.

Фæрсчы састæй зæрдæ судзы.

Игæры низæй зæрдæ ’нкъуысы.

Дæндаг куы сызмæла, уæд фидар нал кæны.

Дæндагнизæн арс дæр нæ фæразы.

Дзидзийы низ дæндаг æмæ цæсты низæй уæлдай нæу.

Низ кæмæ нæй, уый нæ хъæрзы.

Кæй фарс нæ рисса, уый нæ хъæрзы.

Оффытæ рынчын фæкæны.

Фыднизæй хъæрзæгæн йæ маст йæ хъæрзтæй ыссæуы.

Æнæ низæй ничи хъæрзы.

Æнæниз хъæрзын нæ зоны.

Рынчын куынæ хъæрза, уæд æй йæ низæй ничи фæрсы.

Æнæ схъæрзгæйæ дæр мачи фæцæрæд!

Фæрсгæ рынчыны фæкæнынц.

Рынчын дуары хъæрмæ хъусы ’мæ ’рбацæуæджы дæларммæ кæсы.

Рынчынмæ афтид армæй нæ цыдæуы.

Рынчынфæрсæг афтидæй нæ цыдæуы.

Рынчынæн сыгъд картæфтæ дæр бахæсс.

Рынчын мæгуыр у.

Рынчынæн йæ низ йæ кой у.

Кæмæй цы риссы, уый кой кæны.

Рынчыныл рыг бакалæн нæй.

Рыны фæндиаг йæхи ничи кæны. ]

Низ йæ цæфыл дзæбæх хъæуы.

Низ æнцонтæй нæ цух кæны. I

Уæцъæфы дæ цæвæрдæуæд! I

Рæсыдбадæн хос кæрдæгæй у.

Ризæг ыстъæлхайæ ’нцайы.

Дзедыроы сыф æмæ инджын цыхт буддонæй баныхас, уый хос у дзæбæх, уазæгæн.

Хæлуарæджы тын æмæ хъæдæвзалы хъæнæн хорз ысты.

Куыдзы хæстæн йæ хъуын — йæ хос.

Марг марг у, фæлæ хос дæр у.

Æвдадзы хос.

Рынчынæй рынчынгæсæн зындæр у.

Рынчын — иу рынчын, рынчынмæгæсæг та —дыууæ рынчыны.

Сæйгæ сæйгæ у, рынч.ынгæс та — дыууæ сæйгæйы.

Низ æмæ маст адæймаджы тагъд зæронд кæнынц.

Низ йæ цæфыл дзæбæхгонд куынæ ’рцæуы, уæд фыддæр кæны.

Егар-гаццайы хуьгзæн ысси.

Сырдоны гаццайæ мæллæгдæр.

Йæ цармы бахус.

Йæ царм йе стджытыл бахус.

Уæлхъæдæй бахуc.

Уæлхъæдæй фæхит!

Царм æмæ стджытæ.

Мæллæг: царм æмæ ма дзы стджытæ баззад.

Армыдзаг дæр нал у.

Фыдцола сси — тугмæ амарынмæ нал бæззы.

Тамазоны бæлонау дзой-дзой кæн.ы.

Уæлауæдзы ’фсирау дзой-дзой кæны.

Тæбыны хал йæ хъуырыл, афтæмæй ма дзедзырой кæны.

Бафу йыл кæн, æмæ ахаудзæн.

Бафу йыл кæн, æмæ афæлдæхдзæн: низæй сихоыди.

Æнæсæрст уæрдоны хъинц-хъинц кæны.

Саст æмæ ныхæст.

Туджы ’ртах дзы нал и.

Бындзы фаг дзы туг нæй.

Хуызæртау дзы нал и.

Мæ низ.ыл ма низ бафтыд.

Йæ уд ма удыл тыххæйты хæцы.

Йæ уд йæ былы алгъыл дары.

Абон-райсом кæны.

Рыннын рабадинаг нал у: абон-сом кæн.ы.

Мæлыны къахыл лæуд у.

Уæззау рынчын хæкъуырцц куы байдайы, уæд ыл дæ къук ауигъ.

Нæ цæрдтæй у, нæ — мæрдтæй.

Цæшдхуызæй мæрдхуызмæ феввахсдæр.

Уыи цæрдтæй мæрдтæм фæхæстæгдæр.

Мæрдтæмдзæуæг истытæй фылдæр цы дзуры!

Мард æмæ мæлæтдзаг уд иу уавæрæн ысты.

Нывæрзæн адзалы нысан у.

Йæ хуыссæнæй мауал рабадæд!

Мауал сыст, мауал рабад!

Фæрсхъæдæй фæхит!

Фыднизмæ адзал хæстæг лæууы.

Фыднизмæ адзал хæстæг у.

Рынчын мæлæты нысан у.

Рынчын адзалы н.ысан у.

Æвгъæддонæн йæ иу къах ингæны былыл вæййы.

Иу низæй рынчынтæ кæрæдзийы хорз æмбарынц.

Рынчыны цин — зæрдæ ’вæрын.

Рынчыны хос — фидар зæрдæ.

Низ зынæн у.

Низæн дæр фæразын хъæуы.

Низæн дæр лæг хъæуы.

Рынчыныл рын фæхæцыд æмæ уæд суг нал ласыс?

Рынчынæн фæлмæн ныхас — удæнцой.

Низ дæр ыстæм хатт пайда фæвæййы.

Рынчын саг дæр кæн.ы.

Фидар бæлас ракæлы, хъинц-хъинцгæнаг — баззайы.

Низ куыд æрбацæуы, афтæ ацæуын дæр зоны.

Куыдз къуылыхæй нæ мæлы.

Дыккаг хатт низ дæр не здæх.ы.

Хуыцау, æнæниз цард ратт! Рын-сонæй нæ бахиз!

Рыны бардуаг, дæ рынæй нæ бахиз!

У-у, Рыны бардуаг! Дардмæ дын кувдзыстæм, хæстæгмæ нæм ма ’рцу! (Кувæджы ныхæстæ).

Дæ къахы алгъ дæр макуыуал ысриссæд!

Низ бавзарын ихæн бавзарынæй уæлдаи нæу.

Фæстинон рынчыны фæстæ вæййы.

Рыны цагъдæй чи аирвæзы, уый фæстинон у.

Фæстинон хæраг у.

«Дзæбæх, æнæниз?» — «Саджы хуызæн!»

«Куыд дæ?» — «Саг, сырды хуызæн!»

Цæргæ (фæзæгъынц, чи ’рыхснырсы, уымæн).

Æфсæн фæхтæй фидардæр (фæзæгъынц, исчи куы ’рыхснырсы, уæд, æмæ уыцы ныхæстæ чи фæзæгъы, уый фыццаг æфсæйнаг дзаумайыл æрхæссы йæ къух, ыстæй та, чи ’рыхснырста, уый сæрыл).

Амондджын уый вæййы ’мæ æнæниз æмæ ’вæсмонæй чи фæцæры.

Низджыны низ æнæниз нæ зоны.

Низджын мæгуыр у, æнæниз — хъæздыг.

Æнæниз уд — хъæздыг.

Низджынæй мæ хорз цард дæр нæ хъæуы, фæлтау æнæнизæй хуыгæс дæр цæудзынæн.

Æнæниз удæн мæгуырæй ма тæрс.

Æнæниз к’ уай, уæд дæхи мæгуыр ма хон.

Лæг æнæниз к* уа, уæд мæгуыр нæу.

Æвæниз уд мæгуыр нæу.

Æнæнизæй мæгуыр нæй.

Æнæниз адæймаг мæгуырæй дæр хъæздыг у.

Æнæнизæй зынаргъдæр ницы ис.

Æппæтæй зынаргъдæр — æнæниздзинад.

Тæхудиаг, æнæниз чи у!

Тæхудиаг — æнæниз.

Хуыцау дæ æнæниз уадзæд!

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.