Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ХЪАЗЫН ÆМÆ ХУДЫН

Хынджылæг чи кæны, уый йæхицæй хъазы. :

Хъазийы хъазт фæкæн!

Хынджылæггæнæгæн йæ фæстаг хынджылæггагмæ цæуьк

Хъазаг хъазæггаг кæны.

Цы ’рцæуы, уый хъазгæйæ ’рцæуы.

Хаттæй-хатт хъазгæйæ цæст дæр ысхауы.

Цæст дæр хъазгæйæ схауы.

Хъазын хъазын у, фæлæ сæры цæф хъазын нæу.

Дæ зæронд хъазинагмæ ’рхауæд!

Дæ зæронд хынджылæггагмæ ’рцæуæд!

Ам, кæмæй ахынджылæг кæнай, ахæм лæппу нæй.

Хъазгæ кæм кæнай, уым худгæ дæр кæн.

Худæгыл худгæ кæнынц.

Худæг ыл бахæцыд.

Худæгæй бакъæцæл.

Фырхудæгæй йе рагъы нуæрттыл ратул-батул кæны.

Худæгæй йæ бикъ бафтыд.

Артæндихтæ фесты.

Худæгæй гуыбындихтæ фесты.

С артæнтæ худæгæй фæкалдтой.

Худæджы дзæкъул.

Худæн лалым.

Худæг кæуыл нæ бахуддзæн?

Сæныкк æмæ далыс доны был хызтысты. Далыс донæн иинæрдæм агæпп кодта ’мæ сæныкк бахудти.

«Цæуыл худыс?»

«Дæ сыдз фегом!»

«Æмæ дæуæн алы бон гом куы у!»

Тынд æлвыдыл худы.

Иу йæхиуыл худы.

Дыууæ куы худой, уæд кæрæдзиуыл худынц.

Иу йæхиуыл худы, дыууæ — кæрæдзиуыл, æртæ — искæуыл.

Фистæг бæхджыныл худаг у.

Фæллад фистæг — бæхджыныл худаг.

Æгæр худын — худинаг.

Дæ цæрæнбонты мацæуыл бахуд, æндæра дæ хай фæуыдзæн.

Худаджы хал хауаг у.

Худаджы хал — æвæндаг.

Худаджы хал ахæр!

Фæзмæджы хал ахæр!

Худаджы хал ахордта.

Худаджы бæх фæстейы зайы.

Худаджы цæст цъынд вæййы.

Ма мыл худ æмæ дæ ма фауон.

Дон худгæйæ ласы.

Нарт худгæйæ фесæфтысты.

Адæм кæрæдзиуыл худгæйæ цæрынц.

Хъазын æмæ худын зæрдæйæ цæуынц.

Хъазæн æмæ уыл худæн бонтæ цæуæд!

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.