Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

МАСТ. МÆСТЫГÆР. ХИУЫЛХÆСТ

Йе ’рфыджы та цыдæр мигъ бады.

Мартъийы боны каст кæны.

Масты дзæкъул.

Тæппал адæймаг.

Цыбырхъуыр.

Быцентæ уыдысты хæстмаст, цыбырхъуыр, цыбыр мыггаг.

Туггопп.

Нарты Созырыхъойы тагъд мæстыгæр хуыдтой.

Нарты Сосланы нæрæмон хуыдтой.

Цуаноны зæрдæ нæрæмон у.

Гакъайы топхос раст.

Топхосы хуызæн фæтæпп кæны.

Топхосæй хъауджыдæр нæу: уайтагъд фæтæпп кæны.

Иу æхсидавæй пæртт кæ.

Сынкъ, сынкъ!

Сынкъ, сынкъ — бавналæн æм нæй.

Уайтагъд сынкъау фæтæрк вæййы.

Туаллаг пысыра.

Æмбисонд фæци: туаллаг пысырайæ судзагдæр.

Мæстджыны зæрдæ судзаг у.

Масты дæгъæл зæрдæ у.

Мæстджъш — дзураг.

Мæстджын — дзураг, фæзæгъынц, стонг — хæраг.

Мæстджын — дзураг, нозтджын — хæраг.

Мæстæй йæм тъæппытæ хауы.

Чъырау йæ маст йæ хуылфы ’хсиды.

Физонæгау мæ игæртæ мæстæй ысфыхтысты.

Йæ болат сау æфсæйнаг ысси.

Фыд кæуыл æрцæуы, уый йæхи дæлæмæ тоиы; мæстджын та йæхи хæрдмæ тоны.

Уый куы смæсты уа, уæд бирæгъæй цы кæныс!

Фыс фыс у, фæлæ куы смæсты уа, уæд пыхс у.

Мæстджын — фæрæтджын.

Хъæддзау лæг йæ маст йæ ныхы хæссы.

Фæдисон йæ маст йæ ныхы хæссы.

Масты сæр æфсон у.

Йæ рæхыс йе ’фцæджы рахаста.

Йæ ингæны къæйтæ дæр æй нал баурæдтой.

Уромæг æй уромын нал фæрæзта.

Нартæ маст нæ урæдтой.

Ирон лæг йæ маст никуы рох кæны.

Маст лæджы сæфтыл нæ хъуыды кæны.

Мæстыгæр лæгмæ фыдбылыз æмхиц у.

Мæстыгæр лæг æмæ къæвдабон бирæ нæ хæссынц.

Мæстыгæр лæг æмæ хъæхъхъаг куыдз тагъд зæронд кæнынц.

Суцца лæг — уадзыгæн.

Тентекк лæг æмæ суццайæ уæлдай нæй.

Хæйрæг йæ хæдзар мæстæй нæ халы.

Нæртон лæгæн худинаг уыд йæ масты фæдыл ацæуын.

Дæ масты фæдыл ма ацу — уый нæртон лæгæн худинаг у.

Масты коммæ кæсын нæ хъæуы.

Иууыл масты фæдыл дæр цæуæн нæй.

Масты фæдыл макуы ацу.

Фыдкомæй фыдæндæгъд хуыздæр. (Уæрхæджы фæдзæхст. Ома: дæ маст бауромын бафæраз, æмæ дын маст чи скодта, уымæн фыддæр маст ыскæн).

Дæ маст ысуадз.

Ахоæнæй ку’ ахæрай, уæд дæ маст ыссæудзæн.

Ирон лæгæн маст — йæ хос.

Мæстыгæрæй мæстыгæр у, фæлæ йын æвзæр зæрдæ нæй.

Дæ мастæй хъуамæ дæ зонд фæфылдæр уа.

Галиу цонг куы сæрра уа, уæд ыл рахиз цонгæй ныххæц æмæ æнæ фыдбыл-ыз уай.

Маст дæ куы бацæуа, уæд дæ галиу къухæй дæ рахиз къухыл ныххæц.

Куы смæсты уай, уæд дæ галиу къухæй дæ рахиз къухыл ныххæц æмæ æнæ фыдбылыз баззайай.

Дæ масты бон дæ къух дæ роны бадар, стæй цы ’рхъуыды кæнай, уый-иу бакæн.

Зæххау маст уромын куы фæразай, уæд лæгæн ысбæздзынæ.

Маст зын уромæи у.

Маст бауромынæн дæр лæг хъæуы.

Маст уромæг — арфæйаг.

Лæгдзарм мастæн фидар у.

Мастæн-иу ныббар.

Рагон мастæн — тад. (Къоста).

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.