Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

БЫНТÆ. УÆРСТ. ЛÆВÆРТТÆ

Бын кæмæн нæ баззад, уый хъæздыг нæ кæны.

Уæ кауы михтæ уын сыхæгтæ фæхæссæнт!

Гъæ, дæ быны къускыл баззайай!

Хæлæттаг фæу!

Уынджы къæйыл баззай!

Уæ бын уæ фыдгулæн баззайæд!

Хæдзары цы ис, уый дæу у.

Лæгдоны лæг куынæ уа, уæд дзы ус хынджылæг кæны.

Мыдыкъусчы хуызæн хæдзар.

Нæйы бæркад — мусæн кæри.

Бынхор лæгыл хъуын нæ хæцы.

Йæ фыдæбон — йæ бынтæ.

Дæ бынтæ ма бахæр.

Бынкъуыллыпп фыды фыртæн — худинаг.

Бындур нæ сæфы.

Хæдзар фурд у.

Бинонтæ куынæуал фидауой, уæд байуарын — сæ хос.

Фыдæххæл бинонтæн сæ уæрст хуыздæр у.

Фыдбинонтæн уæрст хуыцау хорзæн ныууагъта.

Уæ хæдзар уаринаг фод!

Знаг дын куынæ уа, уæд де ’фсымæрæй байуар.

Де ’фсымæрæй куы байуарай, уæд дзы дардмæ фæлидз.

Лæваргæнæджы зæхмæ ма фæцу, фæлæ дæхи ссаргæ зæххыл æрцæр.

Лидзæг лæг мæгуыр у.

Лидзæг лæгыл цард нæ хæцы.

Ногуæрст лæгæй калм йæ хуынкъмæ лидзы.

Ногуæрст æмæ ногхæдзаргæнæг лæгæй калм йæ хуынкъмæ лидзы.

Ногуæрст лæгæн калмы хæрв дæр ахъаз у.

Лидзæг лæгæй калм йæ хуынчъы ’мбæхсы.

Хæдзар нæ, фæлæ мусонг аивын дæр зын у. >

Уæрсты фæллойæ хæдзар нæ цæры.

Лæвары бæх дæндагæй не сгæрстæуы.

Лæвары фос — хæлары хос.

Лæвары фос ничи здахы.

Лæвар — лымæнау, базар — ызнагау.


МÆГУЫРЫ ХÆРÆГ

Иу мæгуыр лæгæн йæ хæрæг амард æмæ йыл йæхи хъынцъымæй мардта. Адæм ын зæрдæтæ ’вæрдтой: «Мауал хъыг кæн, хуыцау дын -æндæр хæрæг ратдзæн». «Æз ахæм хуыцау нæ зонын,— загъта мæгуыр лæг, — æмæ æнæ фынддæс сомы хæрæг чи радта».


Хуыцау æнæ фынддæс сомы хæрæг нæ дæтты.

Æлдары лæварæй ехсы хъæд дæр хорз у.

Хуындæджы бадæгау хуынтæ домы.

Исты, миййаг, уæ дурын нæ къæсæрыл н’ асаст!

Фыдхуынæй дæр — хъаст, æнæ хуынæй дæр — хъаст.

Лæвар дыууæрдæм у.

Ирон лæвар — сусæг хæс.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.