Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

КАД ÆМÆ РАД

Хорз хæдзарæй хорз ном фылдæр лæууы.

Хорз хæдзарæй хорз кад фылдæр лæууы.

Ном зынаргъ æмæ кадджын у.

Зæххыл кад дæр ис æмæ цард дæр.

Кадæй цард æфсир æфтауы.

Кад кæм уа, уым цыт дæр ис.

Адæймаг йæ номæн цæры.

Номæй лæгмæ дзурынц.

Номдзыд лæг йæхиуыл ивар нæ уадзы.

Номдзыд лæг зынаргъ у.

Дæ цард цы у, дæ кад дæр — уый.

Кад æмæ радæй фæхатти дзыллæты астæу.

Номхæссæн фæци.

Донхæссæн иу у, номхæссæн — иннæ.

Адæймаг хъуамæ йæ сæрæн аргъ кæна.

Худæй хынджылæггæнæн нæй.

Лидзгæ-лидзын дæ худ ма аппар.

Уый йæ сæр сæрмæ чи хæссы, ахæм лæг у.

Сæр сæрмæ хæссын хъæуы.

Сæр сæрмæ хастæуы.

Нарт худинаг сæ сæрмæ нæ хастой.

Дæ сæрмæ ’гад хъуыддаг ма ’рхæсс.

Мæ фыды рихийыстæн, æз ахæм хъуыддаг мæ сæрмæ нæ бахæсдзынæн.

Дæхи фыдгулы цæсты макуы бафтау.

Цæстмæхъус ныхас дæ сæрмæ ма хæсс.

Нæртон лæг искæй къæбæртæм нæ кæсы.

Искæй лæгдзытæй дæхицæн хай ма дом.

Уый цы кæны, уый йæ сæры кадæн кæны.

Лæг йæхи кæм сæвæра, уым уыдзæн.

Дæ сæр кæм нæ уа, уым дæ къæхтæ ма ’вæр.

Æмбырдмæ куы бацæуай, уæд дæлæуæз ысбад, æмæ дæ уæлæмæ скæндзысты.

Адæмы астæу дæ бынат ыссар æмæ ахæм ран ысбад, «дæлæмæ абад» дын куыд ничи зæгъа.

«Дæлдæр абад» дын мачи зæгъæд, «уæлдæр абад» дын мачи зæгъæд — астæуыккагæй фæцæр!

Уæлиау ысбад æмæ дæ дæлæмæ-дæлæмæ ратæрдзысты.

Дæлæмæ-дæлæмæ лæг фадхосмæ ’рхаудта.

Кад æмæ лæджыхъæд зæххы сты: æргуыбыр кæн æмæ сæ сис.

Цалынмæ дугъон бæх ысгуы райсы, уалынмæ йæ ничи хъуыды кæны.

Цалынмæ фæстаг æрцæуа, уалынмæ фыццаджы кад нæй.

Хорзæх — кадæн, кад — адæмæн.

Адæм лæггæнæг не сты, фæлæ адæймагæн ном адæм кæнынц.

Æрымысын æмæ кад ыскæнынмæ мардæй-æгасæй, усæйлæгæй хъауджыдæр нæй.

Мæрдты дын мæнæ мæ фындзы хъæлыл — фæндаг.

Мæнæ дын мæ сæры астæуты фæндаг!

Барсæджы цалх дын мæрдты фæндагæн фæлдыст! Æмæ — дондзау! Æмæ — лæггадгæнæг!

Де знаг дын балæггад кæнæд!

Лæг ма йе знагæн дæр балæггад кæны.

Лæггад дыууæрдæм у.

Æз дæ хох куы хонон, уæд мæ ды та мæсыг хондзынæ.

Болойы хохæй бæрзонддæр дæ мæ цæсты.

Дæ лæггад мын мæрдты фиддæн ма фæуæд!

Мæ мадарм сын фынгæн фæдардтон, фæлæ мыл сæхуыдтæг фыдæй разылдысты.

Куыдзы хъуыды дæр мæ не ’ркодтой.

Куыдзы кад дæр мын не скодтой.

Алчидæр, мæ мæсыг уæлдæр уа, ууыл кусы.

Уый кадыл мæлæг у.

Адæм фыццаг кадыл мæлæг уыдысты.

Нарт кадыл мæлæг уыдысты.

Сослан кадыл мæлæг уыд.

Ирон лæг цыты фæдыл мæлы.

Раппæл дзы, уыййедтæмæ дуне иннæрдæм афæлдахдзæн.

Кадмæ бæллæг сæрæн вæййы.

Лæгдзыт хъаруйæн — раздзæуæг.

Кад фæлгъаугæйæ нæу.

Кадисæг сæрфидæг у.

Кад-кад фæкодта ’мæ бынтон æгадæй баззад.

Цыт хорз у, фæлæ фырдзыт æдзыт у.

Фыркад — æгад.

Фырдзыт æгад у.

Фырдзыт — æдзыт.

Фырдзытæй æдзыт хуыздæр у.

Фырдзытæй дæр — хъаст æмæ æдзытæй дæр — хъаст.

Уый мæнæн ме ’рчъибос бабæттыны аккаг дæр нæу.

Æрдумæ дæр æй нæ дарын.

Нæ йæ нымайынц, се ’мвынг æй нæ уадзынц.

Цагъды быныл зад!

Пыхсы къутæр дæр йæхи пыхсыл нымадта!

Йæ кад гæппыл фæци.

Кæм — хан æмæ кæм — Ханджери!

Хæрæгæн — хæрхидон.

Сæддже — мæ куыдз, Сæддже — мæ хæрæг.

Куыдз дæр ма уисойы раз нæ лæууы.

Йæ кад йæхимæ чи нæ уадзы, уый æгад кæны.

Хæрæгæн йæ сæр фынгмæ хастæуыд, уый та зæхмæ тылд.

Хæрæджы цæххахуыр ма кæн.

Хæрæгæн цæхх нæ фидауы.

Хæрæгыл саргъ нæ фидауы.

Ой, гогона чи нæ зæгъа, уымæн йæ рæхыс — хæрæгбæттæн, ой, гогона! (Чепенайы зарæгæй).

Хæрæгыл дæ зыгъуыммæ сæвæрой!

Мæ хæрæг уын хъырнæг фæуæд!

Хæрæг ратæра дæ ратæрæг!

Хæрæг ысфысса де сфыссæг!

Хæрæг — йæ мæрдтæ!

Хæрæг дæр йæ бырынкъæй урс кæны.

Хæрæджы цæфхад!

Хæрæджы сæфтæг!

Хæрæджы зæвæт мын рисгæ нæ фæкодта, фæлæ мын хъыг уыди.

Хæрæджы бæсты дæ хæйрæг загъдæуæд.

Куыдзы ’мгад.

Куыдзыл дзыкка нæ бады.

Мæ куыдз дын фæлдыст фæуæд, мæ хæрæг!

Фыдномхæссæг адæмæй æлгъыстаг у.

Фыдномгæнæг мыггаджы сафы.


Туджджынты ’фсæрм уыд рагæй дæр. Фыдæлтæ-иу хисты кæнæ куывды туджджынты бадын кодтой хицæнтæй. Уынгæ-иу сæ ’взæр нæ фæкодтой, хæйттæ ’мæ сын-иу нуазæнтæ ’рвыстой.

Иухатт куы уыди, уæд, Къацо, зæгъгæ, хъæуы хистæртæй иу, æмбырдмæ ’рæджиау æрбацæйцыд. Туджджынты рæзты куы фæцæйцыд, уæд æм уыдон дзурынц, немæ сбад зæгъгæ.

«Уæ фынгтæ дзаг бæргæ сты, — зæгъгæ, сын загъта Къацо, — фæлæ уæ ном æвзæр у ’мæ ницы сбаддзынæн уемæ».


Йæ куыдзмæ чи цы номæй дзура, адæм дæр æм уыцы номæй дзурынц.

Усимæ хъæбысæй ма хæц.

Усы бын фæци.

Хæмыц загъта йæ усæн: «Куыннæ мæсты кæнон—дондзау устыты къæхты бын баззадтæн!»

Калмы хæрвæй дын — чырын, хæфсы цъарæй — мæрддзаг.

Де ’гæр калай!

Мæ хайыл нæ кæуын, фæлæ ме ’гадыл кæуын.

Мæ мæгуырыл нæ кæуын, фæлæ ме ’гадыл кæуын.

Арвæй зæххы ’хсæн лæзæры æнæ ном, æнæ кадæй.

Арвæй зæххы ’хсæн лæзæры æнæ номæй, æнæ йæ кой хъуысгæйæ.

Йæ сæр сæрмæ нæ хæссы.

Æз та ма дзы цы дæн? Зæххæй сисынмæ дæр нал бæззын!

Былæй аппарыны йедтæмæ ницæмæнуал бæззын.

Куыдзæппарæн былæй йæ аппæрстой.

Нæ мæ кадыл уадзынц, нæ мæ радыл нымайынц.

Бæлæгъы бæттын æз нæ куымдтои, хъулджын авдæн мæнæн нæ уыд.

Мæ зæронд сæр хъазинагмæ ’рхаудта.

Куыдзæн дæр ма бирæгъты ’хсæн хуыздæр кад и.

Бæхæй хæрæгмæ ’рхызт, кæй бакæнынц.

Куыдзы къахæй над.

Куиты хæринаг æй бакодта.

Куыдзы бæлæгъы дын дон ныччындæуæд!

Уымæ ’рхаудтæн æмæ куыдзы бæлæгъы дон ысдæрон!

Куыдзы бæлæгъы дон басдæрдтон.

Куыдзæй йæ куыдздæр ныккодта.

Куыдзы тард мын ракодтой.

Куыдзы мардæй ныммард кæйдæр бæсты.

Цæрдудæй мæ сæрæргæвстæй ма фæцæрын кæн.

Хуыцау нæ удæгасæй ма амарæд!

Хуыцау, æгады мардæй нæ ма амар!

Æгадгæнæг дæр, кадджынгæнæг дæр — лæгæн цæ хъуыддæгтæ.

Дæлвæндаг фæуын худинаг нæу, худинаг уæлвæндагбаззайын у.

Рацæуа ’мæ — фидиссаг,

Æрбацæуа — кæуинаг.

Йæ бæгæны — къоппы дзаг,

Йæ худинаг — комы дзаг.

Сехы гоппы фæцу!

Сехы гоппы фæлдыстæй фæцæуæд!

Хуыцау дæ (уымæн æмæ уымæн) бæхæй фæхæтын кæнæд мæрдты!

Мæрдты йын бæхæй фæцу.

Ай дын æнæмард æрдиаг!

Худинаг æмæ æрдиаг.

Додойаг æмæ сайраг.

Худинаг æмæ аллайаг.

Худинаг æмæ кæндыфыд.

Бæсты худинаг, мыггагмæ худинаг фæдæн.

Уымæн йæ рихи даст у. (Фегад кæныны тыххæй-иу искæмæн йе знæгтæ йæ рихи адастой).

Йе ’фхæрды хай — йæ худинаджы кой.

Къоппайы къуыдырæй фæцæр!

Уæд мын мæ рæхысæй Нарты куиты бабæтт!

Уæ рæхыс уын уынгты ралас-балас куы фæкодтой!

Зарæджы сæйраг фæу!

Зарæджы сæйраг æмæ фидисы фыццаг фæци.

Зарæджы сæйраг æмæ фидисы фыццаг мæ сæр баййæфта.

Ацы хабар куыддæр рахъæр уа, афтæ нæ фæндырты фæцæгъддзысты, зарджытæ ныл ыскæндзысты.

Нæ худинаджы хъæр айхъуыст.

Фидиссагæн йæ сæры даст дæр фидиссаг у.

Фидиссагæн йæ дарæсы конд дæр — фидиссаг.

Фидиссагыл адæм худынц.

Адæм ыл къуыппæн зарæг ыскодтой.

Фæндырты йæ фæцагътой.

Куы фæхудинаг уай, уæд æмбылды фæдæ.

Кад æмæ ном зын ыссарæн ысты, сæ фесафынæй æнцондæр та ницы ис.

Худинаг ызмæст донау æнхъæвзы.

Адæймаджы худинаг сапонæй цæхсгæ нал у.

Авд сауджыны дæр æй нал ыссыгъдæг кæндзысты.

Сауджын дæр ыл нал саргъаудзæн.

Афтæ ма бакæ: уый артæй кæрдзын ласæгау у.

Знагæй ма ис бамбæхсæн, фæлæ худинагæй бамбæхсæн нæй.

Æппæтæй дæр ис бамбæхсæн, худинагæй бамбæхсæн иæй.

Худинагæй тæрсын хъæуы.

Тæрдын — мæ худ къул кæндзæн.

Мæлæтæй ма фæтæрс, худинагæй тæрс.

Худинагæй куы тæрсай, уæд дыл не ’рцæудзæн.

Æгас Калак иу худинаджы йаргъ нæу.

Худинаг мыггагæн иумæйаг у.

Фæлтау хæсгæ мард куы фæуыдаид ацы худинаджы бæсты.

Уыйфæлтау мæ цард дæр нæ хъæуы ’мæ бон дæр.

Фыдкомы бæсты дæм фыдбоны цыд æркодтон.

Фыдкомæй фыдæндæгъд хуыздæр у.

Æгадæй бирæ фæцæрыны бæсты кадджынæй иучысыл ацæр.

Фидиссаджы бæсты амæлын хуыздæр у.

Фидиссаджы бæсты фесæфын хуыздæр у.

Æгады бæсты — мæлæт хуыздæр.

Худинаджы бæсты — мæлæт!

Хуыцау, ратт нын, ратт Сидæмоны кад, Цæразоны амонд æмæ Æгъуызы ’хсар! (Кувæджы ныхæстæй).

Нартæм Æхсæртæггатæй ысгуыхтдæр мыггаг нæ уыд.

Намысы кадæг зæрдæйы хизы.

Намыс æмæ кад æнусмæ цæрынц.

Иу боны сгуыхт æнустæм мысынц.

Кадджын лæгæн йæ ном нæ мæлы.

Бæрз уæрдæх куы бахус уа, уæддæр ма йæ кад йæхимæ вæййы.

Номы куывдтæ ’мæ номы хæрнæджытæ.

Кад, ном æмæ цыт — æмхуызон.

Нарты ном кадæн баззад.

Æнусы цардæй æнусы ном хуыздæр у.

Нæ нæ хъæуы æнусы цард, фæлтау — æнусы кад æмæ кой.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.