Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

НЫФС ÆМÆ ’ХСАР. ХÆСТ ÆМÆ ФИДЫД

Хæсты хъæр фæдисы хъæр у.

Фидиуæг ныхъхъæр кодта: «Ой, нæ фехъуыстон мачи зæгъæд!»

Кæд бадгæ кæны — лæугæ скæнæд, кæд лæугæ кæны, уæд мауал æрбадæд, фæлæ мæм хæццæ кæнæд!

Комвæдис, Куырттатæ! Уæ паддзахдзауты уын кæсæг ныццагътой.

Фæдисмæ уæм æрцæуой!

Дзæнгæрæджы хъæр хъæууон фæдис у.

Фæдисы къуыбылой дæр тулы.

Фæдисы сылгоймаг дæр цæуы.

Фæдис куы хъæр кæнай, уæд дæхæдæг фæдисоны разæй уай.

Фæдисон йæ маст йæ ныхы хæссы.

Фæдисы алчи йе ’хсар æвдисы.

Фæдисы фыццаг — сæрылхаст.

Фæдисы раззаг йæ сæр нывондæн хæссы.

Фæдисы раздæр чи ацæуы, уымæн йæ мард хæсгæ фæвæййы.

Фæдисы фæстаг хъæстаг у.

Фæдисы фæстаг — æлгъыстаг.

Фæдисы фæстейы баззайын худинаг у.

Фæдисы фæстейы баззайын мæлæт у.

Фæдисы фæстейы баззайын — мæлæтæй фыддæр.

Уыдонæн сæ фæдисон хæдзармæ суры.

Нарты фæсивæд-иу куы рафæдис кодтой, уæд-иу ызнаджы суанг йæ хæдзармæ сырдтой.

Сæрбахъуыды сæр хъæуы, фыдсæры та гуыр хъæуы (ома: фыдраны бахаудтæ, уæд дæ ныфс ма асæтт, фыдсæры — де ’хсар ма бамбæхс).

Цæразонтæ-иу балцы куы цыдысты, уæд сæ тырысайыл хъуытаз уыди: никæмæй тарстысты.

Хæстæй æмæ фæдисæй лидзын — худинаг.

Цæф сырдау фæлидзын — худинаг.

Гъæйтмæ уæйт хъæуы.

Мах нæ фæнычы къæрмæг нæ фæдджийы куы хæссæм!

Хæппæй уадзыг чи кæны, уый фæдисæн нæ бæззы.

Фæдисы цæуын чинæуал фæразы, уымæн йæ цард нал бæззы.

Ныр махæн лидзынæй нал у, фæлæ нæ тыхы сæр бахъуыди.

Карды комы бын лидзгæйæ нал вæййы.

Карды бын уæххæй нæу.

Нæртон лæг æхсары бын оффытæ нæ кæны.

Æхсары бын «уæу, æна» нал ис.

Нарт сæ маст æмæ се ’фхæрд æнæрайсгæ нæ уагътой.

Нарт барын нæ зыдтой.

Нарт дзуæрттæн дæр нæ барстой.

Бафидаудзыстæм карды ком æмæ фаты фындзæй!

Де знаджы ку’ агурай, уæд æй ыссардзынæ.

Фыдгул хæсты бон хох къæсæр хоны.

Дыууæ знаджы иу фæнд иæ кæнынц.

Разыбадæг тыхджын у.

Фæстæмæ — кæсгæ, размæ — лидзгæ.

Размæ лидз æмæ фæстæмæ тау.

Фæндондзинад топпы хъæрæй дæр нæ лидзы.

Дыууæ знаджы иу топпæй не ’хсынц.

Знагимæ æнæ гæрзтæй хæцын зын у.

Знагмæ æнæ хæцæнгарз ма ’взид.

Хæсты бон цæуыл фæхæст уай, уымæй хæцын хъæуы.

Хæцæнгарз хæсты бон — хъазуат æвдисынæн.

Хæстон лæг ронбæгъд нæ уарзы.

Хæстон лæгæн йæ нæмыг зынаргъ у.

Уый арвы нæрд нæ уыди — саглæджы топпы гæрах уыди.

Мардзæ йæ кард уыди, тох-тох йæ топп уыди.

Йæ хъыримаг галау ныууасыд.

Хæстоны цæстытæ цæхæртæ калынц.

Хæстон лæг адзалæй нæ тæрсы.

Иу мæлæт хуыцауæй дарын.

Хæстмондаг лæгмæ мæлæт хæстæг у.

Хæсты тыхæвзарæн хъæуы.

Хæст хæст у ’мæ дзы хæцын хъæуы.

Хæст хъаруйæ у, бирæ ницы амоны.

Ирон адæм гæрзты хорз æмæ знаджы бирæйæ нæ тарстысты.

Знагмæ хъæддых куынæ фæлæууай, уæд дын фыдбылызтæ сараздзæн.

Хæмпæлыл арт куы бандзарай, йæ тæрхъустæ лидзын уæд байдайынц.

Кæд дæ фæнды — комгæс ныллæуу, кæд дæ фæнды — сурæг.

Иугæр хæсты бацыдтæ, уæд искæй зондмæ ма хъус.

Иугæр хæсты бацыдтæ, уæд хъуамæ дæхи фæнд атæрай.

Хæсты хъуамæ дæхи фæнд атæрай.

Топпæхсæг йе ’мбалы нæ фæрсы.

Тæхтопп хæстæг нæ зоны.

Хæсты тæригъæд нæй.

Æфхæрæгæн — цыфыддæр æфхæрд!

Цæсты къахтæн — цæсты къахт!

Тугмæ — туг!

Нарт чъылдымæхстахуыр нæ уыдысты.

Нарт фæстейы цæф мæрдты мæрдтæм нæ уагътой.

Ирон лæг чъылдым не здахы.

Нарт сæхи карды коммæ дардтой, сæ риу фаты фындзмæ хастой.

Царциатæ ’мæ Нарт фаты фындзмæ сæ риу дардтой, карды коммæ — сæ бæрзæй.

Нарт хæцгæйæ фæцардысты.

Æхсæртæггатæ Елиайау иудзæфон уыдысты.

Цæвгæ дæ нал ныккæндзынæн—Æхсæртæггатæ Елчайау иудзæфон ысты.

Уадзæн Æхсæртæггатæ загъдæуы.

Арв Батырадзæй нæрын нæ уæндыд.

Уадзæн Сослан фæзæгъынц.

Нарт цæмæй Нарт уыдысты? — Тых æмæ хъаруйæ, зонд æмæ ’хсарæй.

Нарт фынæй лæг амарын сæ сæрмæ нæ хастой.

Мæсыджы хуылфмæ лæджы ничи ’хсы.

Мæсыг æмæ бæх лæджы хъахъхъæнынц.

Дæ фат æмæ де ’рдын мæнæн — æрду!

Гъæйтт, дæ хæсгæ мæрдтæ!

Дæ нæмыг æмæ ме згъæр!

Де ’хсар æмæ мæ бæрзæй!

Æнæ кæрддзæм кард ызгæ кæны.

Кардæн йæ кæрддзæмæй ма тæрс, фæлæ йæхицæй.

Конд хуымы дæ ссардæуа, гъе, мæ кард!

Хæстон кард тугæй сæрст у — не ’мбийы.

Фæтты фыддæр фæу, ды афтæ ’мæ афтæ куынæ бакæнай!

Фаты ’рттигъ фæтæджы ныхасау æмбæлы.

Дæ балгъитæг афтæ!

Фатæхст топпы нæмыджы не ’ййафы.

Карды цæф топпы цæфы ие ’мбæрзы.

Топпы цæф карды цæфы не ’мбæрзы.

Топпы хъæрмæ хъустæ гуыр-гуыр кæнынц.

Топп лæгтæ куы марид, уæд æфтауцдоны дуæртты иу лæг дæр нал аирвæзид.

Бæстæ æрвнæрæгау кæны.

Хъæбатыр хæсты быдыры рабæрæг вæййы.

Хотыхыскъæфæг ерæдзыппы хъæрæй нæ тæрсы.

Дзæбидырты хæст кæнынц (ома: хъæбæр хæст).

Æхсæртæггатæ ’мæ Борæты хæст.

Тибы хæсты фæу!

Бигъуылатæ ’мæ Хуырымты хæст.

Дыууæ хохы фырытау кæм хæцынц... (Аргъауы ныхæстæй)

Разæй сæ цæгъдгæ кодта, фæстейы та сæ туджы зæй ласта.

Æфсадæн сæ тымыгъ хауæггаг фæкодта, сæ хауæггаг та — æнæмыггаг.

Сæ хауæггаг — лидзæггаг, сæ лидзæггаг та хауæггаг фæци.

Фæстаг хæст — цæндыл хæст.

Мыггагыскъуыд сæ фæкодта.

Карцайы кæфты цагъд сын ныккодтой.

Кæфты цагъд сын ныккодтой.

Гагадзагъд сæ ныккодтой.

Сухы цагъд сын ныккодтой.

Дур дзы дурыл нал ныууагътой.

Куыйхъæд, куыйдур сæ бакодтой.

Цъыбыртты сыгъд сын бакодтой.

Сæ фæнык сын дымгæмæ ныддардтой.

Сæ фынычы къæрмæг сын дымгæмæ ныддардтой.

Хæствæллад лæгæн йæ сæр куыройы цалхау зилы.

Кæм та мын хъæдимæ хæцыдтæ, кæм та мын дуримæ хæцыдтæ — д’ астæу цæуыл фæкъуыпп и? (Сатана-иу арæх дзырдта ацы ныхæстæ Сосланæн).

Хæсты боны сгуыхтæн йæ кад мыггагмæ цæры.

Хæсты цæхæрæн йæ фæнык не ’мбийы.

Иуæй туг куы кæла, уæд иннæмæй æхсыр нæ тæдзы.

Топдзæф дойны кæны.

Цæф лæгмæ дзурын нæ цæуы.

Цæфæн йæ низ — йæ койаг.

Хæсты мард лæгæн йæ зарæг дардыл хъуысы.

Хæст дыууæйæн æмбис у: амонд кæй фарс æрлæудзæн, уый бæрæг нæй.

Мыст къахта ’мæ йæхицæн — гæдыйы сæр.

Хæцаг галæи йæ сыкъа сæтты.

Артдзæсткъахæгæн йæ цæст ысхаудта.

Калд кæлддзагыл банцад.

Адæм туг цы хæсты ныккалой, уым фидыдæн æнæ ’рцæугæ нæй.

Цæф цæфæй ничи исы, фæлæ фидыдæй.

Минæвар царæй зæхмæ дæр вæййы.

Минæвар, кæд рæстмæгæнæг дæ — байхъусдзыстæм дæм, кæд ныхмæдзæуæг дæ — басудздзыстæм дæ!

Минæвармæ алчидæр хъусы.

Минæвар лæг исты куы саразы, уæд кадджын кæны.

Цæрын куыд у, йæ фехалын дæр афтæ у.

Тыхæй нын ма фæуæд, хорз адæм! Цы бакæнæм, уый — фидыдæй!

Тыхфæлварæн мауал ыскæнæм, фæлæ цардфæлварæн ыскæнæм.

Æнустæм мастæй æнустæм хæлар цард — хуыздæр!

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.