Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ФИДИС. УАЙДЗÆФ. ÆФХÆРД

Ирæн фидис кæнын фыдæй баззад.

Нарт фидисгæнаг уыдысты.

Йæхæдæг фидиссаг чи у, уый фидисмæ ’мхиц у.

Фидис фидиссаг кæны.

Фидиссаг фидисмæ раздæр у.

Фидисмæ чи фæраздæр уа, уый у.

Фидисмæ раздæр чи фæвæййы, уый йæ бакæны.

Фидисæй æвзæр йæ мæстытæ уадзы.

Йæ уайдзæф ын хæрæг уаргъæн нæ хæссы.

Иварæй уайдзæф ракæнын фыддæр у.

Фидис карды цæфæй риссагдæр у.

Фидисæй ахуырст ницæмæй цæуы.

Быцентæ уыдысты кæрзмаст: фидисæй рынчын кодтой, уайдзæфæй — мæлгæ.

Адон Быцентау кæрзмаст ысты: фидисæй рынчын кæнынц, уайдзæфæй мæлгæ кæнынц.

Ма мыл бустæ кæн: дæ дзæбæхтыл, миййаг, нæ фæкалдтæн!

Цы мыл бустæ кæныс? Дæ хæрзтыл фæкалдтæн?

Мæ ныхас уæ хъыг макæмæ фæкæсæд: æфхæрыны тыххæй йæ нæ зæгъын.

Хорз æфхæрд зонд дæтты.

Ирон фидис — дыууæ боны.

Адæмы фидис — дыууæ боны.

Фидисæй ничи мæлы.

Æвал-æвидисæй баззай!


ДАМ-ДУМТÆ. ХАХУЫР. ФЫДÆВЗАГ

Æлдары кой фæсвæд чындæуы.

Æлдары кой — хъæдбыны.

Хъус-хъусы ацыд.

Æвзæр ныхас дард ысхъиуы.

Æвзæр ныхас топпы нæмыгæй дарддæр хауы.

Æвзæр дзырд дардмæ хъуысы.

Абон уал сусу-бусу, райсом æй ком фехъусдзысты.

Цъиутау æй уасынц.

Æмæ уыцы хабар адæм цъиутау куы уасынц!

Нымудзæг йæ хæларыл дæр комдзог цæуы.

Комдзоггæнæг йæхиуыл дæр комдзог рацæуы.

Адæм кæмæй цы фаезæгъынц, уый раст вæййы.

Адæм дзæгъæлдзырд дæр бирæ кæнынц.

Адæмы ныхæстæм хъусын фыдбылыз у.

Æрдавæггаг ныхас фыдбылыз хæссы.

Хъусæггаг ныхас фыдбылыз хæссы.

Фыдхъус — хæдзархал.

Фæсномыг ныхас зæрдæйæн хъыг у.

Йе ’взаг йæ дзыхы бампылæд, дæуæн уый чи загъта!

Фыдгой хæдзар халы.

Дам-дум мæсыг халы.

Дам-думгæнаг — бæстæхалæг.

Скъæфæггаг ныхасæй чи цæры, уый цардхалæг у.

«Фыдгойæ тæрсыс æви фыдвæткæй?» — «Фыдгой дæхи фæуæд, фæлтау фыдвæткæй æрцæуæд мæ мæлæт.»

Койтæ кæнын худинаг у.

Фыдгой хъæдбыны дæр нæ фидауы.

Дам-дум ныхасыл макуы баууæнд.

Дам-думгæнагæн йæ хъуыддаг хæлд у.

Цæмæй дæм хæрамхæссæг ма уа, уый тыххæй фæсвæд макæй кой кæн.

Кæд дæ адæмимæ цæрын фæнды, уæд макæй кой кæн.

Макæй кой кæн æмæ дæ кой ничи кæндзæн.

Цы — разагъд, цы — раконд.

Разагъдæй, ракондæй хъауджыдæр нæй.

Кæндысау фыдæвзаг байтыдта.

Номылусы ’взаг.

Бæмбæг-æвзаг æмæ сындз-зæрдæ.

Фæлмæи æвзаг æмæ сындз-зæрдæ.

Йæ калмы ’взаг ысласта.

Сырдон йæ калмы ’взаг ысуагъта.

Хуыцау бахизæд уый дзыхы бафтын!

Хахуырлæджы дзырд калмы цæфæй риссагдæр у.

Мæнæ мæ цыма кардæй барæхуыста.

И’ артæнтæ йын ацагъта уыцы ныхас.

Ахæм æвзаг ын ис, æмæ дыууæ лæджы кæрæдзийæн амарын кæндзæн.

Ссыр ын лæвæрдта.

Йе ’взаг сæрдасæнæй цыргъдæр.

Ие ’взаг мæрдтæм хуынкъ кæны.

Æхсаргард бирæты сафы, фæлæ уæддæр хахуыр æвзагæн фылдæр æнтысы.

Фыдæвзаг топпы нæмыгæй рæвдздæр у.

Æвзаг æхсаргардæй фæраздæр — бæрзæй ахауын кодта.

Цалынмæ кард хастой, уæдмæ æвзаг хурх ахауын кодта.

Лæгæн йæ сæры цæф афтæ нæ риссы, æвзæр ныхас дзы куыд риссы.

Сæры цæф æвзаджы хæст нæу.

Цæфæй дыууæ кæны, дзырдæй та æртæ кæны.

Топпы цæфæй æвзаджы цæф зындæр дзæбæхгæнæн у.

Карды цæфæй нос зыны, дзыхы ныхасæй — нæ.

Æвзæр ныхас цæфæй фыддæр у.

Æвзæр ныхас зæрдæ хъæдгом кæны.

Над тагъд рох кæны, фæлæ ’взæр дзырд зæрдæйæ нæ рох кæны.

Зæронд маст ферох вæййы, фæлæ ’взæр ныхас зæрдæйæ нæ рох кæны.

Суцца ныхас нæ сысы.

Фыддзырды бæсты фыддзæф хуыздæр у.

Фыдæхы ныхас фыдбылыз у.

Адæмы дзых дур халы.

Фыдæвзаг хох халы.

Хæрам æвзаг бæстæ сафы.

Фыдæвзаг фыдызнаг у.

Уымæн йе ’взаг йæ къæбутæй ласинаг у.

Де ’взаг бахуыскъ уæд!

Дæ дзых бамыр уæд!

Дур æруайа Сырдоны ’взагыл!

Дур æруайа де ’взагыл!

Хахуыргæнæгæн мæрдтæм фæндаг нæй.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.