Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ФÆНДТÆ ’МÆ ЦАРД

Къухы цы уа, уый цæсты н’ ахады.

Къухы цы уа, уый æгад у.

Гæды фиумæ куыд кæса, афтæ каст.

Æиæ галæй кæвдæстæ бийы.

Митæй мæсгуытæ амайы.

Митæй мæсгуытæ амайæгау.

Митæй мæсгуытæ ма амай.

Чидæр уæларвмæ асинтæ кодта.

Ай дæр æнæ базыртæй мæргътимæ тæхы.

Йæ мæгуыр зондæй, йæ куынæг зæрдæйæ афтæ ’нхъæл у...

Тæхудытæй та махæй хайджындæр кæм и?

Чидæр цæстæнхъæл нæ уыд æмæ ’рфыг-æрфыг кодта.

Туалтæ-иу афтæ акодтой раджы заман: «Къадзтæ ’мæ Къадзатæ Нары куы цардаиккой, Гаджитæ ’мæ Джиотæ — Мамысоны.»

Лæг хæдзары куыд фæзæгъы, афтæ нæ рауайы.

Дæ фын дæ фæсайдта.

Йæ фын æй æрыййæфта.

Дæ фын æцæгмæ рацыд.

Йæ фæидтæ йæ хъуыры фæбадтысты.

Хъæуынæй ницы ис.

Доны кæфæй æрмикæсаг хуыздæр у.

Доны кæсагæй мын зæрдæ ма ’вæр.

Доны кæфæй æрмикæсаг хуыздæр.

Ахсинаг тæрхъусæй ахст тæрхъус хуыздæр.

Маргъ дæр ма зæххыл бады.

Æвæдзайæ цард аразæн иæй.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.