Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ФÆЛМАС

Сабыр лæджы зæд хонынц, фыдуаджы та — хæйрæг.

Фыс сабыр у, фæлæ куы смæсты уа, уæд сæрæй хæцы.

Сабыр хæрæгыл дыгæйттæ бады, чъыллипгæнашл иу дæр нæ уæнды.

Сабыр уæрыкк дыууæ мады бададта, фыдуаг уæрыкк йæхи мады дæр — нæ.

Сабыр уæрыкк дыууæ мады бададта.

Фæлмас уæрыкк дыууæ мады дæйы.

Тъæппæй дуцгæйæ нæу, фæлæ сабырæй.

Саджы родау.

Фысы комæй хал нæ раласдзæн.

Гуырдзиаг фысæй сабырдæр.

Бадт дзулыссадау — сабыр.

Фыс йæхи хуызæн сабыры агуры.

Саджы лæппынау æнæхъыгдаргæ у.

Зæххæн уæз, миййаг, нæ кæны — ма йæ хъыгдарут.

Сабыр алцæмæй дæр — арфæйаг.

Сабыры алчидæр уарзы.

Сабырдзинад æвæсмон у.

Сабыр — хуыцауы уарзон.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.