Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ФАДАТ. ÆВАДАТ

Фадат рæстæг амоны, рæстæг та мадзалæй у.

Фадат — лæггæнæг æмæ хъуыддаг аразæг.

Куырм бæсты сохъхъырæн дæр дыууæцæстоны кад ис.

Цыбыркъух у.

Хур-ныхас — мæ бадæн, хур-уæзæг — мæ фездæхæн.

Æз дæ раны куы уыдаин, уæд хатиагау дæр æмбарин.

Æвадатæй бæх дæр нæ цæуы.

Гал куынæ уа, уæд уæныг дæр — гал.

Гал куынæ вæййы, уæд хъуг дæр аифтындзынц.

Фастаг суг нæй, уæд — лыстытæй арт.

Фæрæз дын ис — ыспайда дзы кæн.

Æвадат хъуыддаг — цардæн къуылымпы.

Æвадат цæсты н’ ахады.

Тыхæй мадзæлттæ хуыздæр ысты.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.