Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ДÆСНЫ. ÆНАРÆХСТ

Дурæй сæхтæг кæны, хъæдæй — æгънæг.

Хъæдæй сæхтæг кæны, дурæй — æгънæг.

Цы куыстмæ бавнала ’мæ цы нæ сараздзæн!

Тæразæй барæгау — й’ алы куыст дæр.

Куырды æрмдзæф адæм зонынц.

Куырд хорз æвзалыйы дæр фауаг у.

Куырд цы уа, йæ куыст дæр — уый.

Ахæм у, ахæм, æмæ мæлдзыгæн цæфхæдтæ ныссадздзæн.

Гуыдыр аразын чи зоны, уый дæгъæл аразын дæр базондзæн.

Дæгъæл гуыдырмæ гæсгæ аразынц.

Лæджийы фырт-иу йæ кард уисыл æртæ хатты куы рауагъта, уæд-иу уæхст ацæттæ. (Лæджийы фырт цуанон уыда, зæгъгæ, зæгъынц. Фæстаг лæгсырд дæр, дам, уый амардта).

Арт кæнын чи зоны, хæдзар кæныи дæр уый зоны.

Уæхст дæр куыннæ басудза ’мæ физонæг дæр, афтæ бакæн.

Нæ йæ уæхст судзы, нæ — йæ физонæг.

Бæрæг астæуыккаг — æвæсмон.

Мæйдар æхсæв боны цыд кæны.

Гъей, æмæ-иу саулох бæхы мæйдар æхсæв йæ къæхты хъæрæй чи базыдта! (Куыцыччы зарæгæй).

Хъыримаг топп мидагъудмæ чи зыдта, фæринк кард та — мидкæрддзæммæ! (Куыцыччы зарæгæй).

Саргъмæ йæ цыма хуийгæ бачындæуыди, уыйау бады.

Йæ фæдджиалгъ дæр не змæлы.

Сырд дæр цуаноныл лидзы.

Тæхгæ-тæхын маргъы цæст н,æ ивгъуыдта, ахæм рæстдзæф уыд.

Цъиуы цæст нæ ивгъуийы.

Тæрхъусы уæрдонæй ахсы.

Йæ иу комыкъулы зынг дары, йе ’ннæйы та — дон.

Фурдыл гæдыйы фæд ыссардзæн.

Уый сауыл мысты фæд ары.

Хохæн йæ сæр чи зоны, йæ бын дæр ын уын зоны.

Æнæ иу миниуæг мæрдтæм ничи цæуы.

Иу миниуæг кæмæ нæ уа, уымæй мæрдтæ дзæкъул кæнынц.

Æнæ равгæй бæх дæр нæ уайы.

Пирæн дæр ма пирын зоны.

Хорз цы зонай, уый æнцон у.

Сарæхсын лæджыхъæд у.

Лæджыхъæдæй йæм дау нæй — алцæмæ дæр арæхсы.

Куыд сарæхсай, афтæ!

Чи куыд сарæхса, афтæ.

Нарт ахæм адæм ысты: иу сæ иу раи арæхсы, иннæ — ’ндæр ран.

Бæхджын баззади, сæргъджын фæцыд.

Сарæхсыны хъуыддаг уæрстмæ нæ цæуы.

Арæхстджын лæгæн йæ суг хъæдгæрон æрдузы, æнарæхстæн — хохы цъуппыл.

Дæсны лæгæн хъæд хæстæг у.

Дæсны лæгæн йæ мигæнæйнаг фæндаггæрон вæййы.

Уырыл хуынкъ дур куынæ зайы.

Сикъо галæн сæрбос æвæрын зонын хъæуы.

Топпæхсæг йе ’мбалы нæ фæрсы.

Хуым фæрсгæйæ ничи тауы.

Хъуырауаразæджы чердыгæй фæнда, уыцырдыгæй йын аразы йæ хæцæн.

Топпаразæг сампал, чердыгæй йæ фæнда, уыцырдыгæй аразы. :

Алы фыдæн алы хос зоны.

Зонгæ рынæй лæг нæ мæлы.

Рихи дарын чи зоны, уый мыд хæрын дæр зоны.

Донæн йæ былыл чи цæры, йæ ивылæн дæр ын уый зоны.

Донмæ чи куыд хæстæгдæр цæра, афтæ ленк кæнынмæ дæсныдæр у.

Донæн йæ найæн куынæ зонай, уæд æм ма бахиз.

Куырд куырдæн рын у.

Дæсны дæсныйæн рыи у.

Дæсны афтæ дæсны нæу, кæсæг куыд у.

Хъусæгæй кæсæг дæсныдæр у.

Æддейæ кæсæг дæсныдæр у.

Кусæгæй кæсæг дæсныдæр у.

Архайæгæй æддейæ кæсæг дæсныдæр у.

Сисамайæгæй æддейæ кæсæг дæсныдæр у.

Кæнæгæй кæсæг дæсныдæр у.


Кæрдæгæй кæсæг фылдæр зоны.

Дзаума чи скæрды, уый йæ хуийынмæ дæр дæсныдæр у.

Куырдон куырдыл ахуыр кæны.

Куырд куырдыл ахуыр кæны.

Куырд куырдæй дæсныдæр кæны.

Хаттæй-хатт куырдон куырдæй фæдæсныдæр вæййы.

Куырдæй куырдон дæсныдæртæ бирæ ис.

Куырдон куырдæй дæсныдæр.

РГ арæхст арæхст у, фæлæ йæ рохстæн æмбал нæй.

Уыдон æз халамæрзæиæй дæр ие ’рымбырд кæндзынæн.

Зæрдырох мыл бахæцыд.

Мæрдырох мыл бахæцыд.

Чидæр кæрдзыны ном байрох кодта.

Кæмæйдæр йæ кæрдзыны иом куыд ферох, уыйау.

Кæмæндæр йе ’фсондз йе ’ккой уыд, афтæмæй ма йæ агургæ кодта.

Чидæр йæ бæхыл бадт, афтæмæй ма йæ бæхы агуырдта.

Рохгæнаг дыууæ здæхты кæны.

Мæ дæлæвзаг рауай-бауай кæны.

Чынтæй Каесæгмæ фæнымадта, йæ сыхбæстæ дзы ферох.

Дæттæ фæиымадта — Æрыдоны дон æнæ нымадæй баззад.

Кæмæндæр йæ лулæ йæ дзыхы байрох.

Гесайы хъарæгау ын байрох.

Знон цы бахордтон, уый дæр мæ ферох.

Чи куыд арæхсы, афтæ архайы.

Дамбацайæн топпы ифтыгъд ма кæн.

Дамбацайæн топпы ифтыгъд куы кæнай, уæд хæлгæ кæны.

Сармадзанæн топпы ифтыгъд куы кæнай, уæд хæлгæ кæны.

Дæркъæн цæуы стыгъд ма кæн.

Дæркъæн цæуы стыгъд куы кæнай, уæд йæ тæн ыскъуийы.

Цы йын зонын? Йæ кæнæг æз нæ уыдтæн.

Раст къæцæл чердæм самайа, уый дæр нæ зоны.

Æвзæр куырдæн йе ’взалы — йæхицæй.

Фæрæтæй амад у.

Цъапп-цъупп.

Куыдфæндыйы кæндтытæ.

Хъæсдарæг цæгъдын чи нæ зоны, уый хосдзауæн нæ бæззы.

Искæмæн зоны, йæхицæн — нæ.

Маргъау мыл дыууæ къахы ис æмæ иу тахты йедтæмæ нæ зонын.

Гал бæласмæ схызт.

Кæд гал бæласмæ схиздзæн, уæд уый дæр ысхиздзæн.

Дыууæ куыдзæн холлаг нæ ныккæндзæн.

Æмæ уый, дымгæбон кæцырдæм ыслæууын хъæуы, уый дæр куынæ зоны!

Цæндыл дур нæ ары.

Конд хуымы урс бæх куыд не ссардзæн?

Æрра йæ фæскъæбут цæвы.

Дур æхсын чи нæ зоны, уый дзы йæ къæбут цæвы.

Æнарæхст лæг суг сæтгæйæ йæ цæст къахы.

Ленк кæнын чи нæ зоны, уый дон йæ бынмæ ласы.

Хъæндæл хæрын чи нæ зоны, уымæи йæ былтæ судзы.

Хъæндæлы зæнг афтæ бахæр, æмæ дын дæ былтæ куыннæ басудза.

Хъазын дæр зонын хъæуы.

Хурмæ кæсын дæр зонын хъæуы.

Æнарæхст лæг йæ рæдыд йæ бæхы аххос кæны.

Æнарæхст лæгæн йæ цъындайаг суйтæ кæны.

Рæгъæдты ’хстæуыд æмæ цъæхтæ ’рхаудысты.

Чидæр йæхицæн сир кæнын нæ зыдта ’мæ искæмæн дзыкка кодта.

Чидæр йæхицæн сир кæнын нæ зыдта ’мæ искæмæн дзыкка кæнын амыдта.

Иу ус йæхицæн кæрдзын кæнын нæ зыдта, афтæмæй Дыгурмæ кæрдзынгæнæг фæцыд.

Иу ус йæхицæн кæрдзын кæнын нæ зыдта ’мæ Туалтæм кæрдзынгæнæг фæцыд.

Йæхицæн фæрæтхъæд самайын чи нæ зыдта, уый иннæмæй уæрдон арæзта.

Чидæр йæхицæн сис амайын нæ зыдта ’мæ кæмæндæр мæсыг амадта.

Уыцы усы арв куы ныццавта, уæд дæсныйад кæнын байдыдта.

Дæсныйы куы фæрсай, уæд дын истытæ дзурдзæн.

Дæсны йæхицæн нæ фæрсы.

Дæсны йæхицæн нæ зоны.

Фæрсæг йæхицæн ницы зоны.

Иæхицæн чи нæ зоны, уый иннæмæн дæр нæ зоны.

Цæгæрсæр дæсны к’ уаид, уæд йæхи сæр ысдзæбæх кæнид.

Цæгæрсæр хосгæнæг к’ уаид, уæд раздæр йæхи сæрæн ыскæнид хос.

Иу дзуар цыдæр амайын зыдта ’мæ уый дæр хæлæг кодта.

Иу лæг мидауæн бийын зыдта ’мæ йæ исчи базоныны фыдæй хъæдмæ фæлыгъд.

Чи цал хъуыддаджы зона, уал лæджы у.

Чи цал æвзаджы зоны, уал лæджы у.

Бирæ зонæг дис кæны.

Фылдæр зонæг фылдæр домы.

Фылдæр зонæг фылдæр бары.

Цы нæ зоыыс, уый дæу нæу.

Цы куыст нæ зонай, уый ма кæ.

Æппæт ничи зоны.

Зона мæнг кæны.

Æппæтзонæг Нарты Сырдон уыди.

Æппæтзонæг æмбылды нæ кæны.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.