Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ФÆЛМÆН НЫХАС. ДÆРЗÆГ ДЗЫРД

Зæрдæ фæсæттынæн дæс цæфæй иу лæгъз ныхас хуыздæр у.

Фæлмæн ныхас — зæрдæйæн æхсызгон.

Адджын ныхас абон сæкæр у, райсом — мыд.

Рæгъæд дыргъ æмæ адджын ныхас æнцон ныхъуырæн ысты.

Адджын ныхас зæрдæйæн сой у.

Фæлмас ныхас зæрдæйæн сой у, æвзæр ныхас та — сындз.

Фæлмæн ныхас хур у, дæрзæг ныхас — къæвда.

Хорз ныхас сæрд у, æвзæр ныхас — зымæг.

Æвзæр ныхас аслам у, хорзæн та аргъ нæй.

Æвзæр ныхас зæрдæйыл куыд лæууы, хорз ныхас дæр — афтæ.

Хорз ныхас зæрдæйы дæгъæл у.

Дзæбæх дзырд зæрдæйы дуар у.

Дзæбæх ныхасæй цы бакæнай, æвзæр ныхасæй уый нæ бакæндзынæ.

Судзины фындзæй зæрдæ скъах, судзины бынæй зæрдæ балхæ.

Судзинæй зæрдæ скъахта, судзинæй зæрдæ ссардта.

Рæхуыст ныхас уæздан ныхасмæ ’ххуырсты бацыд.

Лæгъз æвзаг калмы дæр йæ хуынкъæй рабырын кæндзæн.

Сабыр ныхасмæ калм дæр хъусы.

Лæгъз ныхас дурмæ дæр хъары.

Хорз ныхасæй къæдзæх бадон вæййы.


МÆНГ НЫХАС. РАСТ НЫХАС

Былдауæн ныхæстæ кæны.

Хъармкъухы ныхæстæ.

Лæгъз дзыхыдзырд — лæгсайæн.

Фынтæ дзуры.

Сæнттæ цæгъды.

Фынтæ дзурыс æви сæнттæ цæгъдыс?

Къæхтæ ’мæ ма йыл къухтæ бафтыдта.

Йæ дзыхы йын тутæ акодта.

Тугтæ мыл мысы.

Бæндæныл хуртуангæнæгау.

Гæды ныхасмæ дын хуыцау ахæм авæра!

Лæды ныхасы йедтæмæ йын мацы ратт.

Гæды Сырдон.


ХАЛОН ÆМÆ ДЗÆГЪЫНДЗÆГ

Иу хъулон-мулон дзæгъындзæг къалиуæй къалиумæ гæпп-гæпп кодта ’мæ уыцы ’нæрынцайгæйæ йæ къæр-къæр цыд. Халон та бадти чысыл дарддæр æмæ йæм æнцад хъуыста.

«Куыд ницы дзурыс, мæ лымæн саудзых,— загъта дзæгъындзæг,— æви дæ нæ уырнынц мæ ныхæстæ?»

«Тынг хорз мæ нæ уырнынц, мæнг дын ма зæгъон. Афтæ бирæ чи дзуры, уый, æвæццæгæн, мæнг ныхæстæ дæр фæкæны».


Цъар ныхас ма кæн — худинаг у.

Мæнг зæгъын худинаг у.

Иу гæды ныхас таурæгъ фесафы.

Кæд æз гæды зæгъын!

Хуыцау мæ гæды ныхасæй бахизæд!

Мæ фыдгул ма гæды ныхас зæгъа!

Гæды де знаг зæгъæд!

Мæ мæрдты удхæссæг — гæды ныхас.

Æз мæхи цæстæй цы нæ фенон, уый мæ нæ уырны.

Дæ цæстæй цы фенай, ууыл æууæнд.

Дауæй лæджы нæ мардæуы.

Гæдыбыд ныхæстæй зæрдæ ма ’вæр.

Искæд бон ивын кæй бахъæуа, ахæм ныхас ма зæгъ.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.