Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ЛÆГ ÆМÆ УС

БИНОНТÆ. ХÆДЗАРЫ ÆГЪДАУ ÆМÆ ФÆТК

Ус чи ракуры, уымæн йæ зæрдæ йæ каистæ ’рцахсынц.

«Кæцон дæ?» — «Мæ ус кæцон у, уыцырдыгон!»

Йæ каистимæ чи цæры, уый уызын йæхицæй æвзæрдæр хоны.

Дзылы дæр ма, мидæгмоймæ чи бацыд, уымæй йæхи кадджындæр хоны.


Раджы къуда рувасыл худтысты сырдтæ. Уæд сæм уый фæзылди ’мæ сын афтæ зæгъы: «Ау, æмæ йæ каистимæ цы лæг цæры, уымæй худинагдæр дæн?»


Каистимæ цæрын худинаг у.

Чындзы чи ацыд, чындзы митæ уый зоны.

Чындз чи ’рхæссы, чындзы митæ уый зоны.

Чындз чи фены, чындзы митæ уый зоны.

Ног чындз уайсадаг вæййы.

Ног чыидз æнæзивæг вæййы.

Ног чындзы митæ акодта, стæй йæ зивæг равдыста.

Æнæхæсгард, æнæсудзин æмæ æнæнгуырстуан чындз — худинаггæнæг.

Ирмæ уыд æгъдау: чындзы цалынмæ донмæ ракæной, уæдмæ-иу хæдзарæй æддæмæ нæ цыди.

Сæ ног чындз цотхал фæци: бирæ сывæллæттæ хуырызгъалæгау разгъæлдта.

Ног чындз æмæ чындздзон чызгмæ хæйрæг æмхиц у.

Хæйрæг ног чындзы фæсайдта.

Ног чындзы маст æвзæр æфсинæн — худæг.

Чидæр йæ чындзы хуымы куы лæууын кодта, уыйау.

Хицау йæ куыдзы куы ныццæва, уæд æй чындз хъуамæ йæхимæ бамбара.

Мæ сæры хицау (фæзæгъы ус йæ лæгæй).

Дæ чындзмæ куыд уайсадай, уый дæр дæм афтæ уайсаддзæн.

Тиу куыд уайсада, чындз дæр афтæ уайсады.

Тиу куынæ уайсада, уæд чындз дæр нæ уайсады.

Тиуæн бирæ чындзытæ куы уа, уæд æм бирæ амонд кæсы.

Тиуы амонд — чындзмæ хорз дзурын.

Тиуы къух радтаг у.

Файнуст файнусты рын у.

Ус куы ’рхæссай, уæд дæ мады рох ма кæ.

Ногусджын — авдæнхæссæг.

Усы фарсмæ бадын худинаг у.

Рагзаман-иу усæрхасты фæстæ афæдзбалцы цыдысты.

Дæ чындзæй йæхи цур ма раппæл.

Дæ чындзы хорз дын адæм зæгъдзысты.

Йæ цæгатæй йæ быны лæдзæг рахаста.

Сæ чындз мадджын, фыдджын у.

Хъæздыг цæгатæй мæгуыр хæдзар хуыздæр у.

Лæг æмæ ус æмдæндаг ысты.

Лæг æмæ ус — фæрæты хъæдæй барст.

Лæг æмæ ус кæрæдзи куы ’мбарой, уæд сæ цард æнцон у.

Сылгоймæгтæй иутæ лæгуарзаг ысты, иннæтæ — зæнæгуарзаг.

Майрæмыкуадзæн — сылгоймаджы кувæн.

Нæлгоймаджы хуыцау хорзæн ыскодта.

Лæг хъуамæ лæджы ном хæсса.

Ус хæдзарыл баст у, лæг та — куыстыл.

Ус хæдзардарæг нæу. :

Лæг хæдзары уазæг у. ¦".;

Ус хæдзарæн йæ*чысыл хур у, йæ зæды хай. ¦"»

Ус — æнæдымгæ фæлмæн хур, бинонты зæды хай.

Хорз сылгоймаг — хæдзары зæд.

Хорз сылгоймаг авд мыггагæй хæс дары.

Хорз ус — лæгæн й’ амонд.

Махæн нæ лæг бæсты сой æмæ сыхы фидауц у.

«Ницæййаг у, ницæййаг дæ лæг!» — «Æмæ ма мын йæ хуыздæр чи ратдзæн?»

Нæлгоймагæн кад цы сылгоймаг кæна, уый — йæхицæн.

Нæлгоймаджы сæр алы усы дæр хъæуы.

Сылгоймаджы дæр æмбарын хъæуы.

Гæныстон фæуа сылгоймаджы зæрдæ!

Сылгоймаджы алы хъуыддаг хъуамæ нæлгоймаг ма зона.

Усы дæр дарын хъæуы ’мæ лæджы дæр.

Сылгоймаг авгæй уæлдай нæу.

Фатхъæд зынкалæн у, рæсугъд ус зындарæн у.

Сылгоймагæн йæ уынд й’ амонд у.

Сылгоймаджы амонд — æфсарм æмæ хæрзæгъдау.

Сылгоймагæн йе ’хсарæй йе ’фсарм хуыздæр у.

Сылгоймаг йе ’фсармæй æхсарджын у.

Сылгоймаг йе ’фсармæй фидауы.

Сылгоймагæй æфсæрмы хъæуы.

Алцыдæр сылгоймагыл баст у.

Бæркад сылгоймаджы къухæй цæуы.

Хæдзары бæркад æфсиныл баст у.

Æнæфсин хæдзары бæркад нæй.

Æнæфсин хæдзары кæрчытæ артдзæсты бæгъдулæг кæнынц.

Æфсинты армæй сой тæдзы.

Зæронд æфсин — бæркадкъух.

Бæркадкъух Сатана.

Нарты Сатана басгуыхт.

Уыцы усы къухтæ — Сатанайы къухтæ.

Не ’фсин Сатана.

Хорз æфсин Сатана, Нартæн зонд чи амыдта.

Хорз æфсин Сатана, Нартæн зонд чи амыдта, йæ дыууадæс къæбицы хæрд æмæ нозтæй дзаг кæмæн уыдысты.

Сылгоймаг Сатаиа дæр уыд, фæлæ Нарт йæ зондæй цардысты.

Бæсты йаргъ Сатана.

Лæгæмдзыт ус.

Æфсин къæрцц-гæрах нæ кæны.

Сылгоймаг æмæ къæбиц кæрæдзиуыл баст ысты.

Хорз æфсинæн йæ цæхæрадон — йæ къæбиц.

Къæбиц æфсинæн — бæркад æмбæхсæн.

Æфсин куыройы гæркъæраджы йедтæмæ ницæмæй æфсæды.

Бæгъæввадæй кæрдзын кæнын худинаг у.

Хорз æфсин йæхицæн хай нæ кæны.

Æфсины хъуыр-хъуыр къуымæл æнхъизæгау у.

Хорз ус фырмæстæй ыстыр дзыккайы комдзаг кæны.

Хорз æфсинæн йæ цæст тæраз у, йæ дзырд — адджын.

Хæдзарæн йе ’фсин хæдзардзин куынæ уа, уæд ын йæ бæркад дымгæ хæссы.

Дæ куыдзы мын фенын кæн, æмæ дын де ’фсины хæдзардзин зæгъон.

Хорз æфсин иу бонæн нæу.

Фæсæфсины ’фсин рæдау вæййы.

Сылгоймагæн йæ мигæнинаг йæ фæдыл цæуы.

Хорз лæгæн хорз ус куы вæййы, уæд ын куадзæны нымæт кæнын райдайы ’мæ йæ Джеуæргуыбамæ сцæттæ кæны. Джеуæргуыбайы та кæрц хуийын райдайы’мæ йæ уалдзæгмæ фæвæййы.

Сылгоймагæн йæ лæвар йæхицæй вæййы.

Хорз усæн «де ’зæр хорз», «дæ райсом хорз» кæнынц адæм.

Усæй цæуы хæдзары бæркад æмæ лæджы хорз.

Усы хорз лæгыл дæр зыны.

Хорз усæн йæ лæджы фæндаггаг разæй цæуы.

Хорз ус кæмæн уа, уый куывды бады.

Ацы мæнг дунейыл хорз усæй хуыздæр хорз нæй.

Лæг куынæ бæзза, уæд тыргь судзы, ус куынæ бæзза, уæд — хæдзар.

Лæг куынæ бæзза, уæд — додой, ус куынæ бæзза, уæд — æрдиаг.

Хорз ус — фарнхæссæг.

Бæсты фидауц — сылгоймаг.

Усы хорзæй лæджы ’взæр хуыздæр у.

Йæ бæх дугъы кæмæн уайа, йæ ус арыныл кæмæй уа, уыдон зæрдæтæ ’мхуызон ысты.

Усисæг — удисæг.

Удисæгæй усисæгæй хъауджыдæр нæй.

Æвзæр усæн йæ сывæллон — йе ’фсон.

Фыдусæн йæ сывæллон — йе ’фсон.

Кæмæндæр йæ ус нæ бæззыд æмæ йæ йæ зæнæджы аххос кодта.

Æдылы ус йæ мæгуырæй дæр фæтæргай вæййы.

Фыдусæн йæ цæгатмæ тæргай лидзын чындзæхсæв у.

Дæ усы ’ртæ бонæй фылдæр йæ цæгаты ма ныууадз.

Тæргайлидзæг ус дзырдтæ мысы.

Æвзæр усы Мадымайрæм æмбары.

Æвзæр усы Мадымайрæм раздæхта.

Бур усæй чи фæтарст, уый бур хъуг дæр нал дардта.

Цъæхдзаст усæн йе ’лгъыст цæуаг у.

Кæрзæлгъыст усы ’лгъыстæй дæ хуыцау бахизæд.

Сæрæй мæ сылы ард баййæфта.

Фыдусы ’лгъыст дæ макуы баййафæд!

Усы ’взаг — хæдзархалæг.

Фыдсылы бон бирæ у.

Сылгоймаг хæйрæджы хос у.

Сылгоймаджы хуыцау хæйрæгæн ысфæлдыста.

Сылгоймаг хæйрæг у.

Фыдсыл дæ хæдзары сæвзæрæд!

Нарты Сатана — Иры кæлæнгæнæг.

Устытæй иутæ уынджы — зæд, аргъуаны — сих, хæдзары — агъуыд бирæгъ.

Ус бæсты фыдбылыз у.


Дæ хъæуæй дæ маст куы уа, уæд дæ бинонтæм балидздзынæ. Дæ бинонтæй дæ куы уа маст, уæд дæ усмæ балидздзынæ, фæлæ дæ дæ усæй куы уа маст, уæд та кæдæм алидздзынæ?


Къулбадæг ус æнæхъæн хъæу дæр сафы.

Сылгоймаджы хъæр дардмæ хъуысы.

Дзæнгæрæджы хъæр æмæ фыдусы хъæр дардмæ хъуысынц.

Сылты хъæр цы хæдзарæй рацæуа, уыцы хæдзар фехæлд.

Æвзæр усæн барын хъæуы, фыдбинонтæй — уарын.

Фыдусæн кæнæ барын хъæуы, кæнæ та дзы уарын хъæуы.

Комхæлд усæн бар, кæннод дын нæ басæтдзæн.

Налат усæн йе ’ндах ыскъуийаг у.

Фыдусæн ингæн арфдæр къахынц.

Фыдсылæй дæхи бахъахъхъæн — фыдсылæй бирæ федзæрæг ис.

Рог ус — рæбындугъ.

Фыдус — изæруаг.

Хæтаг сыл — хъæухал.

Усæн йæ хæзгул — искæдбон йæ фыдбылыз.

Сылты фæдыл ма хæт.

Хæтаг лæгæй хæтаг ус хуыздæр у.

Ус-хъахбайæ лæг-хъахбайæ хъауджыдæр нæй — иу ысты.

Сылгоймагæн йæ хил даргъ у, йæ зонд — цыбыр.

Сылгоймаджы зондæй хæдзарыл райсомæй сихормæ хъуг æфты, сихорæй изæрмæ та гал хауы.

Усæн «цом хуыцаумæ» куы зæгъай, уæд дæ, фæндаг кæуылты у, уымæй нæ бафæрсдзæн.

Усæн марды кой ыскæн, æмæ уайтагъддæр фæраст уыдзæн.

Усæн мæрддзыгойы ’нæцæугæ нæй.

Лæг — дыууæхæрдон, ус — сæдæхæрдон.

Сылгоймаджы къух æнæфевналгæ нæ лæууы.

Сылгоймаджы къух нæрæмон у.

Усæн къонайæ къæсæрмæ сæдæ фæнды ис.

Лæг — иудзырдон, ус — сæдæдзырдон.

Ус йæ фæнд атæрын куы ’рымыса, уæд Амыранæй тыхджындæр у.

Авд цæды къамбецтæ иуырдæм ахæцыдысты, иу ус иннæрдæм, æмæ дам сæ ус аласта.

Иуырдыгæй—сылгоймаг, иннæрдыгæй—дыууадæс цæды

’мæ дам сæ сылгоймаг йæхирдæм аласта.

Уæддæр хæсгардæй!

Ус æмæ лæджы хыл бирæ нæ хæссы.

Нывæрзæн ыздахаг у.

Хуыссæн ыздахаг у.

Усы фарс æмæ арты фарс ласаг ысты.

Уат æмæ арт ласаг ысты.

Ехх, сылгоймаджы ныхас мæ куынæ сæттид!

Сылгоймаг лæгæн йе ’хсар сæтты.

Сылгоймаг лæджы хъаруйыл æфтауы, сылгоймаг лæджы хъару сафы.

Цард дæр сылыкъахæй у ’мæ — сæфт дæр.

Лæг — сæр, ус та — бæрзæй; бæрзæй чердæм зила, сæр дæр уыцырдæм.

Лæг — лауыз, ус — фæлдахæг.

Ус — гæрчъыздухæн, лæгæн — фыдæхгæнæн. .

Фыдус фæлмæн лæгæн — дзæбуг.

Усвæнд хæдзар хæдзар нæу.

Сылвæнд — æвæнд, йæ фæстаг — гæды бындар.

Усæмвæнд лæг мæрдтыл нымад у.

Фыдусы коммæ цы лæг кæсы, уый мæрдтыл нымад у.

Сылгоймаджы коммæ ма бакæс.

Усы фæндыл ма ацу.

Усы ардыд!

Усардыд лæгау.

Усардыд лæг цыргъ карды комæй уæлдай нæу.

Хуыскъыссад кард æмæ усардыд лæг æмхуызон ысты.

Усимæ ард чи хæры, уый усы хуызæн лæг у.

Дæ усæн дæ зæрдæйыуаг ма зæгъ.

Дæ бинонтæй дæ маст куы уа, уæд æй дæ усæн ма зæгъ — уый ма дын дæ мастыл маст бафтаудзæн.

Мæнæй чи у, уый йæ усыл макæд баууæндæд.

Быдыры дæ бæхыл ма баууæнд, хæдзары — дæ усыл.

Бæх æмæ усыл æууæнк нæй.

Сылгоймагыл макуы баууæнд.

Сылгоймагыл æууæнк нæй.

Сылгоймаджы хъуыддаг афтæ у ’мæ йын бахъахъхъæнæн нæй, йæхæдæг йæхи куынæ хъахъхъæна, уæд.

Усы ’ргæвст лæг нæ хæры.

Ус нæ хъæуы урсыкъуыримæ.

Ус урсыкъуырийы йæ хæдзары куынæ уа, уæд бинонтыл нымад нал вæййы.

Кæмæндæр йæ усы мард нæ хъæр кодтой.

Усы амæлын мæкъуыл аивæгау у.

Дыууæусон — дывыдон.

Дыууæусон — дывыдон, æртæусон — æнæхæлаф.

Дыууæусоны хæдзары куыдз нæ хъæуы.

Дыууæ усы лæгæн фыдбылыз ысты.

Дыууæ æмыджыры — фыдызнæгтæ.

Лæг-иу йæ усы куы уагъта, уæд-иу фехста топп. Уымæй-иу лæг фехъусын кодта хъæубæстæн, йæ усы йæ хæдзарæй кæй арвыста. (Рагон ирон æгъдау).

Нарты адæмæн фыдæй нæ баззад ус æмæ лæджы кæрæдзийæ фæхицæн кæнын.

Зæрæстон хуым — дурæппарæн.

Зæрæстон хуым — дурæппарæн, бадæг ус та — дзырдæппарæн.

Хъæлдзæг ус — дзырдæппарæн.

Хъæлдзæг ус — бинонтæн худæг.

Æнæмой ус — дзырдамонд.

Зæрæстон хуым — дурæппарæн, идæдз усы хæдзар — адæмæн æмбис.

Идæдз ус — дзырдæппарæн.

Идæдз ус хъæстгæнаг у. ’ .

Идæдз ус — æнæбон.

Идæдз усмæ мигъбон кæуын цæуы.

Идæдз тæригъæддаг у.

Идæдзмæ фæкæсын удыбæстæ у.

Хуыскъ усæй æфтауаг карк хуыздæр у.

Сылгоймаг мæгуыр у.

Усы цæстысыг сæ иууылдæр ахуыСсын кæндзæн.

Æфсымæр хуымы нæ зайы.

Дыууæ ’фсымæрæй арс дæр тæрсы.

Авд æфсымæры цы хæдзары уой, уырдæм арс дæр нæ уæнды.

Æфсымæр дын цы фæуа, уый — ничи.

Æфсымæрæй æфсымæр ничиуал кæны.

Ус ыссаргæ у, фæлæ ’фсымæр ыссаргæ нæу.

Æрдхорд æфсымæрæй хи ’фсымæр хуыздæр у.

Дæ фыдгулмæ йе ’фсымæр фезнаг уæд.

Æцæгæлæттæй хæлæрттæ аразыны бæсты уал де ’фсымæртимæ бафидау.

Хистæр хо — мады бæсты.

Хойы зæрдæ æфсымæрмæ тæнæг у.

Хойы зæрдæ—æфсымæрмæ, æфсымæры зæрдæ—хъæдмæ.

Хо хойæн рын у.

Хо хæрæндон у.

Мады зæнæг адджын у.

Хъæуæн æгъдау æмæ хæдзарæн фæтк ис.

Бæстæн фæтк æмæ хæдзарæн æгъдау.

Хæдзарæн фæтк æмæ хъæуæн æгъдау.

Хæдзарæй хæдзармæ дæр хицæн æгъдау ис.

Хæдзар фæндæй цæры.

Хæдзары ’гъдау хистæрæй цæуы.

Хæдзары хистæр цы бафæнд кæна, уый иннæ бинонтæ бакусынц.

Ногбонæхсæвы йæ хæдзар чи нæ ’рцагура, уый бинонтыл нымад нал вæййы.

Адæймагмæ хæдзары цы номæй дзурой, æддæ дæр æм уыцы номæй дзурынц.

Хæдзары, дам, чызг-æфсин æмæ лæппу-кувæг куы бацæуы, уæд æм æнхъæлмæ мауал кæс.

Дæппу-фæндгæнæг æмæ чызг-æфсин хæдзары сæфт у.

Аходæнæй сихормæйы бинонтæ.

Бинонты цард чи нæ уарзы, уый адæмы цард дæр нæ уарзы.

Бинонтæ ’мзонд куынæ уой, уæд сæ хæдзар уазалы смаг кæны.

Фыдæххæл бинонтæй алчидæр йæхи раст хоны.

Фыдæххæл бинонтæн сæ бæркад сæфт у.

Цъæнутджын хъæд æмæ фыдæххæл бинонтæй уæлдай нæй.

Æвзæр бинонты хистæрæн зын вæййы.

Бинонтæн сæ хуыздæр се знаг у.

Стыр бинонтæн — сæ кæройнаг, чысыл бинонтæн — сæ раззаг.

Дæ бинонты хуыздæр амæлæд!

Хуыцау æй ралгъыста: йæ бирæ бинонтæй иунæгæй баззад.

Хæдзарæн йæ сахъæттæ марды бон рабæрæг вæййынц.

Хæдзарæн йæ хуыздæр нæ мæлы.

Бинонтæн сæ хуыздæр нæ мæлы.

Бинонтæ фæйнæрдæм куы хæцой, уæд сыл цард нæ хæцы.

Бинонтæ кæрæдзийы куы уарзой, уæд сæ хуыцау дæр уарзы.

Бинонтæ кæрæдзийы куы уарзой, уæд сæ бæркад бирæ у.

Йæ бинонтæ хæларæй кæмæн цæрынц, уымæн йæ хæдзары бæркад бирæ у.

Бинонты уарзондзинад æфсиныл баст у.

Бинонты ’нгомдзинад æфсиныл баст у.

Æнгом цуанонтæ саг марынц, æнгом бинонтæ цард арынц.

Фæндараст хæдзар амоны.

Хорз хæдзарæн — хорз номхæссæн.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.