Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

АРГЪАУ. ЗАРÆГ. КАДÆГ. ТАУРÆГЪ

Аргъау сæдсæрон у.

Аргъау-биргъау.

Раджы-ма, раджы-ма. (Аргъауы райдайæн).

Царди, уыди.

Уыди — нæ уыди, иу лæг уыди.

Аргъау — тындзаг, аргъаугæнæг — фæлмæцаг.

Аргъау мæгуыры маст æнцад кæны.

Абон дæр ма цæрынц æмæ хæрынц. (Аргъаугæнæджы фæстаг ныхæстæ).

Ацы аргъауæй цы нæ федтат, рын-сонæй дæр æндæр мацы фенут!

Уыдонæй цы нæ федтат, маст, хæрамæй дæр æндæр мацы фенут!

Цард сын уыди, амонд сын уыди. Уыдон æрцыдмæ дзæбæхæй фæцæр!

Цард сын уыди, хорз сын уыди. Уыдон æрцыдмæ хорзæй фæцæрут, аргъаумæ хъусджытæ!

Аргъауы чъиппа дæуыл!

Зарæг йæ сæрæй чындæуы.

Зарæг хъырнæгæй фидауы.

Зарæг хъырнæгæй арæзы.

Ирон зарæг æнæ хъырнæгæй бæгънæг у.

Æвзæр зарæгæн хорз хъырнæг хъæуы.

Хъæрæй зарæгæн сабырæй хъырнын хъæуы.

Рæйдæ ’мæ уæрæйдæ-рирæ ’фсымæртæ сты.

Зарæджы хъæрмæ фæндаггон дæр фæхъырны.

Уæлыгæсы зарæгмæ фиййау дардæй фæхъырны.

Фиййауы уадындз фос-хизæнуаты фæндыр у.

Зарæг зæрдæйыл куынæ ’мбæла, уæд æй не стауынц.

Зарæгмæ зæрдæ йе хъæлдзæг куынæ кæна, йе ’нкъард, уæд уый зарæг нæ хуины.

Кадæджы æцæгæлон ныхæстæ нæ фæччы.

Мæ кадæггаг лæппутæм авæрут! (Кадæггæнæджы фæстаг ныхæстæ).

Ацæмæз — Нарты бонвæрнон, Нарты рухс хур.

Ацæмæз æмæ Сырдоны кадджытæ цæрынц.

Сырдоны фæндыр æнусмæ цæгъды.

«Рагон таурæгъ уын ракæнон æви æрыгон таурæгъ?»— «Рагон таурæгъ ма фехъуыстаиккам, фæлæ нын æрыгон таурæгъ ракæн.»

Æмæ абон дæр цæрынц, куывдтæ фæкодтой, сæ куывды ма æз дæр фæрасыг дæн. (Таурæгъгæнæджы фæстаг ныхæстæ).


ДЗЫРД

Дзырд хъазинаг нæу.

Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис.

Ныхас бæхыл бады.

Сæууон дзырд уадыл бады.

Ныхас уадæй тагъддæр у, топпæй — тыхджындæр.

Дзырд дардыл хъуысы.

Хъустæ кæмæн ис, уый хъусæд!

Фароны ныхас ацы аз зæрдæмæ нал фæцæуы.

Фæстаг ныхас фыццаг ныхасæн — къухбæттæн.

Нартæ ныхасы бадаг уыдысты.

Æргом ныхасы къæм нæй.

Æргом дзырды къæм нæй.

Æргом ныхасæй чи тæрсы, уый йæхæдæг аххосджын у.

Æргом ныхас хæлардзинад нæ халы.

Æргом дзырд лæварау у.

Æргомдзырд æнамонд у.

Адæймагæн йе сæфт дæр æмæ й’ амонд дæр йе ’взагыл баст ысты.

Лæджы йе ’взаг сафгæ дæр кæны ’мæ аразгæ дæр.

Дзырд халæг дæр у ’мæ аразæг дæр.

Саггаты хæйрæгау ын зыгъуыммæ дзурын хъæуы.

Бæлвырд ныхасыл æууæнк и.

Ныхас мæрдтæй ыздахы.

Къахы уæлфадмæ цы ныхас нæ хъуысы, уый хъаймæтмæ хъуысы.

Раст дзырд æмæ зылын дзырд фæрсæй-фæрстæм цæуынц.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.