Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

АФОН. ÆМГЪУЫД

Алцæмæн дæр афон ис.

Æппæтæн дæр афон ис.

Алцыдæр й’ афоныл хорз у.

Алцæмæн дæр — йæхи рæстæг.

Уалдзæг куы ’рцæуы, бæласы дон уæд бацæуы.

Æнафоны дидинæг бирæ нæ цæры.

Дыргъ й’ афоныл рæгъæд кæны.

Дыргъ й’ афоныл бæззы.

Уис й’ афоныл тасы.

Хорзад йе ’мгъуыд н.æ сайы.

Цасфæнды хур-хур куы фæкæнай, уæддæр æнафоны хур не скæсдзæн.

Æнафоны цы уасæг ныууаса, уый — -æргæвдинаг.

Йæ рæстæгыл мæлæт дæр хорз у.

Рæстæг зынаргъ у.

Рæстæгæй пайда кæнын хъæуы.

Рæстæгæй пайда кæн — рæстæг æмгъуыд нæ зоны.

Иу аз иу бон у.

Иу аз иу бонау у.

Цуаны бон топп ничи сыгъдæг кæны.

Гули цуаны куы цæуынц, сæ куитæн холлаг уæд дæттынц.

Хъуыддаг куы ’рхæццæ уа, уæд æй кæнын хъæуы.

Уæрдон кæм асæтта, уым æй аразынц.

Сæмæн кæм асæтты, уым æй чындæуы.

Чи дæ хъæуа, уый йæ боны ма агур.

Хъуыддаг бонæй-бонмæ куы ’ргъæвай, уæд æнæ арæзтæй зайы.

Сырдты сæр саг у, фæлæ сом-сомæй æнæ дымæгæй баззад.

Саг æмгъуыдмæ æнæ дымæгæй баззад.

Æмгъуыды саг — æнæ дымæг.

Сом-сомы саг æнæ дымæг баззад.

Сомæй-соммæ хæрæг æнæ къæдзилæй баззад.

Рувас æмгъуыдмæ æнæ дымæгæй баззад.

Арс цымы бын куыд баззад, уыйау дæм æнхъæлмæгæсгæйæ баззадтæн.

Æнхъæлмæ кæсынæн куыдз дæр нæ лæууы.

Куыдз æнхъæлмæ кæсынæй зæронд кæны.

Æрцаеуынæнхъæл дуар гомæй баззад.

Кæмæндæр, дам, йæ дзывылдар нæ тахт, æмæ хуым нал кодта.

Дзывылдар уæд та фæндагыл амард, æмæ уæд хуым нал кæнут?

Уæд та Дзидзойты дзыв.ылдарау нал цæуы!

Куадзæн кæд у ’мæ — сом.

Хæрæг, ма ныммæл — уалдзæг æрцæуы.

Хæрæг, ма ныммæл — сæрд дын æрцæудзæн.

Тугæн дæр ма æмгъуыд ис.

Фæгæдзæ кæн — дзуар дæр ма йæхи бонмæ ’нхъæлмæ фæкæсы.

Æмгъуыдмæ дзуар дæр лæууы.

Дзуар дæр ма ’мгъуыд зоны.

Уæдмæ кæнæ хæрæг мæлдзæн, кæнæ — йæ хицау.

Уæдмæ кæнæ арс мæлдзæн, кæнæ — æрсгæс.

Ирон лæг Джеуæргуыбамæ ’мгъуыд кæны.

Æмгъуыд — æнæкæрон.

Æмгъуыды дымæг даргъ у.

Мæрдтæм æмгъуыд ма кæн.

Иу боны баззад — сæдæ боны баззад.

Йæ боны чи нæ фæуа, уæй оæдæ боны нæ комы.

Цæф йæ цæфыл куынæ бабæттай, уæд ферхæм вæййы.

Абоны куыстагæн райсоммæ ’мгъуыд ма кæн.

Скæндзынæнæй ыскодтон хуыздæр.

Азтæ хынц, фæлæ бонтыл ма ’ууæнд.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.