Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ТЫХДЖЫН. ÆДЫХ

Арвы нæрыимæ зæхх дæр хъырны.

Арвы цæф — зæххæн бындзы хæст.

Зæй риуæй ничи уромы.

Донимæ хъæбысæй ничи хæцы.

Ивылд дон тæригъæд нæ зоны.

АРС, БИРÆГЪ ÆМÆ РУВАС

Арс, бирæгъ æмæ рувас загътой кæрæдзийæ ’фсымæртæ. Ацыдысты балцы. Фæндагыл ыссардтой иу нард хъазы мард. Се ’ппæты фаг кæм уыдаид, нæ йыл фидыдтой, ратæрхон-батæрхон ыл фæкодтой, стæн фæстагмæ ’рхъуыды кодтой æмæ загътой: «Æгъдаумæ гæсгæ, азтæй хистæр чи у, уый йæ бахæрæд!»

Бирæгъы бафарстой: «Дæуыл цал азы цæуы?»

Уый сын загъта: «Адæмæн хуыцау фос куы радта, гъеуæд райгуырдтæн!..»

Рувас куыддæр уыцы ныхас айхъуыста, афтæ дын хъарæг кæнын æмæ цæстысыг сæрфын систа. Фæрсынц æй йе ’мбæлттæ: «Цæуыл кæуыс?»

«Куыд нæ кæуон, уæ рын бахæрон! Хуыцау адæмæн фос куы радта, уæд мæнæн мæ хистæр фырт куы ’рбамард!..»

Арс сæм æнцад фæхъуыста, фæхъуыста, стæй загъта: «Кæд мæныл цыппар азы йедтæмæ нæ цæуы, уæддæр æз сымахæй тыхджындæр дæн æмæ уын ацы хъазæй ницы ратдзынæн!..»

Йæхæдæг хъазы мардыл балæууыд æмæ дын йæ мыртт-мыртт ыссыд.

БИРÆГЪ ÆМÆ РУВАС

Бирæгъы куйтæ расырдтой. Уый иу ыстыр хуынкъмæ бауади. Бамбæхсон дзы, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ кæсы, æмæ дзы рувас бады. Рувас йæ дæндæгтæ фæзыхъхъыр кодта ’мæ дзур-ы бирæгъмæ: «Ма ’рбацу ардæм — ай мæ бынат у!»

«Знаг амарди, — загъта бирæгъ. — Куйтæ мæм афтæ хæстæг куынæ уаиккой, уæд дын æз бæргæ базонын кæнин, кæй бынат у, уый!»

СÆГЪ ÆМÆ БИРÆГЪ

Сæгъ æмæ, дам, бирæгъ дон нызтой. Бирæгъ — уæлейы, сæгъ — дæлдæр. Æмæ дам ын бирæгъ афтæ зæгъы: «Мæ дон мын ма змæнт».

Бирæгъæн сæгъы мехъхъ — худын. Бирæгъ сæныккæн батæригъæд кодта мæ йæ ахордта.

ХÆФС ÆМÆ МЫСТ

Хæфс æмæ мыст фæхыл ысты. Кæрæдзийы ратон-батон кодтой. Уари сæм касти уæлейæ ’мæ загъта: «Уыдон мæн ницæмæ дарынц æмæ мæ ферох кодтой, фæлæ сæм куы фæзынин!»

Афтæмæй сыл йæхи рауагъта ’мæ сæ ахаста.


Каркау æй йæ быны акодта.

Уый дын д’ аргъуыды ном зæгъын кæндзæн.

Йæ удæй йын ысхъазыд.

Гæды мыстæй куыд хъаза, афтæ дзы хъазы.

Мысты хъарæг — гæдыйæн зарæг.

Мысты хъарæг — гæдыйæн кадæг.

Мæ цъынайыл мын дур фæкодта.

Хохыл айк ныццавта.

Цы хъомыс мын дæ — дæ дæлбазыр куынæ цæрын, миййаг?

Æз лæгъстæйаг никæмæн дæн.

Хурæн мæ йæ хорзæх уæд, мæйæн — йæ фыдæх.

Мæйæн мæ йæ хорзæх уæд, стъалытæн — сæ фыдæх!

Хур адæм се ’ппæты нæ тавы.

Хур чердыгæй тавы, уыцырдæм де ’ргом аздах.’

Тыхджын чи у, уый хорзæх нын хуыцау раттæд!

Уæларвы дзуæрттæ — мæ кайыстæ, быдыры хантæ —мæ лымæнтæ.

Паддзахы уæрдон тыхджын у.

Паддзахы уæрдон тæрхъус ахсы.

Хуыцауы тыхæй паддзахы тыхæй хъауджыдæр нæй.

Уыдонæн сæ уæзданы чиныг паддзахы уæлкъæсæр ис.

Хох — дзуарджын, быдыр — æлдарджын.

Тыхджынæн дæр м-æллæг йе ’мбуар куынæ лæууид, уæд цæй тыхджын у?

Тыхджын хъæздыг у, æдых — мæгуыр.

Тихалæгау: кæрдæгæй бæрзонддæр.

Мæллæг далысы уаст кæны.

Мæллæг далысы уаст бакодта, мæнæ дæн, зæгъгæ.

Ныр амæ мæ къух куыд сисон?

Нæмын дæ бар у, фæлæ кæуын дæр дæ бар у?

Хуыскъ хъуг уæйгуытæй йæхи куыд хиза, афтæ дзы мæхи хизын.

Æдых тыхджынæн — дондзау.

Æдых фæсаууонæй фæдзуры.

Тыхлæг — зындзырд.

Тыхлæг æдых вæййы.


Дыууæ лæджы цуаны уыдысты. Иу дзы дзыхъмæ цæфтыди ’мæ уырдыгæй хъæр кæны иннæмæ: «Ардæм, ардæм — арс дын æрцахстон!»

— Ралас æй ардæм, — хъæр кæны йе ’мбал.

— Аласин æй, фæлæ мын нæ комы.

— Æмæ дын кæд нæ комы, уæд та дæхæдæг рацу.

— Цæугæ бæргæ акæнин, фæлæ мæ нæ уадзы. Хæрдзæн мæ, ’нхъæлдæн.


Айк мæцъисæй фæлдахы.

Цъиу куы бахъарм вæййы, уæд йæ базыртæ батилы.

Судзин дæр ма йæ фæдыл æндах ласы.

Ныллæг дур къахсæрфæн у.

Кау кæм ныллæгдæр у, уым ыл хизынц.

Мæлдзыджы цæф хъæндилæн нæ риссы.

Пылы бын мæлдзыг бахауд.

Мæлдзыг, дам, афтæ загъта: «Æз пылæй тыхджындæр дæн — ныллæууыди мыл, фæлæ йæ æз хъуыды дæр не ’ркодтон...»

Мæлдзыг йе ’мбæрц хæссы.

Аууон аууонæй нæ тæрсы.

Æнæбонæй хылæргом.

Æнæбонæй уæйгуытимæ симы.

Æнæбон галау уæлæмæ лидзы.

Каесаг кæфимæ дугъы уади.

Кæмæндæр йæ бæхыл йæ бон нæ цыд æмæ йæ саргъы надта.

Чидæр рæгъауы йæхи хъуджы ссардта.

Дзæргъ йæхи нæ фæрæзта ’мæ йын нæл хуыйы дæр йе ’ккой ыскодтой.

Фæллад фистæг — бæхджыныл худаг.

Фистæг бæхджыныл худаг.

Уæрццы мардмæ — ’хсаргард.

Чидæр мæгайы мардмæ ’хсаргард ысласта.

Чидæр цъиуы мардмæ ’хсаргард куыд ысласта, уыйау.

Цъиуы мардмæ ’хсаргард ма лас.

Æфсæйнаг дур сæтты, фæлæ дур æфсæйнаджы ку’ асæтты, афтæ дæр рауайы.

Дзæбидырты хæсты тыхджындæр мæлы.

Тыхагур тых ары.

Тыхджыны хинæй ахстæуы.

Арт æмæ донимæ дæ хъару ма ’вдис.

Арт зынгæй нæ тæрсы.

Тых рæдийын кæны.

Дæ тыхы фæдыл ма ацу — фæрæдийдзынæ.

Дæ тыхы фæдыл ма ацу, уæд дæ тых сæттыс; ныфсы коммæ дæр ма бакæс, уæд дæ ныфс сæттыс.

Тыхы фæдыл чи рамбула, уый æфсæст никуы вæййы.

Дæ тыхæй ма фæбузныг у.

Дæ тыхы коммæ ма бакæс.

Тыхы фæдыл цæуын нæ хъæуы.

Тыхæй тыхджындæртæ бирæ ис.

Тыхæй тыхджындæртæ ис, ныфсæй — ныфсджындæртæ.

Тыхджынæй тыхджындæр — мæлæт.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.