Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. Дыккæгæм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Фыстæг Эфесы аргъуанмæ

1 Эфесы аргъуаны зæдмæ ныффысс: «Йæ рахиз къухы авд стъалыйы Чи дары, авд сызгъæрин цырагъдарæны æхсæн Чи цæуы, Уый афтæ зæгъы:

2 Æз зонын дæ хъуыддæгтæ, дæ фæллой, фæразон кæй дæ, фыдадæмæн кæй нæ быхсыс, йæхи апостол чи хоны, уæвгæ та апостол чи нæу, уыдоны кæй бафæлвæрдтай æмæ мæнгард кæй сты, уый кæй базыдтай, уыдæттæ.

3 Ды фæразон дæ, бирæ бавзæрстай Мæ номы сæраппонд, æмæ нæ бафæлладтæ.

4 Фæлæ дæ азымджыныл нымайын, дæ фыццаг уарзт дæм кæй нал ис, уымæй.

5 Уæдæ цы бæрзонд ранæй æрхаудтæ, уый æрымыс, æрфæсмон кæн æмæ араз дæ раздæры хъуыддæгтæ. Афтæ куы нæ уа, куы не ’рфæсмон кæнай, уæд дæм æрцæудзынæн æмæ дын дæ цырагъдарæн йæ бынатæй айсдзынæн.

6 Æниу дæм хорзæй уый ис, æмæ николаитты хъуыддæгтæ Мæнæн куыд æнæуынон сты, афтæ æнæ-уынон сты дæуæн дæр.

7 Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд, Уд аргъуантæн цы зæгъы, уымæ. Уæлахиздзауæн ратдзынæн, Хуыцауы дзæнæты цы царды бæлас ис, уый дыргъæй бахæрыны бар».


Фыстæг Смирнæйы аргъуанмæ

8 Смирнæйы аргъуаны зæдмæ дæр ныффысс: «Фыццаг æмæ Фæстаг, мард Чи уыд æмæ ныр удæгас Чи у, Уый афтæ зæгъы:

9 Æз зонын [дæ хъуыддæгтæ,] дæ хъизæмæрттæ æмæ дæ мæгуырдзинад, фæлæ уæддæр хъæздыг дæ; зонын, йæхи иудей чи хоны, уæвгæ та иудей нæ, фæлæ хæйрæджы синагогæ чи у, уыдон дыл цъыф кæй калынц, уый.

10 Цы хъизæмæрттæ бавзарын дæ бахъæудзæн, уыдонæй ма тæрс. Уæ бафæлварыны тыххæй хæйрæг сымахæй кæйдæрты баппардзæн ахæстоны, æмæ уæ хъизæмар ахæсдзæн дæс боны. Мæлын дæ куы бахъæуа, уæддæр баззай иузæрдионæй æмæ дын ратдзынæн хæрзиуæг — мыггагмæйы цард.

11 Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд, Уд аргъуантæн цы зæгъы, уымæ. Уæлахиздзауæн дыккаг мæлæтæй тас нæу?»


Фыстæг Пергамы аргъуанмæ

12 Пергамы аргъуаны зæдмæ дæр ныффысс: «Цыргъ дыком цирхъ Кæмæ ис, Уый афтæ зæгъы:

13 Æз зонын: ды цæрыс, хæйрæг паддзахиуæг кæцæй кæны, уым. Уæддæр Мæныл æнувыд дæ, хæйрæг кæм цæры, уæ уыцы сахары Мæ иузæрдион æвдисæн Антипайы куы амардтой, суанг Мыл уыцы рæстæг дæхи нæ атигъ кодтай.

14 Фæлæ дæ уæддæр иуцасдæр азымджыныл нымайын, уымæн æмæ уæм ис, Валаамы ахуырадыл хæст чи у, ахæмтæ; Валаам та сахуыр кодта Валакы, æмæ уый Израилы адæмы сардыдта мæнгхуыцæуттæн хаст нывондтæ хæрыныл æмæ хæтыныл.

15 Афтæ дæумæ дæр ис николаитты ахуырадыл хæст адæймæгтæ.

16 Æрфæсмон кæн, науæд дæм рæхджы æрцæудзынæн æмæ семæ тох самайдзынæн Мæ дзыхы цирхъæй.

17 Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд, Уд аргъуантæн цы зæгъы, уымæ. Уæлахиздзауæн бахæрын кæндзынæн æмбæхст маннæйæ æмæ йын ратдзынæн урс дур. Дурыл фыст уыдзæн, йæ райсæгæй фæстæмæ кæй ничи зоны, ахæм ног ном?»


Фыстæг Фиатирæйы аргъуанмæ

18 Фиатирæйы аргъуаны зæдмæ дæр ныффысс: «Пиллон артау Кæй цæстытæ сты, зынг æрхуыйау Кæй къæхтæ æрттивынц, Хуыцауы уыцы Фырт афтæ зæгъы:

19 Æз зонын дæ хъуыддæгтæ, дæ уарзт, дæ уырнындзинад, дæ куыст æмæ фæразон кæй дæ, стæй, дæ фæстаг хъуыддæгтæ фыццæгтæй фылдæр кæй сты, уый.

20 Фæлæ дæ уæддæр азымджыныл нымайын: йæхи пехуымпар чи хоны, уыцы сылгоймаг Иезавелæн дæттыс йæ ахуырадæй Мæ цагъарты фæливыны фадат — ардауы сæ хæтыныл æмæ мæнгхуыцæуттæн хаст нывондтæй хæрыныл.

21 Æз ын радтон рæстæг æрфæсмон кæнынæн, фæлæ хъахбай кæй у, ууыл æй æрфæсмон нæ фæнды.

22 Мæнæ йыл Æз æфтауын низ; йемæ чи хæты, уыдон та сæ митыл куы нæ æрфæсмон кæной, уæд сæ æппарын стыр бæллæхы.

23 Йæ сывæллæтты дæр ын амардзынæн; уæд æппæт аргъуантæ дæр базондзысты, Æз кæй уынын зæрдæтæ æмæ зонд, æмæ уæ алкæмæн дæр кæй ратдзынæн йæ хъуыддæгтæм гæсгæ.

24 Сымахæн та — уыцы ахуырадыл Фиатирæйы хæст чи нæу, хæйрæджы сусæгдзинæдтæ кæй хонынц, уый чи нæ зоны, уыдонæн — зæгъын: æндæр уаргъ уыл нæ сæвæрдзынæн,

25 Æрмæст Ме ’рцыдмæ фидар хæцут, цы уæм ис, ууыл.

26 Чи фæуæлахиз уа æмæ Мын кæронмæ коммæгæс чи разына, уымæн Æз ратдзынæн адæмтыл æлдариуæг кæныны бар,

27 Æз æлдариуæг кæныны бар Мæ Фыдæй куыд райстон, афтæ; здахдзæн сæ æфсæн лæдзæгæй, уыдон базгъæлæнтæ уыдзысты æлыгæй конд мигæнæнтау,

28 Æмæ йын ратдзынæн Бонвæрнон.

29 Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд, Уд аргъуантæн цы зæгъы, уымæ?»

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.