Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 19-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

1 Уый фæстæ æз уæларвы фехъуыстон, бирæ адæм цыма хъæрæй дзырдтой, ахæм хъæлæс: «Аллилуйа!5 Нæ Хуыцау ирвæзынгæнæг у; Уый намысджын æмæ тыхджын у;

2 Уымæн æмæ Йæ тæрхæттæ раст æмæ æнæхæрам сты! Уый бафхæрдта, йæ хъахбайдзинадæй зæхх чи фехæлдта, уыцы стыр хъахбайы æмæ дзы райста Йæ цагъарты туг».

3 Дыккаг хатт загъдæуыд: «Аллилуйа! Йæ фæздæг кæлдзæн мыггагæй-мыггагмæ».

4 Уæд цыппар æмæ ссæдз хистæры æмæ цыппар уæларвон удгоймаджы адæлгом сты æмæ бакуывтой Йæ бадæны бадæг Хуыцаумæ: «Амен! Аллилуйа!»

Уæрыччы чындзæхсæв

5 Уæд паддзахы бадæнæй райхъуысти хъæлæс: «Æппæлут нæ Хуыцауæй, Йæ цагъартæ иууылдæр æмæ Дзы чи тæрсы, уыдон номдзыдтæ æмæ хуымæтæгтæ».

6 Æз фехъуыстон, бирæ адæм цыма хъæрæй дзырдтой, стыр æхсæрдзæны уынæрау æмæ тыхджын æрвнæрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахæм хъæлæс: «Аллилуйа! Дунедарæг Хицау Хуыцау сси паддзах!

7 Уæдæ цин кæнæм, хъæлдзæг уæм æмæ Йын скæнæм кад. Уымæн æмæ æрцыд Уæрыччы чындзæхсæвы рæстæг, æмæ Йæ Усаг йæхи æрцæттæ кодта.

8 Радтой йын сыгъдæг æмæ æрттиваг кæттагæй дарæс скæныны бар». Уыцы кæттаг та у сыгъдæджыты рæстад.

9 Зæд мын загъта: «Ныффысс: тæхудиаг сты Уæрыччы чындзæхсæвмæ хуындтытæ». Ноджы мын загъта: «Уыдон æцæгæй Хуыцауы ныхæстæ сты».

10 Æз бакувынмæ адæлгом дæн зæды къæхты раз. Фæлæ мын уый загъта: «Афтæ ма бакæн; æз дæуæн, стæй Йесойæн æвдисæн чи у, дæ уыцы æфсымæртæн æмкусæг дæн. Хуыцаумæ бакув, уымæн æмæ Йесойæн æвдисæн чи у, уыдонмæ пехуымпарады уд ис».

Барæгурс бæхыл

11 Æз федтон арвы дуар гомæй æмæ Барæджы урс бæхыл. Барæджы хонынц Иузæрдион æмæ Æцæг, уымæн æмæ æнæхæрам сты Йæ тæрхон æмæ Йæ тох.

12 Барæджы цæстытæ сты пиллон артау, Йæ сæрыл — бирæ кадыхудтæ. Фыст Ыл ис, æрмæстдæр Йæхæдæг кæй зоны, ахæм ном.

13 Ис Ыл тугæйдзаг пæлæз; Йæ ном: Хуыцауы Дзырд.

14 Уæларвон æфсад сыгъдæг æмæ уæздан кæттагæй урс-урсид дарæсы урс бæхтыл цыди Йæ фæстæ.

15 Йæ дзыхæй зыны цыргъ цирхъ адæмты цæгъдынæн. Уый сæ здахдзæн æфсæн лæдзæгæй; сæндуцæны къæхтæй дуцы Дунедарæг Хуыцауы стыр фыдæхы сæн.

16 Йæ пæлæзыл, Йæ синыл фыст у Йæ ном: «Паддзæхты Паддзах æмæ хицæутты Хицау».

17 Æз федтон, хурыл чи лæууыд, уыцы зæды. Уæлиæутты цы мæргътæ тæхы, уыдонмæ сеппæтмæ дæр зæд ныхъхъæр кодта: «Ратæхут, æрæмбырд ут Хуыцауы стыр куывдмæ,

18 Æмæ бахæрут паддзæхты мæрдтæ, æфсæддон разамонджыты мæрдтæ, тыхджынты мæрдтæ, бæхты æмæ барджыты мæрдтæ, æппæт сæрибар æмæ цагъар, хуымæтæг æмæ номдзыд адæмы мæрдтæ».

19 Æз федтон сырды æмæ зæххон паддзæхты се ’фсæдтимæ. Уыдон æрæмбырд сты Барæгимæ æмæ Йе ’фсадимæ хæст самайынмæ.

20 Æмæ æрцахстæуыд сырды, стæй сырды нысан йæ уæлæ чи сæвæрдта æмæ йын йæ сурæтмæ чи куывта, уыдоны асайыны тыххæй сырды раз диссæгтæ чи æвдыста, уыцы мæнгпехуымпары. Сæ дыууæйы дæр удæгасæй ныппæрстæуыд судзгæ сондоны цадмæ.

21 Инназтæ та цагъды фесты, Барæджы дзыхæй цы цирхъ зынди, уымæй, æмæ мæргътæ иууылдæр бафсæстысты сæ фыдæй.

5 19:1 Алилуйа — дзуттагау «стаут Хуыцауы»; цины хъæр Хуыцауы кадæн.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.