Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыццаг фыстæг коринфæгтæм. Сæр 3

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Хуыцауæн æмкусджытæ

1 Æмæ, æфсымæртæ, Хуыцауы Удæй хайджынтимæ куыд фæныхас кæнынц, мæ бон уемæ афтæ дзурын нæ уыд. Æз уемæ дзырдтон тæригъæдджын мондæггæн коммæгæстимæ дзурæгау. Уымæн æмæ уæ чырыстон уырнындзинадмæ гæсгæ сымах нырма дзидзидайтæ стут.

2 Æз уæ хастон æхсырæй, хъæбæр хæринаг та уын нæ лæвæрдтон, йæ бахæрын уæ бон кæй нæ уыди, уый тыххæй; æмæ ныртæккæ дæр нæу уæ бон йæ бахæрын,

3 Уымæн æмæ нырма дæр тæригъæдджын мондæгты коммæ кæсут. Кæд стут хæлæг æмæ уæм ис хъаугъатæ, уæд уæ тæригъæдджын æрдзыхъæды дæлбар не стут æмæ, адæм дунейы куыд цæрынц, ахæм цардæй нæ цæрут, мыййаг?

4 Уымæн æмæ сымахæй кæд иу афтæ зæгъы: «Æз Павелы ахуыргæнинаг дæн», иннæ та: «Æз Аполлосы ахуыргæнинаг дæн», уæд ацы дунейы адæмау не стут, æви?

5 Чи у Аполлос? Чи у Павел? Уыдон сты, сымах кæй фæрцы баууæндыдыстут, æрмæстдæр уыцы кусджытæ; æмæ сæ алчидæр сарæзта, Хицау ын цы хъуыддаг бафæдзæхста, уый.

6 Æз байтыдтон, Аполлос дон рауагъта, фæлæ хор Хуыцау радта.

7 Уæдæ тауæгæй дæр æмæ донуадзæгæй дæр ницы аразгæ у — æппæт дæр аразгæ у хордæттæг Хуыцауæй.

8 Тауæг æмæ донуадзæг иу хъуыддаг аразынц, æмæ алчвдæр райсдзæн йæ мызд, цас бакуса, уымæ гæсгæ.

9 Мах Хуыцауимæ иу хъуыддаг аразæм, сымах та стут Хуыцауы хуым, Хуыцауы хæдзар.

10 Хуыцау мын цы хорзæх ракодта, уый фæрцы зондджын аразæгау æз сæвæрдтон бындур, иннæ та уыцы бындурыл аразы. Фæлæ алчидæр хъуамæ лæмбынæг кæса, куыд аразы, уымæ.

11 Бындур æвæрд у æмæ æндæр бындур сæвæрын никæй бон у, уымæн æмæ æвæрд бындур Йесо Чырысти у.

12 Уыцы бындурыл чи цæмæй аразы — сызгъæринæй уа, æвзистæй, зынаргъ дуртæй, хъæдæй, хосæй æви хъæмпæй —

13 Алкæмæн дæр рабæрæг уыдзæн йæ хъуыддаг; уымæн æмæ ралæудзæни бон, æмæ алкæмæн дæр йæ хъуыддаг бафæлвардзæн арт æмæ арты сбæлвырд уыдзæни, цавæр ын у, уый.

14 Кæй арæзт хъуыддаг нæ басудза, уый райсдзæни хæрзиуæг.

15 Кæй хъуыддаг басудза, уый та баййафдзæни зиан. Æниу, йæхæдæг фервæздзæни, фæлæ артæй раирвæзæгау.

16 Сымах Хуыцауы хæдзар кæй стут, æмæ Хуыцауы Уд уæ зæрдæты кæй цæры, уый нæ зонут, æви?

17 Хуыцауы хæдзар чи фæчъизи кæна, уый Хуыцау бафхæрдзæн, уымæн æмæ Хуыцауы хæдзар сыгъдæг у; æмæ уыцы хæдзар сымах стут.

18 Йæхи уæ мачи сайæд. Кæд сымахæй искæмæ афтæ кæсы, æмæ ацы дунейы зондджын у, уæд суæд «æнæзонд», æмæ уыдзæни зондджын.

19 Уымæн æмæ ацы дунейы зонд Хуыцауы цæсты æнæзонддзинад у, Сыгъдæг Фыст куыд зæгъы, афтæ: «Хуыцау зондджынты ацахсы сæхи хинæй».

20 Æмæ ма ноджыдæр: «Хицау зоны, зондджынты фæндтæ дзæгъæлы кæй сты, уый».

21 Уæдæ адæймагæй мачи æппæлæд, уымæн æмæ æппæт дæр сымах у:

22 Павел уа, кæнæ Аполлос уа, кæнæ Кифæ уа, кæнæ дуне уа, кæнæ цард уа, кæнæ мæлæт уа, кæнæ абон уа, кæнæ фидæн уа — æппæт дæр сымах у;

23 Сымах та Чырыстийы стут, Чырысти та Хуыцауы у.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.