Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыццаг фыстæг коринфæгтæм. Сæр 1

Аудио (mp3, ~5 МБ)

1 Павелæй, Йесо Чырыстийы апостолæй Хуыцау кæй сæвзæрста, уымæй, æмæ æфсымæр Сосфенæй

2 Хуыцауы аргъуанмæ Коринфы — Хуыцау кæй æрхуыдта æмæ Йесо Чырыстийы руаджы кæй ссыгъдæг кодта, уыдонмæ; стæй алы ран дæр нæ Хицау Йесо Чырыстийы, нæ иумæйаг Хицауы, ном чи ары, уыдонмæ сеппæтмæ дæр.

3 Хорзæх æмæ уын фарн нæ Фыд Хуыцауæй æмæ Хицау Йесо Чырыстийæ.

Павел бузныг у Хуыцауæй

4 Æз сымах тыххæй иудадзыг арфæ кæнын мæ Хуыцауæн, Йесо Чырыстийы руаджы уæ Йæ хорзæхæй кæй схайджын кодта, уый фæдыл.

5 Уымæн æмæ Йесоимæ баиуы руаджы сымах схъæздыг стут алцæмæй дæр: алы ныхасæй æмæ алы зонынадæй.

6 Чырыстийы тыххæй уын цы загъдæуыд, уый цæры уæ зæрдæты.

7 Уымæ гæсгæ, нæ Хицау Йесо Чырыстийы æрцыдмæ æнхъæлмæгæсгæйæ, иу курдиатæй дæр æнæхай не стут.

8 Æмæ уæ нæ Хицау Йесо Чырысти сфидар кæндзæни кæронмæ, цæмæй Йæ æрцыды бон уат æнæфау.

9 Йæ Фыртимæ, нæ Хицау Йесо Чырыстиимæ, сымах цæрынмæ Чи æрхуыдта, уыцы Хуыцау Йæ дзырд никуы сайы.

Быцæутæ аргъуаны

10 Нæ Хицау Йесо Чырыстийы номæй уæ курын, æфсымæртæ, цæмæй уеппæт дæр æмбарат кæрæдзи æмæ дихтæ ма кæнат, фæлæ уат æнгом — æмуд æмæ æмзонд.

11 Уымæн æмæ æз Хлойæйы хæдзаронтæй фехъуыстон, ме ’фсымæртæ, хъаугъатæ уæм кæй ис, уый тыххæй.

12 Æз уый зæгъынмæ хъавын, æмæ сымахæй алчвдæр дзуры: «Æз Павелы ахуыргæнинаг дæн», «Æз Аполлосы ахуыргæнинаг дæн», «Æз Кифæйы ахуыргæнинагдæн», «Æз Чырыстийы ахуыргæнинаг дæн».

13 Ау, Чырысти ныддихтæ? Ау, Павелы байтыгъдæуыд уæ сæраппонд?

Кæнæ уыл Павелы номыл саргъуыдæуыд?

14 Бузныгдæн Хуыцауæй, Крисп æмæ Гайы йеддæмæ сымахæй кæй никæуыл саргъуыдтон, уый тыххæй.

15 Афтæ никæй бон у зæгъын, æмæ уыл мæ номыл саргъуыдæуыд.

16 Саргъуыдтон ма Стефаны хæдзаронтыл дæр. Æндæр ма искæуыл саргъуыдтон, уый нæ хъуыды кæнын.

17 Чырысти мæ аргъауынмæ нæ рарвыста, фæлæ фарны уац хъусын кæнынмæ, уыимæ зондджын къæбæлдзыг ныхæстæй нæ, цæмæй ма фесæфа Чырыстийы дзуары тых.

Хуыцауы тых æмæ зонд

18 Сæфты фæндагыл цæуджытæ дзуары тыххæй ныхас æнæзондыл нымайынц, махæн та, фервæзыны фæндагыл цæуджытæн, Хуыцауы тых у.

19 Афтæ зæгъы Сыгъдæг Фыст дæр: «Зондджынтæн фесафдзынæн се стыр зонд, æмбаргæтæ нал æмбардзысты».

20 Кæм и зондджын? Кæм и динамонæг? Кæм ис ацы дунейы хъуыдыгæнæг? Хуыцау ацы дунейы зонд æнæзонд не скодта, мыййаг?

21 Хуыцау Йæ зондмæ гæсгæ куыд снысан кодта, афтæ дуне йæхи зондæй Хуыцауы кæй нæ базыдта, уымæ гæсгæ Хуыцауы бафæндыди дзуары тыххæй «æнæзонд» ныхасы фæрцы уырнджыты фервæзын кæнын.

22 Уымæн æмæ иудейтæ диссæгтæ домынц, бердзентæ зонд агурынц,

23 Мах та хъусын кæнæм дзуарыл тыгъд Чырыстийы тыххæй, æмæ нæ ныхас иудейтæн цæлхдур у, муртаттæ та йæ æнæзондыл нымайынц.

24 Иудейтæй æмæ бердзентæй Хуыцау кæй æрхуыдта, уыдонæн та Чырысти Хуыцауы тых æмæ Хуыцауы зонд у.

25 Уымæн æмæ Хуыцауы «æнæзонд» ми адæмы зондæй уæлдæр у, æмæ Хуыцауы «лæмæгъ» ми адæмы хъаруйæ домбайдæр у.

26 Æркæсут-ма, æфсымæртæ, Хуыцау уæ куы æрхуыдта, уæд цавæртæ уыдыстут: зæххон барæнтæй баргæйæ, уе ’хсæн бирæ нæ уыди зондджынтæ, бирæ уæм нæ уыди тыхджынтæ, бирæ уæм нæ уыди уæздæттæй.

27 Фæлæ Хуыцау сæвзæрста, дунейы цæсты æнæзонд чи у, уыдоны, цæмæй фæхудинаг кæна зондджынты, æмæ дунейы цæсты лæмæгъ чи у, уыдоны сæвзæрста Хуыцау, цæмæй фæхудинаг кæна тыхджынты.

28 Дунейы цæсты ницæйаг, æгад æмæ æнахадгæ чи уыди, Хуыцау уыдоны сæвзæрста, цæмæй ахадгæты скæна æнахадгæ,

29 Æмæ иу адæймаг дæр Хуыцауы раз йæхицæй ма раппæла.

30 Хуыцау уæ баиу кодта Йесо Чырыстиимæ — Уый махæн фестад Хуыцауæй лæвæрд зонд, ссæрибар, сраст æмæ нæ ссыгъдæг кодта,

31 Цæмæй уа, Сыгъдæг Фыст куыд зæгъы, афтæ: «Йæхицæй чи æппæлы, уый æппæлæд Хицауæй».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.