Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

«Хæлуарæджы тын йæхи афтæ фæдары, цыма æртæхтæ ахсы, æцæгæй та бындзытæ ахсы». // Тагоры хъуыдытæй

Дзасохты Музаферы роман «Урс мæнæргъы»-йæ скъуыддзаг (PDF æрæвгæн)

XI

Нæ хъæуы цæрджытæ иууылдæр Уæлладжыры комæй ралидзджытæ сты, фæлæ уæддæр дыууæ дихы кæнынц: иутæ дзы сты Цæрадзонтæ, иннæтæ — Сидæмонтæ. Уымæ гæсгæ кувгæ дæр дыууæ дзуарæн кæнынц, ома дзы алкæмæн дæр ис йæхи кувæндон. Цæрадзонтæ дæр æмæ Сидæмонтæ дæр сæ дзуæртты нæмттæ уыцы-иу афон æрымысынц — рухæны мæй. Цæрадзонты куывд хуыйны Сидæн, Сидæмонты куывд — Ичъына. Мæ фыдæлтæ Цæрадзонтæ кæй уыдысты, уый æз гыццылæй нырмæ хъуыстон. Цæрадзонтæй йæхи чи хуыдта, уыдонæй-иу иуæй-иутæ сæ ноггуырд лæппутыл Цæрадзон-ном дæр сæвæрдтой. Æз дзы нæхи мыггаджы дæр дыууæ Цæрадзоны зонын. Хъæуы ма куы цардыстæм, уæд-иу Сидæны куывдты æдзухдæр архайдтон. Кæд ма исты хъуыды кæнын, уæд иу хатт нæхæдæг фысым дæр уыдыстæм. Фысым та-иу афтæ æвзæрстой: куывд-иу кæронмæ фæцæйхæццæ кодтаид, афтæ-иу хæлттæ сæппæрстой, ома иннæ аз фысымы рад кæмæ ’рхаудзæн æмæ куывд кæмæ уыдзæн, уый сбæлвырд кæныны тыххæй. Кæй хал-иу схауд, уымæ-иу нуазæн æмæ сгуы радтой æмæ-иу уырдыгæй фæстæмæ фысымы æфсæрм бацыди: йæхи-иу цæттæ кæнын райдыдта иннæ азы фæззæгмæ.

Сидæны тыххæй æмбисæндтæ дæр баззади. Сидæн Мыкалгабырты кувæндон у. Таурæгъ куыд дзуры, афтæмæй кæддæр адæмыл рын сыстад æмæ цагъды кодтой. Низ комыл рæбынмæ пырхгæнгæ цыд æмæ йæ фæндагыл кæуылдæриддæр æмбæлди, уыдон цæвæгæй кæрдæгау карста. Уыимæ рын цыди сау гæдыйы хуызы æмæ иу афон бахæццæ, Цæрадзонтæ кæм цардысты, уыцы хъæутæм. Уый, дам, Цæрадзонты дзуар Мыкалгабыр куы ауыдта, уæд цæргæс фестад, гæдыйыл йæхи рауагъта, йæ дзæмбытæ дзы фæсагъта æмæ арвмæ бæрзонд стахт. Айнæг къæдзæхыл æй æрæппæрста æмæ халоны айкау ныппырх. Афтæмæй дзуар йæ кувæг адæмы мæлæтæй фервæзын кодта. Æвæццæгæн, уымæн фæзæгъынц: «Мыкалгабыртæ Цæрадзонтæн цы ’ххуыс бакодтой, ахæм æххуыс сымахæн дæр бакæнæнт!»

Ис ма æндæрхуызон таурæгъ дæр. Цыма Цæрадзонтæм стыр куывд уыди. Авдаздзыд гал аргæвстой, æмæ кусарт дынджыр цуайнаджы фыхт. Сæ хæйрæджы хай, дам, калм фестади æмæ фыцгæ аджы йæхи ныппæрста, цæмæй адæм маргхъæстæ хæринагæй фæцагъды уыдаиккой. Уый, дам, халон йедтæмæ ничи федта æмæ, дам, уый дæр фыцгæ аджы йæхи ныппæрста. Адæмæй хъуыддæгтæн ничи ницы базыдта, фæлæ, халон цы аджы ныххауд, уымæй ма куыд бахордтаиккой æмæ цуайнаг афæлдæхтой. Фыдтимæ канд халон куы нæ разынд, фæлæ ма дзы калм дæр куы федтой, уæд бамбæрстой, халон сæ кæй фервæзын кодта æмæ, дам, уæдæй нырмæ Цæрадзонтæ халонæн кувынц.

Ичъынаимæ баст таурæгъты дæр ис калмы кой: Ичъынайы калмау уæлæуыл баззай, зæгъгæ, фехъусын, фæлæ афтæ цæмæн фæзæгъынц, уымæй бирæты фарстон, æрмæст дзы рæстмæ дзуапп никæмæй фехъуыстон. Дзенагойыл ма мæ зæрдæ дардтон æмæ мын уый дæр ацы фарсты йе ’нæбондзинадыл басаст. Сидæны хабæрттæ мын-иу уымæй размæ дæр арæх кодта. Хъусынæй-иу æм нал æфсæстæн, афтæ рæсугъд-иу дзырдта. Иу бон та Дзенагоимæ фембæлдыстæм мæ цæхæрадоны. Зымæг ма йæ тæккæ тынгыл уыди, афтæ мын зæрдæ бавæрдта, æз, дам, дын дæ фæткъуытыл хæрзмыггаг дыргъы къалиутæ бафтаудзынæн. Æвæццæгæн, Дзенаго къухы куыстæй цы нæ зоны, ахæм зын ссарæн у. Дыргъы къалиутæ æфтауынмæ дæр арæхсы, уый мæ фæсонæрхæджы дæр никуы ’рцыдаид, æнæнхъæлæджы нæм ныхас куы нæ рауадаид, уæд.

Дзенагойæ, зæрдæ мын цы хъуыддагæй бавæрдта, уый нæ ферох æмæ, куыддæр фæуалдзæг кодта, афтæ иу хуыцаубон цæхæрадонмæ ацыдыстæм.

Цæхæрадоны æппæт къуымтыл дæр зылд куы фæци, уæд йемæ цы хæрзмыггаг фæткъуыйы къалиутæ схаста, уыдон мæ æндæразы сагъд бæлæстыл æфтауын байдыдта. Къухæй дæсны адæймагмæ кæсынæй хуыздæр мæм ницы кæсы. Йæ алы арæхстджын æвнæлдæй дæр мын цыдæр циндзинад æрхæссы. Цыма дзы мæ цæст кæй нал фæисын, йæ куыст хорз уымæн фæцæуы, цæмæдæр гæсгæ афтæ фæнымайын. Цалынмæ Дзенаго фæстаг тала баныхæста, уæдмæ дзы мæ цæст атонын мæ зæрдæ нæ бакуымдта. Æхсызгондзинад мын хаста йæ арæхстдзинад, йæ зæрдиаг архайд.

Цæстуарзон куыст чи фæкæны, уый алцæмæй дæр бæрæг вæййы. Фæлæ иугæр æнæбары архайы, зæгъгæ, уæд дæр æй æнцонæй раиртасдзынæ. Йæ цæстæнгасæй, йе змæлдæй, кусæнгæрзтæ йæ коммæ куыд кæсынц, растдæр зæгъгæйæ та — куыннæ кæсынц, уымæй. Куы йын дзы иу æрхауы, куы иннæ йæ коммæ нæ бакæсы, афтæмæй та куыстæн рæстмæ ацæуæн куыд ис! Дзенаго раст хирурджы хуызæн архайдта. Бæласы зæнг цыма адæймаджы гуыр уыди, къалиутæ та — йæ къабæзтæ, уыйау дзы алкæцымæ дæр кодта фæлмæн æвнæлд. Гыццыл къалиуы лыггаг-иу стырдæры фазы афтæ дзæбæх сфидыдта æмæиу æм лæг кæсынтыл фæци. Уый фæстæ-иу æй хæцъилы нарæг уадздзагæй æнгом тухын райдыдта. Астæуæй маиу цы хъæдгом зынд, уый-иу мыдадзæй айсæрста æмæ-иу «операци» кондыл нымад агрцыд.

Куывды хæринаг дыргътæ куыд æрзайа дæ ногныхæст къалиутыл, ахæм арфæ Цæрадзонты Мыкалгабыртæ ракæнæнт! — йæ астæу сраст кæнгæйæ загъта Дзенаго.

Ды дæр дæ къухтæ фæрнæй фæдар æмæ не ’ппæты дæр Сидæны хорзæх уæд.

Дзенагойæн Сидæны коймæ йæ зæрдæ барухс:

Фæстаг хатт ма дзы куы уыдтæн, уæдæй нырмæ дæс æмæ ссæдз азы рацыд.

Сидæны кой ма мын амæй размæ дæр кодтай, фæлæ, кæм ис, уый нæ зонын. Уартæ Цъуалыйæ иуцасдæр куы бауайай, уæд уым Мыкалгабырты кувæндоны бын иу хатт æмæ дыууæ хатты не ’рлæууыдтæн, йæ ном дæр ын бирæ хæттыты ссардтон, фæлæ, ды цы Сидæны бын уыдтæ, уый кой дæу йедтæмæ никæмæйма фехъуыстон.

Æмæ йæ нæ фехъусдзынæ, уымæн æмæ йæ ныртæккæйы адæмæй ничиуал зоны. Æз дæр дзы æртæ хатты йедтæмæ нæ уыдтæн. Алы аз дæр ын гал нывонд кодтой. Къæдзæхтыл æм дзæвгар ссæуын хъæуы. Махæн цалдæр лæппуйæ нывонд гал нæ бæрны бакодтой. Хъуамæ йæ дзуары бынмæ скодтаиккам. Нæ дæ бауырндзæн: уымæй размæ йе ’мгæрæтты дæр никуы ауад, афтæмæй йæхæдæг нæ разæй цыди. Кувæндонмæ куы схæццæ, уæд дынджыр нæзы бæласы бын цардахъы цур æрлæууыд æмæ æнхъæлмæ каст.

Цардахъ цы у, уый нæ зыдтон æмæ Дзенагойы бафарстон.

Цардахъ у кувæн хæдзар,— дзуапп мын радта Дзенаго,— йæ иу хай зæххы бын, йе ’ннæ хай — зæххы уæле. Иууылдæр хъæдæй арæзт уыд; йæ царæй, йæ къулæй, хъæдæй уыдысты йæ фынгтæ, йæ бандæттæ. Рекомы хуызæн дзы иу зæгæл дæр никуы уыд.

Уырдæм иу хатт уæддæр искуы бацу, уæд æвзæр бæргæ нæ уаид,— мæхицæн дзурæгау загътон ныллæг хъæлæсæй.

Мæнæн уыцы хъуыддаг бакæнын мæ зæрды тынг рагæй ис, фæлæ мæ къухы абоны онг нæма бафтыди.

Кæм ис, уый ма базондзынæ? Афтæ куы зæгъыс, къæдзæхтыл æм хæрдмæ бирæ цæуын хъæуы, ноджы дзы кæд рагæй нал уыдтæ, уæд...

Базондзынæн. Стæй немæ искæй дæр ахондзыстæм. Мæ кайыс Цъуалыйы хъæдгæсæй кусы æмæ уый фæндæгтæ хорз зоны. Нырма раджы у, фæлæ ныл сæрд дзæбæхæй ралæууæд, æндæр мæнæн нæ фыдæлты кувæндон æнæбабæрæггæнгæ нæй!

Мæн дæр бæргæ фæнды.

Омæ иумæ ацæудзыстæм.

Дзенагойы ныхæстæ мæ зæрдæйæ нал хицæн кодтой. Сæрд ралæууыд. Мæй æмæ ма дзы æрдæг цæугæ дæр ракодта, фæлæ Дзенаго хъусæй лæууыд. Æнхъæлдтон, зæрдæ цæмæй бавæрдта, уыцы хъуыддаг дзы ферох. Лæгмæ цы фæндтæ вæййы æмæ зæрдæтæ цæмæй февæры, уыдон иууылдæр æххæстгонд куы цæуиккой, уæд адæймагæй амондджындæр нæ уаид, уымæн æмæ йын зæххыл æнæкондæй ницы заид. Нæ худти Дзенагойыл дæр мæ зæрдæ. Чи зоны, ферох дзы. Кæд дзы нæ ферох, уæддæр æрæджы нæма баци: сæрды æмбис ма разæй уыдис. Сидæны хабар ын йæ зæрдыл æрлæууын кæнынмæ дæр цалдæр хатты рахъавыдтæн, фæлæ та-иу мæхиуыл фæхæцыдтæн.

Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй раст бакодтон.

Иу бон мæм мæ кусæн уатмæ æрбацыд æмæ ныхас йæхæдæг райдыдта:

Ауалдзæджы цæуыл дзырдтам, уый ма хъуыды кæныс?

Цæуыл, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд мын загъта:

Сидæнмæ цæуын дæ нæ ферох?

Бæргæ мæ нæ ферох...

Уæдæ дæхи цæттæ кæнын райдай.

Æмæ мæ цы цæттæ кæнын хъæуы?

Уæлæдарæсæй, къахыдарæсæй хъуамæ алцæмæй дæр рæвдз уай.

Уыдон æнцон рæвдзгæнæн сты бæргæ.

Æз мæ кайысимæ ныхас кодтон æмæ нæм æнхъæлмæ кæсы. Чи зоны, хъуамæ немæ дæр ссæуа. Дæсны цуанон у æмæ нын кæд иу сычъи дæр æрфæлдахид...

Ахæм ныхæстæ балцы размæ бирæтæ фæкæнынц. Уæлдайдæр кæсагахсынмæ кæнæ цуаны цæугæйæ. Адæймаг йæхицæн бирæ цæмæйдæрты бавæры зæрдæ, фæлæ рацæйрабон вæййы, æмæ ныхæстæ ныхæстæй баззайынц. Голладжы дзаг кæсæгтæ æрцахсыныл йæ зæрдæ чи фæдары, уый, чи зоны, æмæ тъепайыл дæр нал фæхæст вæййы, æрсытæ æмæ сæгуыттæ амарыны ныфсæй чи ацæуы, уый та ма йæхи дæр тыххæй æрхæссы.

Дзенагойы ныхæстыл тынг нæ баууæндыдтæн, фæлæ балцы хабар кæй сног, уымæй мæ зæрдæ барухс.

Кæд хъуамæ ацæуæм?

Æз ма иу хатт мæ кайысимæ фембæлдзынæн. Цæуыл баныхас кæнæм, уый дын зæгъдзынæн.

Цæмæй ма дæ бафæрсынмæ хъавын, мемæ ма иу лæппуйы куы рахонон, уæд исты хъыгдары?

Иу нæ, фæлæ фылдæры дæр рахон, æрмæст иу машинæйæ фылдæр куыд нæ уæм, афтæ. Мæ кайыс мын иу машинæйæ йедтæмæ зæрдæ нæ бавæрдта.

Машинæ хъуаг не суыдзыстæм. Мæхи машинæ дæр акæндзынæн.

Уæд нын алкæй фаг дæр уыдзысты.

Мемæ рахонынмæ кæй хъавын, уый ды дæр хъуамæ зонай. Йе ’цæг ном Дженалдыхъо хуыйны, фæлæ йæ мах иууылдæр Генæйæ зонæм. Институты иумæ ахуыр кодтам. Телевизорæй арæх куы фæдзуры, Ирыстоны хæхты кæм не ’рзылд, ахæм нал баззад.

Бусаты Генæйы кой кæныс?

Зоныс æй?

Куыннæ йæ зонын?! Телеуынынады куы куыстон, уæд мæ хуыздæр æххуысгæнджытæй иу куы уыд.

Дзенаго телеуынынады кæй куыста, уый ма мæнæй рох дæр фæци. Раст зæгъын хъæуы, бирæ дзы нæ бафæстиат, фæлæ хорз равдыстытæ кæй арæзта, уый мæ зæрдыл бадардтон. Мæн æххуысмæ дæр-иу фæдзырдта. Исты колхоз кæнæ совхозæй-иу хуызисæгæн фæндзгай-æхсæзгай къамтæ сисын кодта æмæ-иу мын, уыдон кæрæдзиуыл чи бабастаид, ахæм ныхæстæ ныффыссын кодта. Æз телеуынынады куыстæн ницы ’мбарын, зæгъгæ-иу ын бæргæ загътон, фæлæ мæм никуы байхъуыста. Къамтæ-иу мæм æрæрвыста æмæ ма-иу мæнæн дæр цы гæнæн уыд. Куыд зыдтон, афтæ ныффыссыныл-иу бацархайдтон, кæд-иу дзы фæстæдæр бирæ ивддзинæдтæ раиртæстон, уæддæр. Мæ фæллойы тыххæй-иу æхца куы райстон — исгæ таиу ракодтон, цасмæ æнхъæлмæгæсæн уыд, уымæй фылдæр,— уæд-иу фырæфсæрмæй цы фæуыдаин, уый нал зыдтон. Цыма искæмæй лæвар æхца истон, афтæ мæм каст. Мæ хъуыдытæ-иу Дзенагойæн бамбарын кодтон, фæндыди мæ, къамтæ мæм куынæуал æрвыстаид, уый, фæлæ мæ сдзырд никуы бауагъта. Æрвыста æмæ мæм сæ æрвыста...

Хорз лæппу у.

Ма мын æй амон. Æз æй дæуæй æвзæрдæр нæ зонын.

Институты йæ куыст ахæм хъуыддæгтимæ баст у æмæ хъуамæ фысгæ дæр исты ныккæна.

Уымæй раст зæгъыс. Немæ йæ рахоныны зонд дæм кæй æрцыд, уымæй мын цыма цыдæр хорзы бацыдтæ, афтæ мæм кæсы. Генæимæ мах хæххон фæндæгтыл дæр ауадыстæм. Суанг ма йын Куырттаты комы цы хæдзар ис, уым дæр бахсæвиуат кодтон. Æз та кæй рахонынмæ хъавын, уый зоныс? — фæрсæджы каст мæм æрбакодта Дзенаго,— æмæ йæхæдæг мæ бæсты, бæлвырд нæ, фæлæ уæддæр дзуапп радта: — Ницы хуызы йæ базондзынæ æмæ дын æй мæхæдæг зæгъын: Дзыбыны. Уадз æмæ йæхи цæстытæй фена, нæ фыдæлтæ кæм цардысты æмæ цы зæдтæн куывтой, уыдоны кувæндæттæ. Кæннод æм хъус, уæд æдзух «мæ хъæу», «мæ хъæу» кæны, цыма иннæтæй иу дæр хъæуæй дæр нæ рацыди æмæ къуылдым дæр нæ федта.

Ахæм дард ранмæ ацæуын æй бафæнддзæн?

Фæнды йæ. Айфыццаг ын дæс æмæ ссæдз азы размæйы хабæрттæ кодтон æмæ, дам, æз дæр ацæуин уæ фыдæлты кувæндон фенынмæ.

Нæ зонын, искуы-иу хатт нæ колхозæн феххуыс кæнынмæ куы фæхонынц, уæд ын йæ низтæ нымайынæн иу къухы æнгуыдзтæ нал фæфаг кæнынц.

Хин æмæ кæлæн кæй у, уый нæма базыдтай? Дзæбидырæй æнæниздæр у. Уæдæ ма-иу æм кæс, кæддæра хохыл хæрдмæ лæппуйæ цæрдæгдæр не згъорид...

Дзенагомæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Уыцы изæр мæм нæхимæ телефонæй æрбадзырдта æмæ мын загъта, йæ кайыс нæм хуыцаубон райсомы фараст сахатыл Мызурыбын кæй æнхъæлмæ кæсы. Æз дæр хъуыддæгтæ дардмæ нал аргъæвтон, Генæйæн фехъусын кодтон, цæмæй йæм Хуыцаубонмæ мацы фæндтæ уа.

Майрæмбоны ма Дзенагоимæ ноджыдæр иу хатт фембæлдыстæм. Дзыбынмæ дæр фæдзырдтон, æмæ нæ балцы хабæрттыл бæстон æрныхас кодтам.

Дзуары бынмæ кæй цæуæм, уый нæ хъуамæ рох ма уа,— загътон æз.

Æнæмæнг афтæ,— мæ ныхас йæ зæрдæмæ фæцыд Дзенагойæн.— Йæ боны куы ацыдаиккам, уæд бæргæ хуыздæр уыдаид, фæлæ ницы кæны. Дзуармæ сыгъдæгзæрдæйæ куы кувай, уæд æм дæ ныхæстæ кæдфæндыдæр фехъуысдзысты. Хуыцауы фæндæй ардыгæй иннæбонмæ рæстæг нæ фехæлдзæн. Ахæм рæстæджы та хæхтæм абалц кæнын удыбæстæ у.

Кувинæгтæ нæхимæ сцæттæ кæндзысты,— Дзенагойы ныхас фæудыл банымайгæйæ сдзырдтон æз.— Æртæ уæлибæхы, æртæ æртæдзыхоны æмæ æртæ фæрсчы... Æрмæст нæм ирон арахъхъ дзаг у, водкæ нæм ис, фæлæ...

Ирон арахъхъ дæр ссардзыстæм,— ныхас йæхимæ айста Дзенаго.— Ницæуыл стыхсдзыстæм. Суанг ма нæм ирон сыкъатæ дæр уыдзæн.

Дзенагойы ныхæстæ мæ хъуыдытыл бафтыдтой. Сыкъатæ рахæссын йæ зæрды кæй æрæфтыд, уый мын æхсызгон уыд, уæлдайдæр, йæхæдæг куыд зæгъы, кæд ахæмтæ сты, уæд. Уæвгæ мæм хъуамæ йæ ныхæсты рæстдзинад дызæрдыгдзинад ма ’взæрын кæна, уымæн æмæ йыл мæнг дзуры, зæгъгæ, никуыма фæгуырысхо дæн. Иуæй-иу хатт ма æгæр æргомдзырд дæр вæййы — цыфæнды чысыл рæдыд йæхицæн дæр чи нæ бары, уый ма йæ иннæтæн куыд хъуамæ ныббара?!

Дзыбын, хъуыддæгтæ дын иууылдæр æмбæрстгонд сты?

Дзыбын, æвæццæгæн, ахæм фарстмæ не ’нхъæлмæ каст æмæ, мæнмæ гæсгæ, йæ бынаты чысыл фестъæлфæгау кодта.

Хуыцаубоны авд сахатыл мæнæй-уый нæ куысты дуармæ цæттæйæ лæудзæн, — дзуапп раттыныл зынанæзына афæстиат уæвыны фæстæ, цас æмбæлд, уымæй хъæрдæрæй загъта Дзыбын.

Генæйæн дæр ма иу хатт куы зæгъис,— мæнырдæм разилгæйæ сдзырдта Дзенаго.

Изæры ма йæм бадзурдзынæн.

Хуыцаубоны куы райхъал дагн, уæд балкъонмаг рауадтæн æмæ арвмæ скастæн. Иу мигъы цъуппыл дæр дзы мæ цæст куы не ’рхæцыд, уæд мæ риуыдзаг сулæфыдтæн æмæ мæхи рæвдз кæнынмæ фæдæн. Уæвгæ мæ уыйас рæвдз кæнын дæр ницы хъуыд. Мæ сæйраг хъуыддæгтæ аразæг Тимæ уыд æмæ дысон бонмæ мæ куыст кодта. Хуыны тæбæгътæ урс хæцъилты тыхтæй фынгыл цæттæйæ лæууыдысты. Мæ дзаумæттæ дæр мæм хызыны æвæрдæй къæсæргæрон æнхъæлмæ кастысты.

Авд сахаты фынддæс минуты хъуаг уыд, афтæ мæ куысты дуармæ лæууыдтæн. Мæн йедтæмæ дзы куы ничима уыд, уæд фæтарстæн, кæд, зæгъын, æгæр раджы цыд фæдæн. Мæ сахатæн ныллæууынæй фæтарстæн æмæ йæ мæ хъусыл авæрдтон: йæ цъыкк-цъыкк уыцы зæллангæй цыд. Уалынмæ тигъæй æрбазындысты Дзенаго æмæ Дзыбын. Сæ фæстæ уæлæрдыгæй æрцæйцыд Генæ. Æппæты разæй кæй фæдæн, уымæй мæхицæй разыйæ баззадтæн.

Дыууæ машинæйы нæ истæмæн хъæуы? — бафарста мæ Дзенаго,— цыппар йедтæмæ куы нæ уыдыстæм, уæд.

Фалæ дæр нæ бахъæудзæн машинæтæ. Дæ кайысимæ ма исчи куы уа, уæд та?..

Дзенагойы зæрдæмæ мæ ныхæстæ фæцыдысты:

Уымæй раст зæгъыс.

Цыдæр лыстæг хъуыддæгты тыххæй ма горæты иуцалдæр ранмæ бауадыстæм, стæй, срæвдз стæм, зæгъгæ, куы загътам, уæд Дзыбыны зæрдыл æрлæууыд, йæ резинæ цырыхъхъытæ рахæссын æй кæй ферох æмæ та уырдæм дæр базылдыстæм. Цæвиттон, Мызурыбынмæ фараст сахатыл бахæццæ уæвыны бæсты Дзенагойы кайысы дуармæ æрлæууыдыстæм дыууадæсæм сахатыл. Лæг сæхимæ нæ разынд. Йæ бинойнаг куыд радзырдта, афтæмæй, дам, уæм фенхъæлмæ каст æмæ куы нæ зындыстут, уæд уæллаг сыхмæ чызгæрвыстмæ ацыд.

Дзенагойæн хъыг уыд ахæм ныхæстæ фехъусын, фæлæ дзургæ ницы скодта. Чызг чи ’рвыста, уыдон ын зонгæ уыдысты æмæ шофырæн, кæдæм цæуын хъæуы, уый бацамыдта. Æрыдоныдоны сæрты дынджыр хиды галиу фарс бауромын кодта, йæхæдæг фаллаг фарсмæ бахызт æмæ рахизырдæм фæзылд. Мах Генæимæ машинæйæ рахызтыстæм, доны рахизфарс бæрзонд къуыбыргондыл æрлæууыдыстæм. Бынæй Æрыдоны æрра уылæнтæ размæ абухгæ бырстой æмæ сæ уынæрæй кæрæдзийы ныхас дзæбæх нал хъуыстам. Нæ фарсмæ йæ пæлæхсар къалиутæ фæйнæрдæм уæрæх айтыгъта дынджыр æнгузбæлас. Йæ къалиуты фылдæр хай доны сæрмæ æрзæбул.

Цымæ ацы æнгузæй исты пайда ис? — дзурын Генæмæ.

Уый, бæласыл йæ цæст ахæсгæйæ, загъта:

Æвæццæгæн æй чи сагъта, уый йын сыстыр уæвын æнхъæл нæ уыд.

Хъазыбег нæ дæ, Хуыцауы тыххæй?

Фæстæмæ фæкастæн æмæ дзы дыууæ сылгоймаджы лæугæ ауыдтон. Сæ дыууæйы дæр къахæй сæрмæ сбарстон æмæ сæ цыма никуы федтон, афтæ мæм фæкаст.

Нал та мæ зоныс?

Ахæм хабæрттæ мыл арæх æрцæуы. Мæ хæстæджытæй искæимæ зианы кæнæ цины хъуыддаджы базонгæ вæййын, стæй йæ цалдæр азы нал фенын æмæ та уый фæстæ æнæнхъæлæджы куы фембæлæм, уæд æй, кæй зæгъын æй хъæуы, нал базонын. Адæм се ’ппæт иухуызон не сты. Иутæ, цы феной, уый сæ никуыуал ферох вæййы. Иннæтæн та, иу хатт нæ, фæлæ цалдæр хатты фенын дæр фаг нæ вæййы. Иу адæймагæй æз ахæм дæн. Мæ цæстæй цы фенон — уæлдайдæр иу хатт — уый сæры нæ ныффидар вæййы, йæ хуыз уайтагъд æрбайсæфы æмæ бирæтæм, цыма барæй фæкæнын, афтæ фæкæсы.

Сылгоймæгтæй иу мæ чындз разынди, иннæ — йæ хо. Дыууæйыл дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, фембæлдтæн, фæлæ мæм сæхæдæг куы нæ сдзырдтаиккой æмæ мын сæхи куы нæ бацамыдтаиккой, уæд сæ нал базыдтаин.

Уыдон хиды фале фесты, афтæ, Дзенаго цы уынджы фæхæрдмæ кодта, уырдыгæй æрзынд бæрзондгомау лæппу-лæг, йæ сæрыл хъæзын къусы хуызæн тымбыл къуырф гуырдзиаг худ. Хуымæтæджы бæлццон кæй нæ уыд, уый бамбæрстон, уымæн æмæ комкоммæ махмæ æрцæйцыд. Дзæвгар нæм куы ’рбаввахс, уæд æй базыдтон: не ’рвадæлты лæппу. Нæ къухтæ нын райста. Нæ дарæсмæ нын бæстондæр куы ’ркаст, уæд нæ бафарста:

Кæдæмдæр сфæнд кодтат...

Нæ хабæрттæ йын радзырдтам. Цыма, чи ’мбæлы, ахæм хъуыддаг кæнæм, афтæ йæм фæкаст æмæ мын æхсызгон уыд.

Æмæ æгæр æрæджиау нæ цæут? — йæ сахатмæ æркæсгæйæ бафарста ме ’рвад.

Æз дæр мæ сахатмæ ’ркастæн. Дыууадæс сахатмæ бирæ нал хъуыд.

Бæргæ раджы рацæуинаг уыдыстæм, фæлæ фæндагыл ныкъкъуылымпытæ стæм. Цас рæстæг бахъæудзæн Сидæнмæ схизынæн? Æви дзы никуы уыдтæ? — бафарстон ме ’рвады.

Бирæ хæттыты.

Абон ма йæм схæццæ уыдзыстæм?

Цæуыннæ. Сахат — сахат æмæ йæм æрдæджы цыдæй фылдæр нæй.

Уæдæ йæм æнæсхизгæ нæй.

Æмæ ам цæмæ лæуут? Цомут уал нæхимæ.

Дзенаго дæр немæ ис. Æви Дзенагойы нæ зоныс?

Кæй Дзенагойы? Бацамыдтон ын æй.

Куыннæ йæ зонын! Æрдæбон чысыл раздæр йæ кайыс ам уæлæмæ фæцæйцыд.

Дзенаго дæр уый агурæг ацыд.

Чызгæрвысты уыдзæн.

Чызгæрвысты ис. Йæ бинойнаг нын загъта.

Цы нæ ферох, уый зоныс? — мæ хъусы мын æрбадзырдта Генæ.— Донгарз. Куы сдойны уæм, уæд стыхсдзыстæм.

Генæйы ныхæстæ ме ’рвад дæр фехъуыста æмæ уый дæр загъта, дон цæм ныккæнат, ахæм исты гарз, дам, уæ бахъæудзæн.

Æз уын ныртæккæ исты фендзынæн.

Не ’рвадæлтæ, кæм лæууыдыстæм, уымæй галиуырдыгæй — уæвгæ уынгæн йæ рахизырдыгæй гаражтæ йедтæмæ хæдзæрттæ нæ уыди — æртæ хæдзары уæлдæр цардысты æмæ уайтагъд, дæс литры кæм цæуы, ахæм боцкъагонд нæ цуры лæууыд.

Мæнæ ацы боцкъа уæ машинæйы сæвæрут,— дзуры мæм. — Хорз дон у, знон æй Тибæй раластон.

Æз дæр æмæ Генæ дæр боцкъа ласыныл не сразы стæм: хæххон фæндæгтыл æй чи хастаид? Махæн фаг уыдысты хуымæтæджы целлофан донгæрзтæ æмæ нæ хъуыды ме ’рвадæн бамбарын кодтон.

Ныртæккæ уын ахæмтæ дæр фендзынæн,— æмæ та, чысыл раздæр цы фæндагыл ацыд, ууыл фæраст.

Хур дзæбæх æндавын райдыдта æмæ дыууæуæладзыгон хæдзары чъылдыммæ аууонмæ бацыдыстæм. Иуцалдæр уысмы алæууыдыстæм, афтæ иумæйаг бацæуæнæй рахызт ныллæггомау саулагъз тынг тыппыртæ лæппу-лæг. Чи нæ йæ зыдта, ахæм æм доны иннæ фарсæй, чи зоны, ноджы хæстæгдæрæй дæр куы ’рбакастаид, уæд загътаид, иу æртиссæдз азæй йыл къаддæр нæ цæуы, зæгъгæ, афтæмæй та æввахсмæ æрыгонхуыз зынди. Куыд бамбæрстон, афтæмæй дыккаг уæладзыгæй каст æмæ мæ куы ауыдта, уæд æрхызт.

Дæ бон хорз, Хъазыбег! — дзуры мæм мæ номæй. Уымæ дæр та кæсыныл фæдæн. Мæ номæй мæм кæй сдзырдта, уый дæр мæм афтæ диссаг нæ фæкаст, иронау кæй сдзырдта, уый мæм куыд диссаг фæкаст. Сомихаг æй фенхъæлдтон. Сомихаг куы нæ разындаид, уæд та йæ æнæмæнг схуыдтаин азербайджайнаг.

Цалынмæ кæрæдзимæ ракæс-бакæс кодтам, уæдмæ ме ’рвад нæ уæлхъус алæууыд æмæ мæ ме ’нæзонгæ зонгæмæ æцæгæлон кастгæнгæ куы федта, уæд афарста:

Нæ йæ зоныс?

Æз ме уæхсчытæ базмæлын кодтон.

Де ’мхæрæфырт дæн, стæй дæ кайыс,— лæппу йæхи амонынмæ фæраздæр.

Ног та æфсæрмыйы уавæры бахаудтæн. Цыфæндыйæ дæр хъуамæ адæймаджы чи зоны, уыдоны йæхæдæг дæр зона, уæлдайдæр кæрæдзийæн хæстæг-хион куы ’ййафой, уæд, кæннод æй адæм æнæрвæссоныл банымайдзысты. Мæнмæ æнæрвæссондзинадæй кæй ницы ис, уый иннæтæ дæр мæхи хуызæн куы зониккой, уæд мыл, æвæццæгæн, никæй зæрдæ худид. Уæвгæ, иу хаттæй иннæ хатмæ кæй нал фæзонын, уыдонæй уайдзæфы ныхас никæмæй ма фехъуыстон. Иууылдæр мыл баууæндынц, æцæг сæ кæй нал фæзонын, фæлæ-иу сæ куы базонин, уый мæ кæй фæфæнды. Нæ мæм фæхæрам и мæ кайыс æмæ ме ’мхæрæфырт дæр. Уый нæ, фæлæ дзуары бынмæ цæуæм, уый куы базыдта, уæд уæллаг уæладзыгмæ цыдæр æнахуыр номæй сдзырдта, æмæ уайсахат рудзынгæй ракаст, иу-фынддæс-æхсæрдæс азы кæуыл цыдаид, ахæм чызг, æмæ йын барджын хъæлæсæй загъта:

Иу-æртæ авджы-ма водкæ радав.

Уысмы бæрцæй бирæ фылдæр нæ рацыд, афтæ бæрзондгомау саулагъз саудзыкку чызг дзæкъулыл хæцгæ нæ уæлхъус алæууыд.

Алцыдæр нæм ис, зæгъгæ, йын загътон, фæлæ мæ сдзырд дæр нæ бауагъта.

Уæдмæ машинæ нæ цуры æрлæууыд. Шофыры бынаты чи бадт, уый рæвдзгомау рагæпп кодта, нæ къухтæ нын райста æмæ нын машинæмæ амоны, сбадут, зæгъгæ. Машинæмæ бакастæн æмæ дзы фæстаг бадæны бадгæ ауыдтон Дзенагойы. Йæ фарсмæ ма чидæр кæй бадт, уый не ’рхъуыды кодтон, цалынмæ рахызт, уæдмæ. Дзенагойæн дæр ма цы ’нæрахизгæ уыд æмæ иууылдæр ме ’рвад æмæ ме ’мхæрæфырт æмæ мæ кайысы къухтæ райстой. Генæ чысыл дарддæр лæууыд æмæ фæстæдæр та уымæ бацыдысты.

Мæ хæстæджытæн хæрзбон загътам, æмæ шофырæй фæстæмæ иууылдæр фаллаг фарсмæ фистæгæй бацыдыстæм.

Дзыбын æнхъæлмæ кæсынæй бафæллад. Кæд ма цæудзыстæм, зæгъгæ, бахъуыр-хъуыр кодта, фæлæ уый дæр нæ балц фæтагъддæр кæнынæн ницы феххуыс.

Дзенаго цы машинæйы æрцыд, уым шофыры бынаты чи бадт, уый разынд йæ кайыс, не ’рцыдмæ нын сычъи амаринаг чи уыд, уый. Йæ фарсмæ чи бадт, уый, куыд рабæрæг, афтæмæй æз дæр зыдтон. Дзенагоимæ хæрзæрвадæлтæ уыдысты æмæ хъуамæ махимæ ацыдаид. Доны иннæ фарс дæр та иуцасдæр бафæстиат стæм. Æппынфæстаг машинæты сбадтыстæм æмæ араст стæм. Нузалы та æрлæууыдыстæм. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ мæ машинæ рынчындоны кæрты ныууагътам, нæхæдæг дыууæ машинæйы — иу ма Дзенагойы æрвад йæ зонгæйыл уынджы фембæлд æмæ уымæй ракуырдта — бабадтыстæм æмæ дарддæр нæ фæндаг дардтам.

Æнхъæлдтон, Цъуалыйы дæр та бафæстиат уыдзыстæм, зæгъгæ, фæлæ уæдмæ арæнтæм цæстдарджытæ сæ бынат Ручъы æфцæджы бынмæ баивтой æмæ нæ иу уромæг дæр нæ фæци. Иу æртæ-цыппар километры ма бауадаиккам, афтæ, Дзенаго цы машинæйы бадт, уый æрлæууыд, йæ фæдыл мах дæр. Иууылдæр рахызтыстæм æмæ Æрыдоныдоны сæрты цы дыууæ æфсæн бæндæны айтынг, уый цурмæ бацыдыстæм. Дыууæ адæймаджы кæм цæуы, ахæм æфсæн уæрдонгонд фалæрдыгæй разынд. Куыд бамбæрстон, афтæмæй хъуамæ гуыдырæвæрдæй æдзухдæр доны рахизфарсырдыгæй уыдаид.

Адон мæ зæххытæ не сты,— йæхи раст кæнынмæ фæци Дзенагойы кайыс.

Куыддæр æй федтон, афтæ дæр мæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты йæ митæ. Дзенаго йæхæдæг ахæм нæу æмæ мæм цæмæдæр гæсгæ мæ хъæуккагæн аккаг кайыс нæ фæкаст. Æрбацæудзыстæм, уый зыдта æмæ нæм хъуамæ банхъæлмæ кастаид. Уæд та, Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ исты фыдбылызы бахаудтам. Чызгæрвыстмæ цæмæн фæтагъд кодта? Стæй зæрдæ куы бавæрдта, уе ’рцыдмæ уын исты сырд амардзынæн, зæгъгæ. Дзенагойы æрымысгæ ныхæстæ нæ уыдысты уыдон. Æнæмæнг йæхицæй рацыдаиккой. Ныр та рацæй-рабон, æмæ фаллаг фарсмæ цæуыл бахизæм, уый дæр нæ разынд.

Лæг амалæн конд у, зæгъгæ, дзæгъæлы нæ фæзæгъынц. Цал уыдыстæм, уалæй хъуыды кодтам, авдæнхуыз чысыл вагон ацырдыгæй цы ’гъдауæй фæкæнæм, ууыл. Роликты æххуысæй æфсæн бæндæнтыл æнцонæй тылди, фæлæ йæ фæндаг фалæрдæм къул уыд æмæ иннæ фарс дæр уымæн ныллæууыд. Рæхыстæ цы дынджыр дурмæ фидаргонд уыдысты, уый фæйнæфарс Генæ æмæ Дзенагойы æрвад бацыдысты æмæ бæндæнтыл сæ уæз æруагътой. Фалæрдыгæй вагонгонд йæ бынатæй фезмйлыд æмæ иу-æртæ метры бæрц ацырдæм æрбатылд.

Æз куыддæр машинæйæ рахызтæн æмæ вагонгонд фаллаг фарс ауыдтон, афтæ мæ ныфс асаст. Уыцы бон Сидæнмæ кæй нал схæццæ уыдзыстæм, уый мæ бауырныдта æмæ, уавæрæй фервæзыныл чи архайдта, уыдонмæ хæстæг нал цыдтæн. Ахæм зондыл хæст уыд Дзыбын дæр. Уый фæндаджы был лæууыд æмæ цыма йæ алыфарс цытæ цыд, уыдонмæ æппындæр ницы бар дардта, уый хуызæн къæдзæхтæм каст æмæ, йæ цæсгомы хуыз куыд раив-баив кодта, уымæ гæсгæ зæгъæн уыд, æрдзы рæсугъддзинад æм кæй хъары, алыхуызон æнкъарæнтæ йæм кæй æвзæрын кæны.

Хæстæг-ма æрбалæуут,— дзуры нæм Дзенагойы æрвад.— Рæхыстыл фылдæрæй куы ’руæз кæнæм, уæд вагонгонд ацырдæм æрбатулдзæн.

Генæ нарæг æмуырдыг къахвæндагыл дуры рахизфæрсты доны былмæ ныххызт æмæ дзы лыстæг синаг фанеры гæбазыл тыхтæй ссардта. Цыма хæзнайыл фæхæст, уый хуызæн æй цингæнгæйæ сдавта æмæ фæндаджы был разил-базилыл фæци.

Цы агурыс? — фæрсын æй.

Æфсæйнаджы гæбаз куы ссарин, уæд æй синаджы кæроныл бабæттин, вагонгондмæ йæ баппарин, уым истæуыл фæхæцид æмæ йæ афтæмæй ацырдæм раласиккам.

Генæйы ныхæстæ мын цыдæр ныфсы хос фесты æмæ йæ æз дæр бафæзмыдтон. Раздæр мæ алыфарсыл мæ цæст ахастон æмæ дзы мæ зæрдæ куы ницæмæй барухс, уæд фæндаджы былты чысыл дæлдæр ныууадтæн. Иу къудзийы бынæй мæм ферттывта цыдæр æфсæйнаджы гæбаз. Хæстæгдæр æм бауадтæн æмæ дзæбæх уæззаугомау лæсгæр разынд. Цингæнгæ йæ фелвæстон æмæ Генæмæ дзурын:

Мæнæ-ма ацы æфсæйнаг фен.

Генæ йæм æркаст æмæ йыл уый дæр бацин кодта. Тагъд-тагъд синаг æфсæйнаджы кæрон абаста æмæ йæ, кæм ссардта, фæстæмæ уырдæм ныххызт. Уырдыгæй донмæ иу-æртæ метры хæстæгдæр уыд æмæ вагонгонд Æрыдоныдоны астæумæ уæддæр куы ’рбахæццæ уыдаид, уæд æм лæсгæр сæппæрстæуыдаид.

Хæстæгдæр-ма ’рбацæут! — фæхъæр та нæм кодта Дзенагойы ’рвад.

Дзыбынæн, цыма йæ адджын фынæй фехъал, уый хуызæн йæ хъуыдытæ æрдæгыл аскъуыдысты. Æз иуырдыгæй бацыдтæн, уый — иннæрдыгæй æмæ æмхуызонæй нæ тыхнæ бонæй куы ’руæз кодтам, уæд вагонгонд фезмæлыд æмæ уырдыгмæ дугъ кæныныл фæци. Æнхъæлдтон, цалынмæ æрбахæццæ уа, уæдмæ йæ цæуынæй нал банцайдзæн, фæлæ ма иу-æхсæз-авд метры куы хъуыд, уæд зивæггæнгæ æрлæууыд, иучысыл «ахъуыды кодта» æмæ сындæггай фæстæмæ араст. Уыцы рæстæгæй Генæ фæпайда кодта. Вагонгондмæ ныхъхъавыд æмæ, синаджы кæрон цы лæсгæр баст уыд, уый йæ тых-йæ бонæй фехста æмæ вагонгонды цæуылдæр фæфидар. Синаг аивæй райвæзта æмæ, фидар хæцы, уый куы бамбæрста, уæд æй йæхимæ ласын райдыдта. Багонгонд йæ коммæ бакаст. Мах уый куы ауыдтам, уæд та æмхуызонæй рæхыстыл нæ уæз æруагътам. Вагонгонды цыдыл бафтыд æмæ куыддæртæй Дзенагойы æрвады цурмæ æрхæццæ, æмæ йæ уый тыххæйфыдæй рацахста. Цыма Хъарсы фидар басастам, уый хуызæн æмхуызонæй дæр æхсызгонæн сулæфыдыстæм.

Адæм иууылдæр цин кодтой, цин кодтон æз дæр, фæлæ уыцы-иу рæстæг мæхицæн кодтон уайдзæфтæ дæр. Мæ ныфс кæй асаст æмæ уыцы бон доны фаллаг фарсмæ бахизыныл мæ зæрдæ кæй нал дардтон, уый тыххæй. Цыфæндыйæ дæр гæрзтæ рагацау æвæрын нæ хъæуы. Кæронмæ тох кæнын чи сахуыр, уæлахиз дæр уый къухы бафты. Æз та хатгай тохы бацæуынмæ дæр мæ ныфс нæ бахæссын, рагацау мæхи састыл банымайын. Ахæм адæймагæн та царды бирæ нæ бантысдзæн.

Цалынмæ Генæ дæлбылæй цыди, уæдмæ мах, цал уыдыстæм, уалæй фидар хæцыдыстæм вагонгондыл, афтæмæй та йын иунæг дæр фаг уыд. Генæ цæугæ-цæуын лæсгæр синагæй фæхицæн кодта æмæ Дзенагойы ’рвады ’мбуар æрбалæууыд. Уый вагонгондмæ хæстæгдæр лæууыд, стæй йæ фарсмæ сæрибар бынат дæр уыйбæрц никæмæн уыд.

Æри-ма дæ синаджы кæрон ардæм, — дзуры йæм Дзенагойы ’рвад.

Генæйы, æвæццæгæн, хъуыддаг кæронмæ йæхæдæг куы ахæццæ кодтаид, уый фæндыд æмæ æнæдзургæйæ Дзенагойы ’рвады иуфæрсты йæхи байвæзта æмæ синаг вагонгонды хæцæны астæу фидар бабаста, йæхæдæг тыхтон халгæ суанг фæндаджы былгæронмæ ацыд. Мах ма уæддæр вагонгондыл фыццагау хæцæм.

Суадзут æй,— нæ уавæрæй нæ фервагзын кодтой Генæйы ныхæстæ.

Уæддæр æй æваст суадзын нæ бауæндыдыстæм. Æппæты фæстагмæ ма йыл æз æмæ Дзыбын хæцгæйæ баззадыстæм. Цæмæдæр гæсгæ нæм Генæйы ныхæстæ æгъгъæд нæ кастысты. Æппынæрæджиау нæ уæддæр бауырныдта, вагонгондæн алидзынæй тас кæй нал у æмæ йæ суадзæн кæй ис. Генæ ма вагонгондыл йæхирдæм рахæцыд. Уый æнцонæй йæ коммæ бакаст æмæ ма дурмæ цы чысыл дæрддзæг уыд, ууыл æнцонæй æрбатылд, йæ æмыр гуыпп фæцыд æмæ æрлæууыд.

Æппæты разæй вагонгондмæ бахызт Дзенагойы æрвад, дыууæ бадæнæй иуыл æрбадт æмæ былгæронмæ дзуры:

Мауал лæуут, исчи уæ сбадæд.

Кæрæдзимæ æгæр куы бакæс-бакæс кодтой, уæд мæхæдæг фæразæй дæн. Куыддæртæй бахызтæн æмæ кæлæхы гал ихы сæр куы скатай уа, уый хуызæн нæ лæууын мæ бон уыд, нæ бадынмæ нал арæхстæн. Мæ бынмæ мæм зæхх афтæ дæлæуæз фæкаст, доны уылæнтæ та афтæ хæстæг, æмæ иуцасдæр, цы гæнгæ у, уый мæ сæр нал ахста Æххуысмæ мæм фæзынд Дзенагойы ’рвад:

Æрбад, цæмæ лæууыс?!

Расыг лæгау цудтытæгæнгæ æрбадтæн.

Уым ма хæц,— фæхъæр мыл кодта Дзенагойы æрвад.— Вагонгонд куы феуæгъд уа, уæд дын дæ къухтæ роликтæ сæ разæй ахæсдзысты.

Æз рæхыстæ феуæгъд кодтон æмæ, вагонгонды фæрстыл цы хæцæнтæ уыд, уыдон фидар нылхъывтон.

Цæттæ стут? — фæндаджы былæй æрбахъæр кодта Генæ.

О, зæгъгæ, йын Дзенагойы ’рвад дзуапп куы радта, уæд Генæ сындæггай бæттæн уæгъдгæнгæ цыд. Вагонгонд уырдыгмæ фæндагыл згъорынмæ фæци. Уайтагъд знæт уылæнты æрра хъæр фæтынгдæр. Астæумæ æввахс уыдаиккам, афтæ донæй æппындæр ницыуал зынд. Иууылдæр æхсырхуыз фынк æмæ æвзист æртæхтæ фестад. Ноджы йæ хъæр хъустæ къуырма кодта. Фæлæ уый цалдæр уысмæй фылдæр нæ ахаста. Нæ «бæх» фаллаг былгæрон дуры рæбын куыд балæууыд, уый зонгæ дæр нæ бакодтам. Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй Дзенагойы ’рвад хæхбæсты схъомыл, цуаны уæвгæйæ цы фæндæгтыл н’ ауад, ахæм нал баззад. Æрыдоныдоны сæрты дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ бахызт æмæ йын, кæй зæгъын æй хъæуы, амонын ницы хъуыд. Вагонгонд куы’рлæууыд, уæд рæхыстыл хæцынæй ницыуал тас уыд, Дзенагойы ’рвад сæм æдæрсгæйæ фæлæбурдта æмæ уайтагъд тъæпæн дуры сæр февзæрд. Æз дæр æй бафæзмыдтон æмæ вагон афтидæй аззад. Фаллаг фарсмæ цыфæнды хъæр ныхас дæр нæ фехъуыстаид, уæддæр Дзенагойы ’рвад йæ тых-йæ бонæй ныццарыдта:

Алас æй!

Вагонгонд йæ бынаты лæууыд. Дзенагойы ’рвад къухæй амонынмæ рахызт, æмæ йæ уæд Генæ дæр бамбæрста. Бæттæн базмæлыд, ныттынг, стæй вагон æнæбары йæ бынатæй фенкъуыст. Генæ йыл тынгдæр ахæцыдаид, цы! — æваст йæ цыдыл бафтыд. Астæумæ æввахс ын згъорынмæ рахызт, фæлæ та уайтагъд йæ зонгæ бынаты æрлæууыд.

Иууылдæр фæфале стæм. Дзенагойы кайыс æмæ иннæ машинæйы шофырæй фæстæмæ. Уыдон фæстæмæ аздæхтысты. Æнæзонгæ шофыр ныл æнæнхъæлæджы æрбамбæлд æмæ уымæн, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæцæугæ нæ уыд, фæлæ мæ дисы Дзенагойы кайыс бафтыдта. Бирæ цæмæйдæрты нын зæрдæтæ чи ’вæрдта æмæ нæ ныфс кæуыл дардтам, уый нæ æрдæгфæндагыл ныууагъта. Дзенаго уæлæмæ ницы дзырдта, фæлæ æмбæрстон, йæ митæй йын разы кæй нæу. Йæхицæй йын уæздандзинад йедтæмæ ничи ницы зоны. Йæ кайысæн дæр чысыл лæггæдтæ нæ бакодтаид, фæлæ йын сæ цыма уый бафидын нæ бафæраздзæн, афтæ мæм фæкаст.

Нæ дзаумæттæ пæлæхсаркъалиу нæзы бæласы бын æрæвæрдтам. Сахатмæ æркастæн æмæ æмбисбонæй чысыл фæфылдæр. Дзенагойы ’рвад дæр мæн бафæзмыдта æмæ фæсмонгæнæгау йæ сæр батилгæйæ загъта:

Сидæны бынмæ нал схæццæ уыдзыстæм. Ардыгæй бакувæм, нæхи йыл бафæдзæхсæм...

Нæ фæцыдысты йæ ныхæстæ мæ зæрдæмæ. Уыцы хуызæнæй йын нæхимæ дæр скуывтаиккам. Арвы кæронмæ та ма цæмæн цыдыстæм?!

Уый та куыннæуал схæццæ уыдзыстæм? — йæ ныхæстæ йын кæронмæ нæ бамбæрстон.

Æрæджы у...

Куыд æрæджы у? Афтæ куы зæгъынц, сахат — сахат æмæ йæм æрдæджы цыд йедтæмæ нæй...

Чи дын загъта?

Ме ’рвад, Мызурыбын кæимæ лæууыдтæн, уый.

Нæ дæ бамбæрста, æвæццæгæн. Мыкалгабыртæм хъæуы уый бæрц цæуын...

Нæ зонын,— загътон дызæрдыггæнгæйæ æз. — Мæнмæ гæсгæ, иугæр сфæнд кодтам, уæд нын цæугæ у.

Иннæтæ дæр сагъæсы бахаудысты. Куыд бамбæрстон, афтæмæй Дзенагойы зæрдыл дæс æмæ ссæдз азы размæйы хабæрттæ бынтон хорз нал лæууыдысты, æндæр кувæндонмæ схизынæн цас рæстæг хъуыд, уый зæрдаивæй зæгъын йæ бон уæд та куыннæ уыд! Бæлвырд ныхас зæгъынмæ йæ ныфс нæ хаста йе ’рвад дæр, æмæ иууылдæр дызæрдыджы ахæсты бахаудыстæм.

Кæм ис, уый куы зонин, уæд æз иунæгæй дæр ацæуин,— æргомæй загътон маг хъуыды. — Ахæм фадат ма мын кæд фæуыдзæн?!

Куыд зæгъай, афтæ бакæндзыстæм,— ардыгон кæй у, уымæ гæсгæ фысымы бартæ йæхимæ райсгæйæ загъта Дзенагойы ’рвад.

Æрдæгфæндагæй фæстæмæ аздæхын аив нæ уыдзæн,— загъта Дзенаго дæр.

Уæдæ мауал фæстиат кæнæм, — загъта Дзенагойы ’рвад æмæ йæ дзаумæттæ ивынмæ фæци.

Дзенаго адæмыл йæ цæст ахаста æмæ цыма стыр рæдыд æруагъта æмæ йе сраст кæнынæн хуыздæр фадат нал фæуыдзæн, уый хуызæн сдзырдта:

Хатыр уæ курын, абондæргъы уæ ме ’рвадимæ кæй нæ базонгæ кодтон, уый тыххæй.

Дзенагойы ’рвад мæнмæ хæстæгдæр уыд æмæ мын мæ къух райсгæйæ, мæ ном Майрæм хуыйны, зæгъгæ, загъта. Бацамыдтон ын æз дæр мæхи. Афтæ бакодтой Генæ æмæ Дзыбын дæр.

Иууылдæр фæндаггон дарæс скодтам, æмæ Майрæм йæ хуын халынмæ фæци.

Æртæ ’ртæдзыхоны, æвæццæгæн, Сидæны бын кувгæ сты,— загъта Майрæм æмæ ныл радыгай йæ цæст ахаста.

Мæнмæ гæсгæ дæр афтæ растдæр уыдзæн,— йæ хъуыды бамбарын кодта Дзенаго.

Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, уæлибæхтæ тыхт кæм уыдысты, уыцы баст райхæлдтон æмæ йæ иннæ хæринæгты цур — уæдмæ Генæ цы фынг ацарæзта, уым фæзынд алыхуызон халсартæ æмæ дыргътæ — æрæвæрдтон.

Водкæ дæр дзы ис,— загътон, Дзенаго йæ хызынæй ирон арахъхъ куы систа, уæд.

Арахъхъæй скувын се ’ппæтмæ дæр хуыздæр фæкаст æмæ мын ме ’мхæрæфырт æмæ мæ кайыс цы хуын сæвæрдта, уый фæстæмæ нæзы бæласы къалиуыл æрцауыгътон.

Сыкъатæ рахæссынæй чидæр зæрдæ куы ’вæрдта...— дæлгоммæ ныхасæй бамбарын кодтон мæ хъуыды.

Ис сыкъатæ,— фестъæлфæгау кодта Дзенаго æмæ йæ дыууæ уæхскыл хæсгæ хызын сгарынмæ фæци. Æртæ æмхуызон сыкъайы дзы систа æмæ мæм сæ дæтты.

Сыкъаты кой айхъусгæйæ Майрæм йæ хызын радавта æмæ дзы систа, Дзенагойы сыкъатæй дзæвгар къаддæр чи уыд, ахæм сау сыкъа.

Хуымæтæджы сыкъа нæу,— не ’ппæт дæр æй куыд уынæм, афтæ йæ хæрдæмæ сисгæйæ загъта Майрæм.— Сидæнæн нывонд кусæрттаджы сыкъа у.

Иуцасдæр нæ цæстæнгастæ сыкъайæ атонын нал бакуымдтой. Не ’ппæты хистæр Дзенаго уыд æмæ дзы уымæн рауагътон.

Дзенаго алы хъуыддаджы дæр йæхи уæзданæй февдисы. Фыццаг нуазæн уымæ куы радтон, уæд цыма не ’хсæн йæхицæй хистæр агуырдта, уый хуызæн ныл йæ цæст ахаста, стæй йæ хъуыды æргомæй дæр загъта:

Мæнæй хистæр дзы ничи ис?

Куы зæгъын, Дзенагойæн й1 алы уæнджы алы ’гъдау ис, æндæр æй йæхæдæг дæр зыдта, нæ хистæр кæй у, уый, фæлæ ма ноджыдæр иу хатт йæ уæздандзинад равдыста. Йæ сыкъайыл уæлдæр схæцыд, йе ’ргом Сидæны ’рдæм аздæхта æмæ кувын райдыдта. Мах алы куывды фæстæ дæр, цас æмбæлд, уымæй хъæрдæрæй «аммен» кодтам, уымæн æмæ доны уынæрыл фæуæлахиз уæвын хъуыд. Хуыцауы номыл сидт иууылдæр банызтам.

Ныр ахуыйæн акæнут,— дзуры нæм Дзенаго,— æмæ нæ фæндаг дарæм.

Чи куыд арæхст, афтæ тагъдгомау февнæлдта æмæ уайтагъд фынджы уæлдæйттæ тухынмæ фæдæн.

Бæрзонддæр ран сæ æрцауындз, кæннод исты сырд фæзынынæй тæссаг у,— дзуры мæм Майрæм.

Мæнæн мæхи зæрды дæр афтæ уыд, æмæ, бæрзонддæр цы къалиумæ æххæссыдтæн, ууыл сæ ’рцауыгътон.

Хуыцау, фæндараст нæ фæкæн,— нæ разæй ацæугæйæ загъта Дзенаго.

Мах дæр æй бафæзмыдтам. Майрæм Сидæны дон кæй хуыдта, уый сæрты бахызтыстæм æмæ йæ галиу былгæрæтты дынджыр дурты сæрты хизгæ фæуæлæмæ кодтам. Дон калди цæссыджы хуызæн сыгъдæгæй. Мæ къух дзы атъыстон æмæ цыма ихдон уыд, афтæ мæм фæкаст. Иуцасдæр куы ауадыстæм, уæд нæ алчи йæ бынат æрцахста. Æппæты разæй фæци Майрæм. Сидæнмæ фæндаг кæй зыдта, уый, йæхимæ фæндагамонæджы ныфс кæй ссардта, уымæй дæр бæрæг уыд. Йæ фæстæ — мæхицæн дæр æнæнхъæлæджы уыд, афтæмæй — æрлæууыдтæн æз.

Хохы бирæ хæттыты уыдтæн. Мæ мадырвадæлтæм-иу мæйгæйттæ дæр фæдæн æмæ-иу къæдзæхтæм арæх схызтæн. Мæ мадырвадæлты лæппутимæ дæр, сæ сыхæгтимæ дæр. Фадат-иу мын куы фæци, уæд та-иу иунæгæй дæр абалц кодтон. Куы ничи-иу мæ хъыгдардтаид, уый-иу мæ фæндыд æмæ-иу арæх иунæгæй, уымæй размæ лæппутимæ дæр кæдæм никуы схызтæн, уыцы бæрзæндтæй дæр ракастæн. Æмæ мæхимæ иу ахæм миниуæг раиртæстон. Улæфгæ-улæфгæ-иу куы цыдтæн, уæд-иу тагъддæр бафæлладтæн, фæлæ-иу сабыргай, æнæулæфгæйæ куы цыдтæн, уæд мын-иу уæлдæрмæ схизын бантыст, бæрзонддæр рындзæй-иу ракастæн.

Майрæмы баййафыныл нæ архайдтон, искæй разæй фæуынмæ нæ тырныдтон, афтæмæй дыккаг бынаты ныффидар дæн æмæ, куы фæхæрдмæ кодтам, уæдæй сахатæй фылдæр рацыд, уæддæр мæ разæй дæр ничима фæци, йæ разæй дæр никæмæн ма фæдæн. Искуы-иу хатт-иу Майрæм æрлæууыд, йæ алыфарс-иу акæстытæ кодта, фæлæ йæ сæййафынмæ никуы бабæллыдтæн. Чысыл дæлдæр-иу æз дæр æрлæууыдтæн æмæ-иу мæ фæллад иунæгæй уагътон. Мæн-иу бафæзмыдтой иннæтæ дæр.

Ноджы ма иу сахат фæцыдыстæм. Сидæны донæн-иу куы йæ иу фарсмæ бахызтыстæм, куы йæ иннæмæ. Иуцалдæр цæхгæр фæхæрдгæнæны дæр бынæй фæуагътам, уæддæр цыма цы æхсæрдзæны æвзаг æрттывта, уымæ нæма фæхæстæгдæр стæм, афтæ мæм каст. Майрæмы ныхæстæм гæсгæ хъуамæ уыцы æхсæрдзæны сæрты рахизырдæм бахызтаиккам, стæй, йæ сæрмæ цы къæдзæх зынди — уымæй бæрзонддæр йæ фæстæ хох нал уыд — уый фæстæты æрзылдаиккам æмæ рæгътыл фæбынмæ кодтаиккам.

Куыддæр фыццаг хатт Сидæны доны сæрты æрбахызтыстæм, афтæ нæм дзæбæх разындысты æхсæрдзæнтæ. Чи дзы стырдæр уыд, чи — къаддæр, фæлæ мæм дзы æппæты уæллагæй даргъдæр никæцы фæкаст. Цыма кæм фæбынмæ кодта, уырдыгæй фалæмæ фæз уыди, афтæ зынди. Куыд уæлдæр цыдыстæм, афтæ мæм раздæры хуы-зæн бæрзонд нал каст, хатгай та-иу мæм зынгæ дæр нал кодта. Ахæм заман-иу нæ, зæгъæн ис, æмæ æмхæрд къултыл хилын бахъуыд. Хуыцау хорз, æмæ дзы бæрзонд æмæ уидагджын кæрдæг зад, æмæ-иу адæймаг уыдон æххуысæй куы йæ иу къах, куы йæ иннæ къах зæххæй фæхицæн кодта. Цыфæндыйæ дæр кæрдæг кæрдæг у, стæй алы кæрдæг мæрыл иухуызон уидæгтæй баст нæу æмæ куы стыдтаид, уæд мæ зыв-зыв сæрсæфæны ссыдаид. Æмхæрд къæдзæхы фахсыл быргæйæ-иу мæ размæ исты къудзи кæнæ бæласы тала куы фæци, уæд ыл-иу æдæрсгæйæ фæхæцыдтæн. Æрмæстдæр-иу уæд сулæфыдтæн мæ риуы дзаг, æрмæстдæр-иу мæм уæд æрцыд иучысыл мæ улæфт суадзыны зонд.

Майрæм дзæвгар адард. Фадат мын-иу кæм фæци, уымиу фæстæмæ ракастæн. Уæлдайдæр та-иу тæссагдæр рæттæй куы раирвæзтæн, уæд. Ме ’мбæлццæттæм мæ зæрдæ ’хсайдта. Мæхицæн ахауынæй кæм тарстæн, уырдыгæй-иу куы аирвæзтысты, уæд та-иу мын иуцасдæр фенцондæр, мæ лæф-лæф-иу фæсабырдæр æмæ та-иу дарддæр мæ цæуыны куыст кодтон.

Къæдзæхтыл дзæвгар фæхилыны фæстæ та ногæй доны былмæ рахызтыстæм. Майрæмы дынджыр тъæпæн дурыл йæ фарсыл хуысгæ сæййæфтон. Йæ бинокль бæрзонд къæдзæхы хъæбысмæ сарæзта æмæ æнæзмæлгæйæ иудзæвгар фæкасти. Уæдмæ нæ иннæтæ дæр сæййæфтой.

Исты дзы зыны? — фæрсы йæ Дзенаго. Майрæм ницы дзуапп радта. Рацыд ма иучысыл рæстæг, æмæ Майрæмы дзурын райхъуыст:

Уалæ йер фæзынди. Нæл дзæбидыр... Кæм, кæм, зæгъгæ, йæ алыфарс амбырд стæм.

Ацырдæм æрбацæуы.

Мах иууылдæр, бинокль кæдæм арæзт уыд, уыцырдæм азылдыстæм, фæлæ нæ никæй цæст ницæуыл æрхæцыд.

Æмбал дæр ма йын фæзынд,— нæ цымыдисдзинадыл бафтыдтой Майрæмы ныхæстæ.

Скæс-ма сæм, куыд дзæбæх зынынц, уымæ! — æмæ мæм йæ бинокль æрбадардта.

Майрæм кæдæм каст, уырдæм æй фæцарæзтон, фæлæ дзы къæдзæхтæ йедтæмæ ницы федтон. Майрæм мæм хæстæгдæр æрбацыд æмæ мын мæ бинокль дзæвгар рахизырдæмдæр азылдта æмæ та мæм æй радта. Фæракæсбакæс та кодтон, фæлæ дзы змæлæджы мыггагæй ницы раиртæстон æмæ йæ Генæмæ радтон. Уый сæ уайтæккæ дæр ауыдта.

Иу дзы къæдзæхдуры фæстæмæ бацыд,— цыма нын йæ ныхæстæ дзæбидырты фенынæн исты æххуыс фæуыдаиккой, уый хуызæн дзырдта Генæ.— Иннæ дæр æй бафæзмыдта... Фæстæмæ та рацыдысты.

Куыддæр уыцы ныхæстæ загъта, афтæ бинокль Дзенагомæ авæрдта. Куыд бамбæрстон, афтæмæй сæ Дзенаго æмæ Дзыбын куынæуал феной, уымæй фæтарст. Дзенагойæн амонын ницы хъæуы. Биноклæй кæдæм кастысты, уыцы бынат уайтæккæ дæр райардта. Куы ницы дзырдта, уæд æй Генæ афарста:

Уыныс сæ?

Тынг хорз.

Дзыбын дæр сæ куы федта, уæд ма æз дæр иу хатт акæсыныл бафæлвæрдтон. Цал уыдысты, уалæй мын фæцамыдтой, кæдæм кæсыи хъæуы, уый, фæлæ, марадз-зæгъай, кæд дзы дзæбидыры хуызæн къæдзæх дæр федтон. Нæ сæ уыныс, нæ сæ уыныс, зæгъгæ, мæ баййардтой, фæлæ, кæд мысгæ исты æркодтаин, æндæр мæ бон ницы зæгъын уыд...

Мæ зæрдыл, партион газеты куы куыстон, уыцы рæстæджы хабæрттæ æрлæууыдысты. Иу уаты кæимæ бадтæн, уый нозтыл æнувыдгомау уыд. Иу хатт та йæм редактор ныууырдыг, куысты рæстæг цæмæн банызтай, зæгъгæ. Уый ныллæууыд: нæ банызтон. Редактор æй куынæуал уагъта, уæд ын афтæ зæгъы: «Кæд мæхиуыл мысгæ æркæнон, æндæр нæ банызтон!» Уыйау, кæд сын гæды ныхæстæ ракодтаин, æндæр ницы федтон æмæ, куыд уыди, афтæ кæронмæ дæр дзырдтон...

Æппæты бæрзонддæр æхсæрдзæн дæр бынæй аззад. Куыддæр йæ уæлæты æрзылдыстæм, афтæ арвы нæрын райхъуыст. Майрæм, уалæ ууылты Цъæймæ ныххизæн ис, зæгъгæ, цы хохæй загъта, уый сæрмæ сау мигътæ æрбацыдысты. Арвы цъæхыл æнауæрдонæй лæгæрстой æмæ лæгæрстой. Гæрæхтæ фазтыхджындæр сты. Комæй дымгæ ныффутт кодта. Рæстæгбæрæггæнджытæ хорз боныхъæдæй зæрдæ ’вæрдтой, стæй абон райсомæй фæстæмæ дæр хур йæ кæсынæй нæ банцад æмæ уæлæфтауæй, пæлæзæй мемæ ницы рахастон. Иннæтæй кæмæ пæлæз уыд, кæмæ — цы. Дзенаго æмæ Дзыбын та ма суанг резинæ цырыхъхъыты дæр рацыдысты.

Фыццаг æртах мыл æрхауд. Уый фæстæ — дыккаг, æртыккаг... Æваст къæртайæ калæгау ныккалдта. Генæ ахæм балцыты иу æмæ дыууæ хатты нæ ацыд æмæ дзаумайæ не ’ппæтæй дæр ифтонгдæр уыд. Мæ гуырыл цыбырдыс цъында хæдон йедтæмæ ницы уыд æмæ рагацау мæхи алцæмæ дæр æрцæттæ кодтон, фæлæ Генæмæ уæлдай пæлæз куы разынд, уæд мæхи амондджыныл банымадтон. Мæ хид къоппæй калд, мæ хæдонæй иу гæбаз хус нал уыд, афтæмæй мæ тæрккъæвдатæн сæ тыхджындæр æрцахста. Кæй фæрынчын уыдзынæн, ууыл мисхал дæр дызæрдыг нал кодтон.

Иу ссæдз минуты бæрц арв æмæ зæхх кæрæдзийы фæхостой. Сидæны дон уыцы змæстæй бынмæ лæбурдта. Æхсæрдзæнты уынæр фæтынгдæр. Уарын æнцайын райдыдта. Дымгæ дæр фæсабырдæр. Мигъты скъуыдтæй хур разынд. Ставд æртæхтæ лыстæгтæй раивтой æмæ хуры тынтæм æрттывдтытæ калдтой. Рацыд ма иуцасдæр рæстæг, æмæ къæвда бынтондæр банцад.

Ног та сагъæсты бахаудыстæм. Дывæндтæ кодтам, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд раст нæ уыдзæн, уымæн æмæ нæм фæндтæ дыууæйæ фылдæр уыд. Цал уыдыстæм, уалырдæм хæцыдыстæм. Мæн фæндыди цыфæндыйæ дæр дзуары бынмæ бацæуын. Майрæмы коммæ куы бакастаиккам, уæд хъуамæ фæстæмæ аздæхтаиккам. Генæ иу къæдзæхы бынмæ бацамыдта, уым, дам, лæгæты хуызæн зыны æмæ кæд æцæг афтæ у, уæд не ’хсæв уырдæм бахæссæм, бон цъæхтæ куы байдайа, уæд та дзуары бынмæ ныццæудзыстæм.

Мæнмæ гæсгæ та, куыд цыдыстæм, афтæ цæуæм,— бамбарын кодта йæ хъуыды Дзенаго,— кæм ныл баталынг уа, уым бахсæвиуат кæндзыстæм, арт скæнæн кæмфæнды дæр ис, стæй, Генæ куыд зæгъы, афтæ сæумæцъæхыл дзуары бынмæ араст уыдзыстæм.

Дзыбынæй æнцондæр фæндагыл нæ ничи’ рлæууыд. Ацы донластæй, дам, кæдæм цæуæм, хъæд нæ быны, арт скæнæм, нæ дзаумæттæ схус уыдзысты, уæдмæ изæр дæр кæндзæн æмæ æхсæв-бонмæ арты фарсмæ фæбаддзыстæм. Фæндæттæ иууылдæр куы сбæрæг сты, уæд дзы æз æмæ Дзенагойæ хæстæгдæр кæрæдзимæ ничи бацыд. Æрмæст мæ фæндоны уыдис иу хицæндзинад. Дзенаго æмæ Майрæмы ныхæстæм гæсгæ дзуары бынмæ ацæуæн уыди дыууæ фæндагыл: иу — къæдзæхы фæстæты æрзилгæйæ, иннæ та — хъæдыл комкоммæ рагъмæ схизгæйæ, фæлæ, дам, хæстæгдæр фæндагыл зындæр цæуæн у, уæлдайдæр къæвдайы фæстæ. Мæ нымадмæ гæсгæ та къæвдайы фæстæ æнцондæр цæуæн иу ран дæр нæ фæци æмæ иууылдæр хъæдыл ацæуыныл сразы сты. Уыцы фæндаг та — фæндагæн дзы йæ кой дæр нæ уыди, фæлæ уæддæр — Генæ лæгæт æнхъæл кæм уыди, уый рæзты цыд æмæ, æххæст уый дæр фенæм, зæгъгæ, дынджыр дурмæ нæ ных сарæзтам. Иу афон куы уыд, уæд æм æрхæццæ стæм. Лæгæтæн дзы йæ кой дæр нæ разынд, дынджыр дур цы уа, уый уыди. Дыууæуæладзыгон хæдзары йас дуры — кæцы къæдзæхæй рахауд æмæ кæд — Хуыцау йæ зонæг — лæгæт нæ, фæлæ, лæг йæ къах кæм атъыстаид, ахæм байбын дæр нæ уыд. Æз ма йæ алыфæрсты дæр æрзылдтæн, кæд дзы æндæрырдыгæй, лæг дзы йæхи кæм бафæсвæд кæна, ахæм бынат ис, зæгъгæ, фæлæ никуы æмæ ницы. Дарддæр ацыдыстæм. Æнахъинондæр фæндæгтæ зын æрхъуыдыгæнæн уыд. Иу къахдзæф дзы æдæрсгæйæ нæ акодтаис. Къæвдайы фæстæ лæгбæрзæндæн хъамылы цæугæйæ цы тухитæ кæнын хъуыд, уый алчидæр бамбардзæн, фæлæ кæуылты цыдыстæм, уым къæдзæхдурæй азмæлæн нæ уыди æмæиу кæм дæ къах дыууæ дуры æхсæн фæуыдаид, кæм-иу дзыхъхъы ныххаудаис, кæм та-иу цъымарайы аныгъуылдаис — уыдис дзы ахæм рæттæ дæр.

Æппынæрæджиау, бæрзонд къæдзæхы фæстæты æрзилгæйæ цы рæгътæм бахызтаиккам, уырдæм схæццæ стæм, фæлæ дзы ницы уæлдай æнцондзинад федтам. Уæддæр цыдыстæм æмаг цыдыстæм. Нæ раздзæуæджы хъуыдымæ гæсгæ нын дзуары бынмæ схæццæ уæвын афон уыди. Ахæм заман куыд вæййы, афтæ та махæй дæр алчи алы ныхас кодта. Чи загъта, æгæр уæлиæутты æмæ дард ацыдыстæм, чи загъта, комырдæм æгæр раджы фæзылдыстæм æмæ доны хъæр афтæ хæстæгæй уымæн хъуысын райдыдта, чи — цы. Бынтон æндæр зондыл хæст уыдис Дзенаго. Уый хъуыдымæ гæсгæ коммæ раздæр фæзилын хъуыд, фæлæ йæм хъусæг нæ фæци. Майрæм размæ цæуыныл нæ ауæрста. Дзенаго айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ, йæ къалиутæ зæххы æмбуарæй цы нæзыйæн райдыдтой, уый сæрмæ асинтыл хизæгау æнцонæй схызт æмæ дæлæмæ акаст. Кувæндоны тъæпæн фæз æм дзæбæх разынд æмæ нын бамбарын кодта, иуцасдæр нæ фæстæмæ раздæхын кæй бахъæудзæн.

Уæдмæ Майрæм агуринаг фæци. Радыгай йæм хъæр кæнын райдыдтам, фæлæ нын дзуапдæттæг нæ уыд. Дзенаго цы бæласæй æрхызт, уырдæм мæ бырын бахъуыд. Ацы хатт мæ хъæрæн дзуапп æрбайхъуыст. Фæстæмæ раздæхын кæй хъæуы, уый йын бамбарын кодтон æмæ иуцасдæры фæстæ хæмпæлты æхсæнæй разынди. Ацы хатт разæй ацыд Дзенаго æмæ æппынфæстаг дзуары быны фæзмæ рахызтыстæм. Дзенагойы ныхæстæм гæсгæ дзы иу дзуарæн нæ куывтой, фæлæ цалдæрæн. Иу дынджыр пæлæхсар нæзыбæласы бын та, дам-иу дзы Мадымайрæмы ном ссардтой.

Сидæны фæзмæ куы бацыдыстæм, уæд дзы фыццагдæр фенынæнхъæл цы уыдтæн, уый — цардахъхъытæ. Цардахъхъытæ æмæ Мадымайрæмы бæлас, стæй стыр цавддур. Цæвиттон, ацы кувæндонмæ сылгоймагæн цæуæн нæ уыд, фæлæ, дам, иу хатт иу ус æгъдау фехæлдта æмæ Сидæны бынмæ ссыди. Дзуар ын æй нæ ныххатыр кодта, æмæ цавддур фестад. Уыцы диссæгтæ фенынмæ дардæй дæр бæллыдтæн, кæм уыдысты, уырдæм куы ссыдтæн, уæд та мæ цымыдисдзинадыл бынтондæр базыртæ базад æмæ алырдæм цыппæрдзæстæй кастæн. Стыр дуртæ æмæ дзы пæлæхсар нæзыбæлæстæ уыдис цалдæргæйттæ, цавддур æмæ дзы Мадымайрæмы кувæндоныл кæцы нымадтой, уый бацамонынмæ Майрæм æмæ Дзенагомæ æнхъæлмæ кастыстæм, фæлæ дзы бæлвырддзинад ничи зыдта. Цардахъхъытæ та рæстæджы амæттаг баисты. Ранæй рæтты ма бæрзонд хæмпæлтæй сæ хæлд бындуртæ зындысты. Бæрзонддæр цы дур уыд, уый сæрмæ обаугонды ’рдыгæй æнцонæй бацыдыстæм. Нæ фынг уым æрæвæрынмæ хъавыдыстæм, фæлæ нæ Дзенаго нæ бауагъта. Æппæты стырдæр бæласы бын æцæг фынджы хуызæн цы тъæпæн дур уыд, уый уæлхъус æрлæууыдыстæм. Йæ кувинæгтæ систа Майрæм. Райхæлдтон æз дæр ме ’ртæ ’ртæдзыхоны æмæ æртæ фæрсчы. Иннæтæ дæр сæ хызынтæ ’вдæлон кæнынмæ фесты. Ацы хатт кæстæриуæг кæнынмæ Дзыбын фæраздæр æмæ, цы сыкъайæ скуывтам, уым арахъхъ рауагъта æмæ йæ Дзенагомæ радта. Дыккаг сыкъа та Майрæммæ дæттынмæ хъавыд, фæлæ йæ нæ райста, дыууæ ’фсымæрæй, дам, фæрсæй-фæрстæм лæууын аив нæу, æмæ йæ уæд Генæ райста. Æртыккаг та мæнæн исгæ æрцыд. Дзыбын мæнæй цалдæр мæйы кæстæр уыд, стæй ма уымæй уæлдай йæхимæ уырдыгыстæджы хæстæ дæр райста æмæ йæм куы ’рхатыдаин, уæддæр нуазæн нæ райстаид.

Дзенаго йе ’ргом скæсæны ’рдæм раздæхта æмæ кувын райдыдта:

Хуыцау, табу дæхицæн уæд! Зæхх дæр ды сфæлдыстай, арв дæр ды сфæлдыстай æмæ, арвæй зæххы ’хсæн цы бирæ хорздзинæдтæ ис, уыдонæй нын хай бакæн. Нæ фыдæлтæ дæр дæм æртыгай чъиритæй куывтой, æртæ чъирийы нæ разы ис, æмæ дын барст фæуæнт. Хуыцау, де сконд зæдтæ æмæ нæ дауджытæн се ’ппæты хорзæх дæр уæд! Чи ацахода, уымæн та уæлдай хæрзтæ ракæн!

Мах алы куывды фæстæ дæр, куыд æмбæлд, афтæ «аммен!» кодтам. Дзенаго аходæггаг цæмæдæр гæсгæ мæнмæ æрбадардта, фæлæ йын æз Дзыбынмæ ацамыдтон. Ацахуыста дзы, цалдæр æртахы ма дзы рауагъта æмæ йæ фæстæмæ хистæрмæ радта.

Æртæдзыхон æмæ фыдæй дæр ацаход,— дзуры йæм Майрæм.

Дзыбын уыдонæй дæр ацахуыста. Хуыцауы тыххæй не ’ппæт дæр банызтам. Дыккаг сидт Сидæны номыл рауагъта.

0 сыгъдæг Сидæны дзуар! — загъта Дзенаго æмæ, цы бæласы цур лæууыдыстæм, раздæр уырдæм скаст, стæй разылд, цардахъхъыты хæлддзæгтыл йæ цæст ахаста æмæ дарддæр дзырдта: — Табу дæхицæн уæд! Нæ фыдæлтæн бирæ хорздзинæдты бацыдтæ æмæ мах дæр — де уазæг! Стырæй-чысылæй дыл нæхи фæдзæхсæм. Фыдбылыз æмæ нæ æнамондæй бахиз. Дæ бынмæ кæй нал æфтæм, уый тыххæй та нын хатыр бакæн. Дæ номыл куывдтæ аразæм, нывæндтæ кæнæм. Алы аз дæр дæ æрымысæм. 0 Сидæны Мыкалгабыртæ, рæсугъддæр æмæ дæм сыгъдæгдæрæй кæй куывд фæхæццæ, уый æмбал мæ ныхæстæ дæр фæуæнт!

Æртыккаг сидт бæркады тыххæй зæгъын бахъуыд, уымæн æмæ ныл ихæнриз бахæцыд, хуры та æрныгуылынмæ бирæ нал хъуыд, стæй ныл къæвда куы нæ ’рцыдаид æмæ сæумæрайсом куы уыдаид, уæддæр ахæм фæндагыл лæгæн йæхи нозтæй хъахъхъæнын хъуыд.

Тагъдгомау нæ хæринæгтæ æрбамбырд кодтам æмæ нæ фæндагыл адардтам. Цалынмæ нæ цæст уыдтаид, уæдмæ нæ цæуынæй банцайынмæ нæ хъавыдыстæм. Æхсæвиуат та хъуамæ бакодтаиккам, куыд бадзырдтам, афтæ: кæм ныл æрталынг уыдаид, уым.

Хæрдмæ хилын нæ нал хъуыд, фæхстыл дæр нал цыдыстæм, фæлæ нын уырдыгмæ цæуын къаддæр зын нæ уыд. Уыцы хъæды хæмпæлтæ æмæ къудзиты æхсæнты къæдзæхдуртыл къуырдтытæгæнгæ бабызы цъиутау кæрæдзийы фæдыл ныххал стæм, афтæмæй æнæрлæугæйæ цыдыстæм æмæ цыдыстæм. Хур бæрзонддæр хохы фæстæмæ ныттылд, фæлæ йæ тынтæ скæсæнырдыгæй хохы фахсыл сæрттывтой æмæ нын уый нæ ныфсыл бафтыдта. Æрлæууæм æмæ иучысыл уæддæр аулæфæм, зæгъгæ, ахæм кой нæ иумæ дæр нæ уыд, уымæн æмæ нæм Æрыдоныдон, иуæй, зынгæ ракодта, иннæмæй та нæм йæ хъæр дæр хъуысын райдыдта. Цæстытæ цы уыдтой æмæ хъустæ цы хъуыстой, уый фæрцы нæ тыхыл тых бафтыд, нæ ныфсыл — ныфс æмæ кæд тынг фæллад уыдыстæм æмæ æндæр уавæрты иу къахдзæф акæнынхъом дæр нал уыдаиккам, уæд ныр тырныдтам æрмæстдæр размæ. Цыфæнды зынæй дæр, цалынмæ цæст уыдта, уæдмæ ныйирвæзын хъуыд доны былмæ, кæннод нæ хъуыддаг сæ хæрзтæй нæ уыдаид. Арвыл æмбæлæг арт куы скодтаиккам, уæддæр нæ æнæфæрынчынæй иу дæр нæ баззадаид. Ме ’мбæлттæй мæнæй бæгънæгдæр ничи уыд. Мæ цыбырдыс цъындахæдон куы хидæй, куы къæвдайæ цалдæр хатты ныххуылыдз æмæ та-иу фæстæмæ мæ уæлæ бахус. Нæ амонд уыд, æмæ иу ран бирæ никуы бафæстиат стæм. Змæлгæйæ та адæймагмæ уазал къаддæр хъары.

Æрыдоныдоны хъæр ноджы тынгдæр хъуысын райдыдта, стæй йæм цыма бирæ цæуын дæр нал хъуыд, не ’ппæтмæ дæр афтæ каст æмæ нæ цыд иучысыл дæр нæ фæсындæгдæр кодтам. Фæлæ йæ бæллæх цы уыд: нæ алыфарс талынгæй-талынгдæр кодта. Скæсæнырдыгæй хуры тынтæ ахуыссыдысты. Арвыл иугай стъалытæ фæзынд. Иу сахаты æрдæг ма талынг уæддæр куы бафæстиат уыдаид, уæд, чи зоны, фаллаг фарсмæ бахызтаиккам...

Бынтондæр æрталынг. Арв, цыма стъалыйæ цыдæриддæр ис, уыдон иууылдæр ссыгъдысты, уыйау цæхæртæ скалдта. Уыимæ нæ сæрмæ афтæ сыгъдæг æмæ цъæх уыд, æмæ цæст рæвдыдта. Æнхъæлдтон, мæйы скæсынмæ бирæ нал ис æмæ нæ хъуыддаг цæуы: нæ развæндаг уынын райдыдтаиккам æмæ нæ цыдыл дæр бафтыдаид, фæдзæгъæлæй тас дæр нын нал уыдаид, фæлæ мæ уыцы хъуыды æргомæй куы загътон, уæд дзы мæ хуызæн зондыл хæст иу дæр нæ разынд, мæй, дам, зæронд у æмæ йын арвыл фæзынынæй тас нæу.

Нæ мæ бауырныдтой уыцы ныхæстæ. Цыма мæйы фæзындмæ бирæ нал баззад, афтæ мæм каст æмæ арвмæ арæхæй-арæхдæр кæсын райдыдтон, куыддæр фæзына, афтæ сæм хæрзæггурæггаг фæуыдзынæн, зæгъгæ. Иу хаттæй мæм-иу иннæ хатмæ арв цъæхдæр æмæ рухсдæр фæкаст, фæлæ рæстæг цыд, мæй та никæцæй зынд. Цыфæндыйæ дæр доны хъæрыл æфтыди. Уый та, хæстæгæй йæм хæстæгдæр кæй цæуæм, ууыл дзырдта æмæ кæд цыфæнды куырмæджы цыдыстæм, уæддæр нæ «хъыбыллæйыл» æууæндыдыстæм æмæ йæ коммæ кастыстæм.

Майрæм фæндагамонæджы бынат никæмæн радта, стæй йын æй исынмæ дæр ничи хъавыд. Æрмæст-иу чысыл куы фæраздæр — ныр бирæ раздæр цæуæн нал уыд, уымæн æмæ йæ уынгæ дæр нæ кодтам, йæ уынæр дæр нæ хъуыст — уæд-иу æм фæхъæр кодтам, цы фæдæ, зæгъгæ. Уый дæр-иу нын дзуапп радта æмæ та-иу мах дæр йæ фæдыл куырм галтау пыхсытæ æмæ бæлæсты къалиутæй нæ цæстытæ хъахъхъæнгæйæ, хъæр кæцæй райхъуыст, уыцырдæм азылдыстæм. Майрæмæн, цал уыдыстæм, уалæй бæргæ дзырдтам, дыууæ-æртæ къахдзæфы раздæр йедтæмæ ма цу, зæгъгæ, фæлæ нæм иу хатт дæр нæ байхъуыста. Æз Майрæмы фæстæ дыккаг уыдтæн, æмæ-иу мæ размæ цавæрфæнды цæлхдур куы фæци, уæддæр-иу æй мæ фæстæцæуæгæн — мæ фæстæ та-иу куы иу цыди, куы — иннæ — бамбарын кодтон. Дзурыны сæр та-иу мæ, зæгъæн ис, æмæ алы къахдзæфæн дæр бахъуыд, уымæн æмæ-иу кæм фæлдæхт бæлас февзæрд, кæм сындз къутæр, кæм дурты æхсæн ныххауæн.

Иу заман та Майрæм, æвæццæгæн, дзæвгар аразæй æмæ нæ хъæртæн дзуапп нал лæвæрдта. Æз уæддæр куырмæджы, кæм ын æнхъæл уыдтæн, уыцырдæм зæрдаивæй цыдтæн. Иу-фынддæс санчъехы акодтаин, афтæ та йæм дзурын, фæлæ та мын дзуапп нæ радта. Уæддæр цæуын æмæ цæуын. Мæхинымæр æм мæсты кæнын райдыдтон. Цал æмæ йын цалæй загътам, æгæр тагъд ма цу, стæй дæм куы дзурæм, уæд дзуапп дæтт, зæгъгæ, уæддæр æм ныхас нæ хъардта. Ногæй та йæм — ацы хатт ноджы хъæрдæрæй — фæдзырдтон. Йæ уынæр мæм дæлæуæзæй сыхъуыст.

Майрæм! — сдзырдтон æм æз.

Былæй ахаудтæн,— уæрмæй дзурæгау райхъуыстысты йæ æнæбон ныхæстæ.— Хуыцау хорз, æмæ ма бæласы къалиуыл фæхæцыдтæн, æндæр къуыбылеццытæгæнгæ сæрсæфæны балæууыдаин.

Махæй йæ никæй æххуыс бахъуыд. Иу-æртæ метры бæрц йедтæмæ нæ ныххауд æмæ тыхтæ-амæлттæй фæстæмæ схылд.

Ницы ныццавтай? — бафарста йæ Дзенаго.

Хистæр куы нæ уаис, уæд дын æй зæгъин, кæм ныццавтон, уый, фæлæ мын, æнхъæлдæн, æмæ ницы уыди...

Бæргæ дын дзырдтам, куыд дæ æййафæм, афтæ цу, зæгъгæ...

Майрæм рахизырдæм ссæндгæ ацыд.

Былгæронмæ ныххизæн ссарын хъæуы,— загъта

Майрæм æмæ та иуцалдæр къахдзæфы махæй аразæй. Арвыл стъалытæ кæд цыфæнды æрттывд кодтой, уæддæр дзы махæн ницы пайда уыд. Нæ фæндагæй нæм иу къахдзæфы бæрц дæр нæ зынди. Мæйæн та, ме ’мбæлттæ куыд загътой, афтæмæй йæ был дæр никæцæй разынд. Нæ амонд уыд, æмæ доны хъæр хъуысти æмæ цыфæнды дзæгъæл куы фæуыдаиккам, уæддæр нæ Æрыдоныдоны уынæр йæхицæй дард нæ ауагътаид æмæ раджы уа-æрæджы — йæ былмæ фæндаг ссардтаиккам. Нæ хурхы нарæгмæ та ма нæ цы скодта: нæ дон фæци æмæ не ’взæгтæй нæ былтæ ахуылыдз кæнын дæр нæ бон нал уыд.

Цас ма фæцыдаиккам, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ иуахæмы Сидæныдонмæ æрбахæццæ стæм. Иууылдæр дон нуазынмæ фестæм. Иу лæгæй æз мæ дойныйæн басæттын æнхъæл нал уыдтæн æмæ мæ дыууæ армытъæпæнæй нызтон æмæ нызтон. Мæхицæн амæлынæй куынæуал тарстæн, уæд мæ астæу сраст кодтон æмæ æхсызгонæн сулæфыдтæн. Иннæтæй алкæмæ дæр сыкъа уыд æмæ, нызт куы фесты, уæд ма сыкъайæ дæр цалдæр банызтон.

Сидæныдонмæ бæргæ ’рбахæццæ стæм, фæлæ та йæ сæрты бахизæн нæ разынд: æгæр арф æмæ фæтæн уыд. Хæрдмæ цæуын нæ бахъуыд. Ссардтам стыр дурты сæрты фаллаг фарсмæ бахизæн. Бæлæсты æхсæнты къæдзæхдуртыл, æмдзæхгæр тæссæрттыл тыхтæ æмæ амæлттæй Æрыдоныдоны. былмæ ныйирвæзтыстæм. Иу-фондзыссæдз сардзины ма уæрджытæм бæрзæндæн кæрдæджы фæцыдыстæм æмæ нæ зонгæ нæзыбæласы цур æрлæууыдыстæм. Спичкæ ссыгътон æмæ сахатмæ æркастæн. Бонæй куы фæхæрдмæ кодтам, уæд дæр уыди ссæдз минуты фыццæгæмæй, ныр дæр фатæгтæ амыдтой уыцы нымæцтæ, æрмæст æхсæвы рæстæг. Афтæмæй фæндагыл уыдыстæм æнæхъæн дыууадæс сахаты. Уыдонæй фылдæр-фылдæр æрлæууыдыстæм иу сахаг къæвдайы бын — иу-фондз æмæ ссæдз минуты, дзуары бын та — иу-фынддæс æмæ ссæдз минуты. Ме ’рвад та афтæ загъта, Сидæнмæ, дам, сахат — сахат æмæ ’рдæджы цыдæй фылдæр нæй. Цыфæндыйæ дæр кæрæдзийы нæ бамбæрстам, стæй, Майрæм афтæ куы загъта, уымæй йæм бирæ фылдæр цæуын хъæуы, зæгъгæ, уæд нæ рæдыди.

Нæ дзаумæттæ раивтам. Мæ хуылыдз уæлæдарæс æмæ дзабырты бæсты хустæ куы скодтон, стæй мæ гуырыл цъында хæдоны хъарм куы банкъардтон, уæд цыма ног райгуырдтæн, афтæ мæм фæкаст. Мæ зæнгты дыз-дыз фæцыдæр, мæ фæллад дæр мæм нал хъардта. Нал мын рыстысты мæ цæфтæ дæр. Мæ сæйраг мæт ма уыди дзæбæхæй фаллаг фарсмæ бахизын. Боныгон дæр æдас куы нæ уыдтæн — стæй, мæнмæ гæсгæ, иннæтæ дæр — уæд æхсæвы талынджы тынгдæр куыннæ хъуамæ стъæлфыдаин?! Фæстæмæ цæугæйæ иунæгæй баззадтæн, фæлæ мæ Майрæм иунæг нæ ныууагъта. Иу хатт ма ацырдæм æрбацыд, вагоны мæ сбадын кодта æмæ дыууæйæ дæр фæфале стæм.

Мæ къæхтæ зæххыл куы андзæвыдысты, уæд мæ риуы дзаг сулæфыдтæн æмæ Хуыцаумæ скуывтон: «Табу дæхицæн, сæрæгасæй кæй æрбаздæхтыстæм, уый тыххæй!» Кæд иууылдæр нæ къæхтыл лæууыдыстæм, уæддæр мæ нæ уырныдта, дыууадæс сахаты ахæм тæссаг фæндæгтыл фæцу, цъитийы тæккæ рæбын дæ — æхсæрдзæнæй куы фæуæле стæм, уæд доны былгæрæтты иу-æртæ метры бæрзæндæн миты хъæпæнтæ сусæны мæйы тæвдæн дæр тайын нæ бакуымдтой, афтæмæй цæхгæр лыгауæй урсурсид æрттывтой — тæрккъæвда фæхойæд, хуыдалынджы, адæймаг бонæй дæр æдæрсгæйæ кæм нæ ацæудзæн, ахæм уырдгуыты фæцу æмæ мацы фыдбылызы бахаугæйæ ныхы хуызæн лæгъз фæндагмæ раирвæз. Æрмæст та нæ лæгъз фæндагыл дæр сагъæстæ иу ран нæ ныууагътой. Нæ машинæ нæм æд шофыр Нузалы рынчындоны кæрты æнхъæлмæ каст. Æвæццæгæн, нын Сидæны дзуар кæрæйкæронмæ дæр æххуыс кодта æмæ, фыццагдæр нæ къух цы машинæмæ фæдардтам, уый нæм фæурæдта. Майрæм дзы абадт æмæ, æнхъæл куыннæ уыдыстæм, фæстæмæ афтæ тагъд фездæхт, æрмæст нæхи машинæйы нæ, фæлæ, йæ сæр æхгæд кæмæн уыд æмæ мидæгæй бандæттæ кæм разынд, ахæм уæзласæн машинæйы. Майрæмæн Цъуалыйы милицæйы посты зонгæ разынд æмæ уый машинæйы фæстæмæ фагзылд. Мах тагъдгомау гуыффæмæ сгæппытæ кодтам æмæ цыбыр рæстæгмæ Нузалы балæууыдыстæм. Мæ куысты «Волгæ»-йы Мызурыбынмæ фондзæй абадтыстæм. Уым Майрæмæн хæрзæхсæв загътам — сæхимæ нæ зæрдиагæй хуыдта, фæлæ махæй иу дæр, стæй, мæнмæ гæсгæ, йæхæдæг дæр — хæрынæн дæр æмæ нуазынæн дæр нал уыд æмæ уырдыгмæ фæцагайдтам.

Фæсæмбисæхсæв нæ хæдзары дзæнгæрæджы цæппæрмæ рог æвнæлд фæкодтон. Тимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæнмæ ’нхъæлмæ каст æмæ куыддæр дзæнгæрæджы мæллæг дзинг райхъуыст, афтæ дуар фегом кодта. Дзæбæхæй æрбацыдтæн, уый йæ куы бауырныдта, уæд мæ бафарста:

Куыд уыди уæ балц?

Ахсæв мæ мацæмæй фæрс. Афтæ тынг бафæлладтæн, æмæ мæм дыууæ ныхасы фæд-фæдыл зæгъыны хъару нал ис. Райсом дын æппæт хабæрттæ дæр радзурдзынæн...

Тæвд дон та нæм нæ разынди. Æндæр уавæрты мын тынг зын уыдаид, фæлæ мыл ныр цыма стыр хорздзинад æрцыд, уый хуызæн мæхи æфсоны æхсæдтытæ акодтон æмæ мæ хуыссæн тыххæй-фыдæй ссардтон...


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.